Федералон зылды æхсæнадон-политикон уавæры нывылдзинадæн

0
113

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары цур кусæг советы радон æмбырды. Президенты Æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка сæрдариуæг цы æмбырды кодта, уый сарæзтой видеоконференцийы бастдзинады фæрцы.

Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой Цæгат Кавказы федералон зылды регионты дарддæры æхсæнадон-политикон уавæры нывылдзинады фарстатæм, уæлдайдæр та, Украинæйы зæххыл сæрмагонд уæрæсейаг æфсæддон операци æххæст кæныны æууæлты.
— Уавæр афтæ у, æмæ амынд сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæны фæстæ знаггадхæссæг алыхуызон тыхтæ сæ архайд зынгæ фæхъомысджындæр кодтой, æппæт фадæттæй дæр тырнынц, цæмæй бæстæйы социалон уавæр карзæрдæм ива, цæмæй адæм ныхмæлæуды акцитæм фемхиц уой. Зæгъæм, уыцы знаггадхæсджытæ фæстаг рæстæг та социалон хызæгты парахат кæнынц мæнг хъусынгæнинæгтæ иу кæнæ иннæ уæрæсейаг регионы саразинаг террористон фыдракæндты тыххæй. Афтæ, æрмæст 24 февралæй 11 апрелы онг федералон зылды хицаудзинады оргæнтæм барвыстæуыд саразинаг террористон фыдракæндты тыххæй 100 мæнг хъусынгæнинагæй фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм змæнтæн архайдæн хъæуы аккаг ныхкъуырд дæттын. Уæлдæр амынд мæнг хъусынгæнинæгты фæдыл ныридæгæн арæзт æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ, — йæ раныхасы фæбæрæг кодта Президенты минæвар.
Юрий Чайкайы ныхасмæ гæсгæ, мæнг информаци парахат кæныны ныхмæ куыст арæзт цæуы сæрмагонд пъланы бындурыл.
Президенты минæвар æмбырды архайджыты æргом аздæхта æнæкоммерцион организациты куыстмæ дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уæлдай сæрмагонд цæстдард хъæуы, фæсарæнтæй æхцайы æххуыс чи исы, уыцы æнæкоммерцион организациты архайдмæ.
— Зæгъæм, федералон агентад «Росфинмониторинг»-ы регионалон управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, федералон зылды кусынц, фæсарæнтæй æхцайы фæрæзтæ кæмæн æрвитынц, ахæм 88 æнæкоммерцион организацийы. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæй курæг дæн, цæмæй уыцы организациты архайд бæстон раиртасой. Уыимæ, лæмбынæг æркæсын хъæуы, сæрмагонд æфсæддон операцийы æууæлтæ æмæ нысантæм уыдон цы цæстæнгас дарынц, уымæ дæр, — бафиппайдта Юрий Чайка.
Советы уæнгтæ æрдзырдтой Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй лыгъд адæмæн гуманитарон æххуыс кæныны, Уæрæсейы ныхмæ ныгуылæйнаг бæстæты экономикон гæрæнты фæстиуджытæ лæмæгъдæр кæныны, бюджетон къабазы кусджытæн мызд афойнадыл фидыны, ахуырады системæйы дарддæры нывылдзинады мадзæлттæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Алкæцы хъуыддаджы фæдыл дæр хаст æрцыд бæлвырд уынаффæтæ æмæ снысан кодтой фарстатыл бæрнон чиновникты.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here