Йæ нæртон ном кадимæ фæхаста

0
181

Андиаты Сосланы райгуырдыл æххæст кæны 70 азы

Хуыцау цы æрдз æмæ цæрæгойтæ сфæлдыста, уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи миниуджытæ. Алы цæрæгойы дæр, æвæццæгæн, фæнды, Хуыцау ын цы æрдз балæвар кодта, уый хъæбысы йæ уды дзæбæхæн цæрын. Уый хауы адæймагмæ дæр æмæ зæххон царды рæсугъдгæнæг та адæм сæхæдæг сты. Бæргæ, уый алы адæймаг дæр куы хатид, æмæ куы тырнид, хорздзинад канд йæхицæн нæ, фæлæ кæй æхсæн цæры, уыцы адæмæн дæр аразын.

Нæ абоны цард куыд бирæвæрсыг у, афтæ сты адæймаджы домæнтæ дæр, фæлæ уыдоны ‘хсæн кæдфæнды дæр ахсджиаг бынат ахсынц адæймагдзинад, цæстуарзон, фæлмæнзæрдæ æмæ æнæхин миниуджытæ. Ноджы ма ахæм миниуджыты хицау адæймаг йæ лæгдзинад æмæ курдиатæй канд йæхицæн нæ, фæлæ йæ раттæг адæмæн кадгæнæг куы свæййы, уæд уый вæййы адæмæн ныфсдæттæг, сæ цард сын хуызджындæр æмæ райгонддæр кæнæг. Ахæм нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ сты адæмы фидыц æмæ ныфс. Уыдоны фæхонынц сæ раттæг адæмы уарзон хъæбултæ, скæнынц сыл зарджытæ, сæ нæмттæ та æнустæм баззайынц адæмы зæрдæты æмæ историйы азфысты.
Ирыстон амондджын у ахæм фырттæ æмæ чызджытæй. Уыдон Ирыстоны кад бæрзонд систой царды бирæ къабæзты æмæ нæ ног фæлтæртæн сты фæндагамонæг, фæзминаг хистæртæ.
Гъе, ахæм, æгас дунейы дæр йæ кадджын ном хъуыстгонд кæмæн уыд, уыцы Ирыстоны уарзон хъæбултæй уыд Андиаты Петры фырт Сослан.
Кæуылты сты Сосланы лæггæдтæ æмæ сгуыхтдзинæдтæ Ирыстон, Уæрæсе æмæ æгас Советон Цæдисы спорты сæраппонд!
Сосланæн спорты цы бæрзæндтæм схизын бантыст, уыдон хистæр æмæ астæуккаг кары спортуарзджытæ хорз зонынц. Йæ бирæ сгуыхтдзинæдтæ æрмæст нымайгæйæ дæр адæймаджы дисы бафтауынц!
Хæрз æрыгонæй, 16-аздзыдæй Сослан уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты (18 азы онг) ‘хсæн уæззау уæзы 1-аг бынат бацахста ССР Цæдисы æмæ уæдæй фæстæмæ райдыдта йæ æмбисонды уæлахизты номхыгъд: 1969 азы æрыгæтты ‘хсæн ссис ССР Цæдисы æмæ дунейы чемпион, 1970 азы 1-аг бынæттæ рамбылдта ССР Цæдисы æрыгæтты (18 азы онг) æмæ ссис дунейы чемпион фæсивæды (21 азы онг) ‘хсæн, уымæй уæлдай ма 1-аг бынат рамбылдта Европæйы ерысты дæр æрыгæтты ‘хсæн, 1971 азы фæсивæды ‘хсæн ссис ССР Цæдисы чемпион, 1972 азы фæсивæды ‘хсæн 1-аг бынæттæ бацахста ССР Цæдис æмæ Европæйы, 1973 азы 21 азы карæнæй фыццаг фæсивæды ерысты, уый фæстæ та хистæр спортсменты ‘хсæн ссис ССР Цæдисы чемпион, уый фæстæ дæр Ираны сæйраг горæт Тегераны фæуæлахиз дунеон чемпионаты.
Уый фæстæ ма Сослан дунейы чемпионатты фæуæлахиз æртæ хатты, Советон Цæдисы чемпион æдæппæтæй ссис авд хатты, Европæйы чемпионатты фæуæлахиз 3 хатты, фæйнæ иу хатты уыд дунейы Кубок рамбулæг æмæ ССР Цæдисы адæмты спартакиадæйы уæлахиздзау.
Спорты æппæты кадджындæр æмæ бæллиццагдæр æнтыстдзинадыл нымад у Олимпиаг хъæзтыты фесгуыхын. Уыцы стыр спортивон æнтыст Сосланы къухы бафтыд дыууæ хатты. Йæ фыццаг олимпиаг сыгъзæрин Сослан рамбылдта 1976 азы Монреалы (Канадæ). Уый уыд Ирыстоны спортсменты Олимпиаг хъæзтыты фыццаг уæлахиз. Уымæй цыппар азы фæстæ 1980 азы нæ нæртон Сослан дыккаг хатт ссис, Мæскуыйы цы Олимпиаг хъæзтытæ цыд, уыдоны уæлахиздзау. Йæ уыцы сгуыхтдзинæдтæй уæлдай ма Сослан, фæстæдæр бæрнон бынæтты кусгæйæ, стыр хæрзты бацыд нæ спортивон æмæ æхсæнадон царды къабæзтæн.
Сослан фынддæс азы фæкуыста Цæгат Ирыстоны Физикон культурæ æмæ спорты комитеты сæргълæууæгæй. Уыцы рæстæг нæ республикæйы спортсментæн бантыст бирæ амæй ай стырдæр кады аккаг сгуыхтдзинæдтæ. Ирыстоны фæсивæд уыцы азты æнтыстджынæй архайдтой нæ бæстæйы, Европæйы, дунейы чемпионатты æмæ Олимпиаг хъæзтыты.
Уымæй уæлдай, спорты къорд хуызтæй нæ алы кары спортсментæ кæм архайдтой, уыцы бæрнон ерысты уыдысты хуыздæртимæ.
Сослан йæ сæйраг хæсыл нымадта нæ кæстæр фæлтæрæн спорты сæхиуыл кусынæн æмбæлгæ уавæртæ аразын æмæ йын уыцы хъуыддаджы бантыст бирæ хорздзинæдтæ скæнын.
1990 тыхст азты æгас бæстæйы бирæ спортивон скъолатæн сæ уавæртæ кæй нал амыдтой, уый тыххæй æхгæд куы цыдысты, уæд Сослан йе ‘ппæт тыхтæ сарæзта Ирыстоны уыцы скъолаты куыст бахъахъхъæнынмæ. Чи зоны, Сослан уыцы рæстæг цал æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста уыцы хъуыддагæн фæрæзтæ агургæйæ. Æппынфæстаг ын бантыст уыцы æлхынцъытæ райхалын æмæ скъолатæ сæ куыст кæнынц абоны онг. Уыцы азты ма Сослан йæ æвæрæн бахаста нæ футболон командæ «Спартак-Алани»-йы фесгуыхтмæ. Нæ командæ Уæрæсейы чемпион куы ссис, дыккаг аз та 2-æм бынат куы бацахста, уæд Сослан йæ сæйраг куыстæй уæлдай ма уыд футболон клуб «Спартак-Алани»-йы президент дæр.
Уыцы азты нæ бæстæйы Физикон культурæ æмæ спорты министрад Андиаты Сосланы банымадта Уæрæсейы регионты спортивон разамонджыты æппæты æнтыстджындæрыл. Сослан æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Олимпиаг комитеты уæнгæй. Уыцы ран дæр та Сослан къорд азы зæрдиагæй фæкуыста æмæ йын йæ архайдæн бирæ хæттыты хорз аргъ кодтой комитеты разамонджытæ.
Сослан йæ бирæ сгуыхтдзинæдтæ æмæ лæггæдты тыххæй хорзæхджын ссис бирæ хæрзиуджытæ æмæ кадджын нæмттæй. Йæхæдæг уыдонæй стырдæр хорзæхыл нымадта, адæмы ‘хсæн ын цы кад уыд, уый. Сослан уыд Ирыстоны уарзон фырт канд йæ спортивон æнтыстыты фæрцы нæ, фæлæ йæ рæсугъд уды кондæй. Хæрзæгъдау, цæстуарзон æмæ æрхъуыдыджынæй зонынц Сосланы канд Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр рæтты дæр. Уæдæ йæ æнæхин уды конды кой ныр дæр ма фæкæнынц, кæддæр гауызыл йæ ныхмæлæууæг чи уыд, уыцы богæлттæ дæр.
Гауызыл дунейы тыхджындæр уæззаууæзон богæлттимæ хæцгæйæ, æмбисонды лæгдзинад æмæ арæхстдзинад чи æвдыста, уыцы Сослан йæ æрвылбоны царды адæмы ‘хсæн уыд уæздан, æфсæрмджын, ирон царды æгъдæуттыл иузæрдион. Æгас дунейыл йæ кады ном куы айхъуыст, уæддæр уыд хистæртæн коммæгæс кæстæр, сыхæгтæн цины уа, хъыджы лæггадгæнæг. Æппæт уыцы миниуджыты тыххæй Сослан ссис адæмæн уарзон хъæбул.
Сосланæй хиппæлой ныхас никуы ничи фехъуыста, адæмимæ кæдфæнды дæр уыд æргомзæрдæ. Бирæтæ-иу дис дæр кодтой, куыд бантысы ахæм фæлмæнзæрдæ лæппуйæн амæй-ай уæнгарæстдæр богæлттыл фæуæлахиз уæвын.
Сосланы Ирыстоны цæрджытæ схуыдтой ссæдзæм æнусы хуыздæр спортсмен. Уый дзурæг у, йе стыр сгуыхтдзинæдтæ æмæ йæ Райгуырæн бæстæйæн цы лæггæдтæ фæкодта, уыдон адæмæй рох кæй никуы уыдзысты æмæ йæ ном фæлтæрæй-фæлтæрмæ Иры фæсивæдæн, рухс стъалыйау, уæлахизтæм фæндагамонæг кæй уыдзæн.
21 апрелы Ирыстоны уарзон фыртыл æххæст кæны 70 азы. Хъыгагæн, уыцы бонмæ нал фæцард нæ таурæгъон богал æмæ æрдхæрæны рæсугъд адæймаг Андиаты Сослан.
2018 азы уæззау низ не ‘хсæнæй ратыдта, афтид йæ уындæй дæр йæ алыварс уæвджытæн сæ зæрдæты рухс хъуыдытæ чи гуырын кодта, уыцы нæртон Сосланы.
Æнæмæнг стыр бæрæгбон уыдаид Сосланы 70 азы райгуырæн бон. Кæцæйты йæм не ‘рцыдаиккой йæ бирæ зонгæтæ æмæ хæлæрттæ!
Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм бæрæгбоны арæзт æрцыдаид уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæ дæр.
Сослан адæмы зæрдæты ныууагъта арф æмæ ирд æнкъарæнтæ. Уæдæ цы зæгъæн ис йæ æмбисонды рæсугъд æмæ æнгом бинонтæй. Уыдон сæ уарзон фыд æмæ дадайыл куыд æнувыд уыдысты, йæ алы ныхас дæр сын цы æхсызгондзинад хаста, куыд сæ рæвдыдта æмæ сæ царды раст фæндагыл куыд арæзта, уыдæттæ нымайынц хъысмæты стыр лæварыл.
Сослан æмæ йæ æрдхæрæны бинойнаг Линæйæн Хуыцау радта æртæ чызджы æмæ иу лæппу. Сæ чызджытæ та сын сæ зæрдæ барухс кодтой авд кæстæры кæстæрæй.
Уыдон иууылдæр сæхи стыр амондджын хонынц, ахæм хистæртæ сын кæй ис, уымæй.
Сосланы хистæр чызг Зæринæ: «Мæнæн мæ фыд уыд æппæты зынаргъдæр æмæ хуыздæр адæймаг. Уый махæн никуы ницы бахæлæг кодта. Мах уыдтам, куыд æнæкæрон уарзтæй нæ уарзы, уый æмæ тырныдтам уыцы уарзты аккаг уæвын. Нæ фыд кæд стыр хъуыстгонд æмæ кадджын адæймаг уыд, уæддæр мах нæхи буцдард никуы кодтам. Ууыл нæ ахуыр кодта йæхæдæг. Чысылæй фæстæмæ нæ арæзта ахуыр æмæ фæллойы фæндагыл».
Сосланы астæуккаг чызг Мария: «Мах уыдтам, нæ мад æмæ фыд кæрæдзиуыл куыд æнувыд уыдысты æмæ куыд уарзтой мах, уый. Нæ хæдзары-иу арæх арæзтам хъазтизæртæ. Нæ мад цагъта фæндырæй, Зæринæ фортепианойыл, мах та кодтам кафгæ æмæ заргæ. Арæх-иу нæм уыдысты уазджытæ æмæ уыдонимæ дæр уыд хъæлдзæг. Фæстæдæр махæн сывæллæттæ куы фæзынд æмæ нæ фыд дада куы ссис, уæд уый та ноджы диссагдæр уыд. Сывæллæттимæ хъазынæй цыма фæллайгæ дæр нæ кодта. Уыдон ыл-иу æрæмбырд сты. Суанг ма-иу йæ сæрмæ дæр сбырыдысты, уый та-иу худæгæй марди æмæ сын алыхуызон фокустæ æвдыста».
Сосланы фырт Георги: «Мæхи куы зонын, уæдæй фæстæмæ æдзухдæр уыдтæн мæ фыдимæ. Уый махмæ хъæрæй дæр никуы сдзырдта, афтæмæй йæ æз æмбæрстон йæ иунæг фæкастæй дæр. Йемæ уæвынæй никуы стыхстæн. Уый бирæ уарзта чингуытæ кæсын æмæ-иу санатори, кæнæ æндæр ранмæ иу къуыри æмгъуыдæй куы цыд, уæддæр-иу йемæ аласта 3-4 чиныджы. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ ууыл ахуыр кодта йе ‘фсымæр Сергей.
Нæ фыд йæ куысты цыфæнды мæстджын куы уыдаид, уæддæр нæ хæдзармæ кæдфæнды дæр мидæмæ цыд мидбылхудгæйæ, цæмæй нæ мад æмæ мах ма батыхсæм, уый тыххæй. Æз мæ фыды загъд кæнгæ никуы федтон. Уый бирæ уарзта хæдзары уæвын æмæ мæ хоты сывæллæттимæ хъазын. Абон мæ арæх фæфæнды йемæ аныхас кæнын, мæ куысты хабæрттæ йын радзурын æмæ йæ зондæй бафæрсын».
Сосланы тыххæй сæ мысинæгтæ дзурынц йæ хæлæрттæ æмæ хорз зонгæтæ.
Ходы Æхсарбег, Сосланы сыхаг æмæ æрдхорд: «Мæн-иу арæх фарстой: «Цæй фæрцы бантысы Сосланæн йæхицæй уæззаудæр æмæ хъаруджындæр ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз уæвын?» Æмæ, æцæгæйдæр, уæды рæстæджы йæ ныхмæлæуджытæ уыдысты амæй-ай домбайдæр богæлттæ: Паршуков, Модебадзе, Хасимиков, Бигъаты Барис, Тейлор… Фæлæ-иу, уыдонимæ хæцгæйæ, уæлахиз уыд Сосланы, уымæн æмæ уыдонæй алчидæр зыдта, Сослан гауызыл æвæллайгæ кæй у, техникон æгъдауæй та хæрздзæттæ, æмæ-иу рагацау сæхиуыл сæ зæрдæ нал дардтой.
Сослан-иу фембæлды райдайæны куы хæрд кодта, уæддæр йæ фæразондзинад æмæ рæвдз архайды фæрцы йæ ныхмæлæуджыты афтæ бастайын кодта, æмæ ма-иу сæ къæхтыл тыххæй лæууыдысты.
Ахæм цæттæдзинад рахаста, æрыгонæй йын нæ таурæгъон тренер Дзгойты Аслæнбег куыд амыдта, уый фæрцы. Сослан тынг лæмбынæгæй хъуыста æмæ æххæст кодта нæ уарзон тренеры амындтытæ. Ноджы ма Сослан уыд тынг æрхъуыдыджын. Йæ алы ныхмæлæууæджы гæнæнтæ зонгæйæ, агуырдта сæрмагонд фæрæзтæ æмæ-иу йæ хъуыды фæрæстмæ. Сослан уыд тынг куыстуарзон. Уæззаууæзон уæвгæйæ, згъоргæ уый бæрц кодта, æмæ уымæй рогдæр чи уыд, уыдонæй бирæтæ фæрæзтой зынгæ къаддæр. Уæдæ физикон цæттæдзинадыл дæр цас куыста йæхиуыл, уый алкæмæн не ‘нтыст.
Йæ сæйраг ныхмæлæуджытæ уæды рæстæг иууылдæр уыдысты стыр хъаруйы хицау, фæлæ сыл-иу Сослан фæуæлахиз йæ цæттæдзинад æмæ æрхъуыдыджын архайды фæрцы».
Дзгойты Валери, Сосланы æрдхорд, йæ номыл чиныг рауадзæг: «1964 азы мах: Сослан, Ходы Æхсар, Икъаты Эльбрус, Бæззаты Барис, Саламты Хъауырбег, Хъуылаты Хъазыбег, Æлбегаты Тимур иумæ тренировкæтæм цыдыстæм Дзгойты Аслæнбегмæ, «Динамо»-йы залмæ.
Сосланыл уæд цыд 12 азы, фæлæ афтæ зæрдиагæй куыста йæхиуыл, æмæ не ‘хсæн, тренер нын цы фæлтæрæнтæ лæвæрдта, уыдон уымæй фылдæр хæттыты ничи кодта.
Хъуыды ма йæ кæнын, 1967 азы Грознайы цыдысты æрыгæтты ‘хсæн (17-18-аздзыд) Уæрæсейы спортивон æхсæнад «Динамо»-йы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ. Сослан хæцыд æрдæгуæззау уæзы æмæ уыд йæ ныхмæлæуджытæй 2-3 азы кæстæр. Ацы ерыстæ Сосланæн уыдысты йæ фыццаг стыр фæлварæнтæ. Тæрхонгæнджытæ йæ уадзынмæ нæ хъавыдысты, æгæр æрыгон кæй уыд, уый тыххæй, фæлæ сæ Дзгойты Аслæнбег сразы кодта. Уыцы ерысты Сослан куыд сæрæн хæст ракодта æмæ йæ ныхмæлæуджытыл куыд æнæкъуылымпыйæ фæуæлахиз, уый дисы бафтыдта ерыстæм кæсджыты. Мах дæр уæд бауырныдта, Сосланæн йæ авналæнтæ стыр кæй сты æмæ йын бирæ кæй бантысдзæн, уый».
Юрий Шахмурадов, дунейы чемпион, 1972-1981 азты ССР Цæдисы иугонд командæйы сæйраг тренер: «Сосланы æз зыдтон, сывæллон ма куы уыд, уæдæй фæстæмæ. Мах хорз зонгæ уыдыстæм йæ хистæр æфсымæртæ Геннади æмæ Сергеимæ. 1972 азы мæн нæ бæстæйы иугонд командæйы сæйраг тренерæй куы сæвæрдтой, уæд уыцы аз стыр спортæй ацыд нæ таурæгъон уæззаууæзон богал Александр Медведь. Уый чи раивдзæн уæззау уæзы, ахæм богæлттæ нæм уыдысты Нодар Модебадзе, Сергей Паршуков, Бигъаты Барис… Сосланыл уæд цыд 20 азы, фæлæ йæ мах ССР Цæдисы иугонд командæмæ райстам кандидатæй, уымæн æмæ уыдтам, йæ авналæнтæ стыр кæй сты, уый. Фыццаджыдæр, Сослан уыд æрхъуыдыджын, техникон æгъдауæй тынг хорз цæттæ, гауызмæ рацæугæйæ, тырныдта æрмæстдæр уæлахизмæ. Уыимæ, уыд хæрзæгъдау æмæ куыстуарзаг. 1973 азы нæ бæстæйы иугонд командæ америкаг горæт Нью-Йорчы дунейы Кубок рамбулыныл ерысы фембæлд АИШ-ы командæимæ. Уæззау уæзы АИШ-æн хæцыд, йæ уæз 220 кг кæмæн уыд, уыцы зындгонд богал Крис Тейлор. Абон дæр мæ цæстытыл уайы Крис Тейлор æмæ Сосланы рацыд гауызмæ. Иуæрдыгæй æрлæууыд къæдзæхы хуызæн уæйыг, иннæ ‘рдыгæй та ракъахдзæф кодта бæрзонд рæхснæг лæппу Сослан. Америкаг спортуарзджытæ гуырысхо нæ кодтой, Тейлор кæй фæуæлахиз уыдзæн, ууыл, фæлæ æвдисæн уыдысты, сæ уæйыджы сын Сослан йæ риуы сæрты куыд фехста æмæ йæ йе ‘уæнтыл куыд авæрдта, уымæн. Нью-Йорчы хъуыстгонд галуан Медисон-сквер-гардены цы бирæ адæм уыд, уыдон уыргъуыйау фесты уыцы диссаг фенгæйæ. Уыцы аз Сослан афтæ æнæкъуылымпыйæ рамбылдта 1-аг бынат дунейы чемпионаты дæр æмæ ссис дунейы чемпион.
Уырдыгæй райдыдтой Сосланы амæй-ай стырдæр сгуыхтдзинæдтæ. Сослан йе спортивон стыр курдиатæй уæлдай уыд æцæг интеллигент. Уый бирæ уарзта чингуытæ кæсын æмæ йæ зонындзинæдтæй дисы ‘фтыдта бирæты. Уæдæ йæ уæздандзинад та кæуылты уыд! Æз абон дæр Сосланы нымайын, хъæбысхæсты спорты рæсугъддзинад бæрзонд чи систа, уыцы æмбисонды уæззаууæзон богалыл!»
Сосланæн йæ ном, йæ кад мыггагмæ кæй цæрдзысты, уый гуырысхойаг нæу. Йæ номыл йæ уарзон спорты хуызæй цыппор фондз азы цы ерыстæ цыдысты, уыдон цæудзысты дарддæр дæр. Уырны нæ, уыцы ерысты йæ номыл лæвар рамбулджытæ кæй тырндзысты, Сосланау, лæгдзинад æмæ æгъдауæй адæмæн хæрзгæнæг уæвынмæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here