Паддзахадон кусджыты практикон семинар

0
142

Республикæйы паддзахадон оргæнты æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрацийы кусджытæй коррупцион фæзындтытæ ма ‘руадзыныл бæрнон чи у, уыдонæн скодтой практикон семинар.

Хъæппæрис рацыд Коррупцийæн ныхмæлæуды РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы управленийæ. Бæрнон адæймæгтæн ацы хъуыддаджы ахадындзинады тыххæй радзырдта управленийы хицау Баскаты Эльбрус.
«Не ‘хсæнады корррупцийы æмвæзад ныллæг нæу, ахæм цаутæ ма ‘руадзын у нæ сæйраг хæс. Хъуамæ кæнæм рагагъоммæ куыст, бæрнон адæймæгтæн дзурæм коррупцийы фæстиуджыты тыххæй», — загъта Бокойы-фырт.
Паддзахадон службæгæнджытæн радзырдтой коррупцион фæзындтытæ æмæ æндæр барадхæлдтытæ ма ‘руадзыны, «Справки БК»-йы программæты гæнæнты тыххæй, 2022 азы се ‘фтиæгты тыххæй хабæрттæ фехъусын кæныны фæдыл сын методикон амынддзинæдтæ скодтой. Æппæт ногдзинæдтæ сæм фæхæццæ кодтой.
Паддзахадон службæгæнджытæ цы хабæрттæ фехъусын кæнынц, уыдон сбæлвырд кæнынмæ аздæхтой æргом, службæйы рæстæг хи куыд дарын æмбæлы, уымæ цæстдарæг къамисы куыст хъуамæ арæзт æрцæуа. Равзæрстой ма æндæр фарстатæ дæр.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ
Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here