Стыр Уæлахизы бæрæгбоныл хъуамæ сæмбæлæм хæрзцæттæйæ

0
131

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд республикон организацион комитет «Уæлахиз»-ы æмбырд. Йæ архайджытæ æрныхас кодтой цытджын бæрæгбонмæ цæттæ кæныны мадзæлттыл æмæ сæ аккаг уавæрты арвитыны тыххæй.

Æрбахæццæ кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 77 азы кадджын бæрæгбон. Уæрæсейы цæрæг алы бинонтæн дæр у, стыр нысаниуæг кæмæн ис, ахæм æнæферохгæнгæ бон, нæ фыдæлты æнæмæлгæ хъæбатырдзинадыл дзурæг нæ цытджын историйы кадджындæр цау. Уæлахизы бон ацы хатт бæрæг кæндзыстæм уæлдай вазыгджындæр уавæрты — 58-æм æфсад æмæ Уæрæсейы гвардийы хицæн тыхтæ абон архайынц Украинæйы цæуæг хæстон операцийы.
«Фашизмыл ссæдзæм æнусы чи фæуæлахиз, уыцы хæстонты кæстæр фæлтæртæ ныртæккæ тох кæнынц, йæ сау марг ногæй кæмæн ахæлиу, уыцы нацизмы ныхмæ. Уый нымайгæйæ, бæрæгбонмæ нæхи хъуамæ бацæттæ кæнæм уæлдай бæрнондæрæй», — загъта Сергей Меняйло. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фылдæр æргом аздахын хъæудзæн нæ ветерантæм, æппæт социалон æххуыстæ сæм афоныл æмæ æнæкъуыхцыйæ куыд фæхæццæ уой, уымæ, стæй кæстæрты ‘хсæн патриотон хъомылады мадзæлттæ ноджы тынгдæр рапарахат кæнынмæ.
9 майы агъоммæйы цалдæр боны дæргъы Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы æппæт районты дæр цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдоныл æвæрдзысты дидинджытæ, арæзт цæудзысты зæрдылдарæн мадзæлттæ — информацион æмæ рухсадон проекттæ, равдыстытæ, социалон æмæ культурон акцитæ æмæ æндæртæ. Барбашовы фæзы та байгом уыдзæн ног баннер. Æппæт мадзæлттæ дæр аккагæй арвитыны хæс æвæрд цæуы районты бынæттон администрацитыл æмæ республикæйы хицауады оргæнтыл. Мадзæлттæм цæттæ кæныны куыстмæ цæст дардзæн республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ.
Бæрæгбоны парадмæ æфсæддон службæгæнджытæ куыд цæттæ кæнынц, æмæ парад куыд ацæудзæн, уый фæдыл дзырдта 58-æм æфсады командæгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг, булкъон Игорь Гвозденко.
Бæрæг куыд у, афтæмæй коронавирусы хæцгæ низы аххосæй фæстаг дыууæ азы дæргъы акци «Æнæмæлгæ полкъ» арæзт цыд онлайн хуызы. Ацы аз уый ацæудзæн, раздæры азты куыд уыд, афтæ, æмæ та Уæрæсейы æппæт горæтты, уыимæ, Цæгат Ирыстоны дæр, мингай адæймæгтæ ахæсдзысты сæ тохвæллад хистæрты къамтæ. Ацы аз ма хæстонтæ æмæ хæсты ветеранты къамтыл бафтдзысты, Уæлахизмæ стыр æвæрæн чи бахаста, хæсты фæсчъылдымы архайæг уыдоны къамтæ дæр. Акци «Æнæмæлгæ полкъ» саразыны уагæвæрдтæ æмæ хицæндзинæдты тыххæй ныхас кодта Уæрæсейаг æхсæнадон граждайнаг-патриотон змæлд «Уæрæсейы Æнæмæлгæ полчъы» регионалон хайады æххæсткомы разамонæг Хъуппеты Азæ.
Фарон куыд уыд, афтæ ацы хатт дæр арæзт æрцæудзæн акци «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс». Республикæйы цæрджытæн ацы ногдзинад сæ зæрдæмæ тынг фæцыд, суанг ма дисы æфтыдта, Цæгат Ирыстонмæ цы уазджытæ сæмбæлд, уыдоны дæр. Æрмæст ацы хатт уыцы хорз хъуыддаг хъуамæ аххæсса ноджы фылдæр хæстонтыл, уый нæ, фæлæ, Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр сæ къамтæ хъуамæ фенæн уа, уынгты цы баннертæ æвæрд æрцæудзæн, уыдоныл. Ацы хъуыддагыл дзуапдæттæг у Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци.
«Уæлахизы стыр бæрæгбоныл хъуамæ сæмбæлæм хæрзцæттæйæ æмæ йæ арвитæм бæрзонд æмвæзадыл», — кæронбæттæны бафиппайдта Сергей Меняйло.

Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here