Республикæйы хæдзарады ахсджиаг фарстатæ

0
131

Сæ фыццаг балц Сау денджызы былгæронмæ цæгатирыстойнаг сывæллæттæн уыдзæн 31 майы. Ацы аз денджызы былгæронмæ арвитдзысты 1400 сывæллоны.

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ. Æмбырд амыдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Премьер-министры хæдивæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Фæллой æмæ социалон рæзты министрады кусæг къорд ныридæгæн ацыдысты уыцы объекттæм, цæмæй бынаты уавæртæ феной. Уæдæ Цæгат Ирыстоны бынæттон лагерты цæттæдзинад дæр бæрæг кæны къорд, бахуыдтой йæм æппæт æмбæлгæ ведомствæты минæвæртты.
Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй хъуамæ фарстамæ биноныг цæстæнгас уа. «Сывæллæттæн лагерты, денджызы былгæрон бынæтты æппæт уавæртæ скæнын хъæуы. Дзæбæхгæнæн афоныл цæмæй хуызæнæнæй сæмбæлой, уый тыххæй нæ æппæт фадæттæй дæр спайда кæнын хъæуы. Æппæт организацитæ сæрдыгон афонмæ хъуамæ цæттæ уой. Скъолаты цур лагертæ куыд кусдзысты, ууыл нæ ахъуыды кæнын хъæуы, иуæй-иуты дзы цалцæггæнæн куыстытæ цæудзысты», — фæбæрæг кодта Сæргълæууæг.
Фæсивæды сæрдыгон куыстытыл бафтауыны фæдыл разамонæг бафæдзæхста Арæзтад æмæ архитектурæйы æмæ Ахуырад æмæ наукæйы министардтæн, цæмæй студентон къордты паддзахадон контракты бындурыл арæзтадон хъуыддæгтæм æрбахоной. Сæрды каникултæ куы райдайой, уæд студентон къордтæ аразынмæ бавналдзысты.
Социалон инфраструктурæйы объектты арæзтад æмæ цалцæг кæныны куыстытæ конд цæудзысты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæрцы. Хъуамæ бæрнон адæймæгтæ Сæргълæууæгмæ бадæттой бæстон графиктæ æмгъуыдтимæ. Хицæнæй фæбæрæг кодтой, Уæрæсейы Президент Владимир Путин цы проекттæ бафæдзæхста, уыдон. Сæ иу — Фыййагдоны пульмонологон центры арæзтад, хъуамæ дзы сцалцæг кæной рагон бæстыхай æмæ саразой ног бынат. Уыдæттæ бафæдзæхста нæ Президент.
Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ ацы аз сцæттæ уа проекты-хæрдзты документаци. Арæзтад æмæ архитектурæйы ведомствæйы разамонæг Моргуаты Константин куыд бацамыдта, афтæмæй æппæт документаци сараздзысты Самарæйы проектон-хæрдзты компани. Уыдон ма бацæттæ кодтой Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны инфекцион хайады бæстыхайы проект.
Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администарацийы разамонæг Милдзыхты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй горæты æхсæнадон бынæттæм зилынц. Фæскомцæдисон парчы, Доны станцæйы куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы нысантæм бавналдзысты, боны ахаст куы фæива, уæд. Жуковскийы номыл парк банывыл кæндзысты июлы.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here