Кæстæрты патриотон хъомыладмæ — цæстдард

0
319

Советон Цæдисы фехæлд расайдта бирæ æвирхъау фæзылдтытæ (се ‘ппæт нæ нымайдзынæн, сты зындгонд), фæцудыдта патриотон хъомылад дæр фæсивæды ‘хсæн. Куыдфæндыйы цæстæй каст æрцыдис ацы вазыгджын хъомыладон фæрæзмæ. 90-æм азты ма-иу нæ цардхалджытæй фехъусæн уыдис ахæм ныхæстæ дæр: «Патриотизм у коммунистты æмбæхсæн фæстаг бынат». Гъе, ахæм адæймæгты хъæппæрисæй нæ бæстæ бахаудта къуырцдзæвæны.

Мæнмæ гæсгæ, цы адæймаг нæ уарзы йæ бæстæйы, уый у йе знаг, йæ уæйгæнæг. Фæлæ, Хуыцауæй разы, фæстаг азты патриотон хъомыладмæ сæрмагонд цæстæнгас дард цæуы. Фæфылдæр сты ацы фарстатимæ баст мадзæлттæ.
Зæгъын мæ фæнды, цы цæстангас ис æмæ куыд æххæст кæнынц Национ музейы зонадон кусджытæ ацы фарста. Æрвылаз сæйраг музейы, стæй йæ филиалты сбæрæг кæнынц патриотон хъомылады куыстимæ баст мадзæлттæ: «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон», «Хъæбатыры бон», «Уæлахизы бон», «Иудзинады бон» æмæ афтæ дарддæр. Арæзт æрцæуынц равдыстытæ. Уыцы бæрæгбæтты фæсивæдимæ фембæлынмæ хуынд æрцæуынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, Уæрæсейы хъæбатыртæ, Афганистаны хæсты архайджытæ…
Ацы мадзæлтты нысан у æрыгон фæсивæды хъомыл кæнын Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинадыл, цæмæй уой æцæг патриоттæ, уарзой сæ Фыдыбæстæ æмæ цæттæ уой бахъуаджы сахат йæ бахъахъхъæнынмæ. Ма рох кæной, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ цард чи снывонд кодта, уыдоны рухс нæмттæ.
Фембæлдтыты рæстæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ фæсивæдæн радзурынц, немыцаг фашисттæ цы æвирхъау митæ бакодтой нæ бæстæйæн, уыдæттæ. Куыд зынаргъ слæууыд Уæлахизы бон. Уый уыдис тугæй æлхæд Уæлахиз! Зарæджы хуымæтæджы нæй ахæм ныхæстæ: «… Этот праздник со слезами на глазах…»
Цыбырæй мæ фæнды радзурын, ацы аз куыд сбæрæг кодтам 77 азы кадæн Уæлахизы бæрæгбон сæйраг музейы. 17-æм скъолайы ахуырдзаутимæ бацæттæ кодтам мадзал «Нæ зæрдыл дарæм, сæрыстыр стæм».
Мадзалы ма ноджыдæр архайдтой Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы студенттæ, 21-æм æмæ 26-æм скъолаты сабырдзинад хъахъхъæнджыты æрыгон къордтæ «Цъæх береттæ» (сæ разамонæг В.С.Беляев), стæй РЦИ-Аланийы слестгæнæн комитеты кадетон къласы курсанттæ. Уыдон тынг лæмбынæг æмæ цымыдисæй хъуыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, 97-аздзыд Александр Николайы фыртВарламовмæ. Уый сын радзырдта йæ зын хæстон фæндæгты тыххæй. Уæззау хæстыты архайгæйæ, куыд бахæццæ ис Австримæ, дарддæр та тох кодта япойнаг самурайтимæ. Ноджы ма сын загъта, Советон Цæдисы адæм кæй фæуæлахиз сты цыфыддæр знагыл сæ хъæбатырдзинад æмæ иудзинады фæрцы. Мадзалы архайджытæ лæугæйæ тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой кадджын хистæрæн. Александр Николайы фырт ма æрыгон фæсивæдмæ фæсидтис, цæмæй хорз ахуыр кæной æмæ уарзой сæ Райгуырæн бæстæ. Æнæниз æмæ хъæлдзæгæй рæзой цъæх арвы бын.
Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Золойты Игорæн — РЦИ-Аланийы регионалон æхсæнадон организаци «Десантникты цæдис»-ы сæргълæууæгæн. Уый йæ ныхасы фæбæрæг кодта, хæсты архайджытæ бирæ кæй нал сты æмæ абон кæй уынынц, тугкалæн хæсты чи архайдта, уыцы хæстон салдаты. Йæ ныхæстæ йын зæрдыл куыд бадарой æмæ зоной, Фыдыбæстæ мадау зынаргъ кæй у, æмæ йæ уарзын кæй хъæуы.
Козаты Петр — Национ музейы археологон хайады сæргълæууæгæн йæ фыд Къузма уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Фæцыдис уæззау æмæ гуыргъахъ хæстон фæндæгтыл. Бирæ хæттыты уыдис цард æмæ мæлæты ‘хсæн. Йæ ныхас уыдис, ныртæккæ Донецк æмæ Донбассы цы цаутæ цæуы, уыдоны тыххæй. Петр йæ ныхасы кæрон фæсидтис фæсивæдмæ, цæмæй уой къæрцхъус, уарзой сæ Райгуырæн бæстæ æмæ ныхкъуырд дæттой истори зыгъуыммæгæнджытæн.
Мадзалы архайджытæ, æнæмæнг, сæ зæрдыл бадардзысты, кæддæр сын кæй уыд фембæлд 97-аздзыд хæсты ветеранимæ, уый.
Кæронбæттæны мæ раарфæ кæнын фæнды, мадзал бацæттæ кæныныл чи бацархайдта, уыдонæн. Уыдон та сты 17-æм скъолайы хъомылгæнинæгтæ: Куыдзиаты Аннæ, Анастасия Халина (мадзал амонджытæ), Цоциты Зæ- ринæ, Хъулаты Дианæ, София Чернецкая, Аланæ Целовальникова (сæ сæргълæууæг, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг — Бигъанаты-Малиты Тамилæ).
Рæсугъд фæндыры зæлтæм зæрдиагæй байхъуыстой мадзалы архайджытæ — Гергиты Валерийы номыл колледжы фæндырдзæгъдджытæ — Хуымарты Джамбулат, Цомартаты Сослан, Быгъуылты Чермен, сæ разамонæг — Гæздæнты Еленæ.
Мадзалы кæрон ацы рæнхъыты автор Национ музейы коллектив æмæ йæ сæргълæууæг Цуциты Асланы номæй бузныг загъта æппæт архайджытæн. Музейы директоры фæндонæй Кады гæххæттытæй хорзæхджын æрцыдысты: Золойты Игор, Бигъанаты-Малиты Тамилæ, Гæздæнты Еленæ сæ активон патриотон хъомылады тыххæй фæсивæды ‘хсæн, стæй кæддæриддæр кæй архайынц Национ музейы хъуыддæгты.
Уырны мæ, ахæм мадзæлттæ стыр пайда сты рæзгæ фæсивæды хъомылады.

Гæдзиаты-Бæлæуты Фузæ,
РЦИ-Аланийы
культурæйы
сгуыхт кусæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here