Зынгсирвæзтæй хъахъхъæнынц

0
158

Зынгсирвæзт иугæр куы ‘рцæуа, уæд зиантæ æрхæссы хи хæдзæртты цæрджытæн, куыстуæттæн, йæ арты æвзæгтæ нæ бацауæрдынц хъæдтыл, быдыртыл.

Афтæ уыд, бирæ азты размæ Уæрæсейы зынгсирвæзтмæ паддзахадон цæстдарды службæ куы фæзынд, уæд дæр. 95 азы артимæ тохгæнæг сæрæнгуырдтæ, хатгай сæхи цардæн тæссаг уавæрты, ирвæзын кæнынц бирæ адæмы, сæ хæдзæртты исбон, уымæй сæйрагдæр та —архайынц зынгсирвæзт ма ‘руадзыныл.
Знон Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры сбæрæг кодтой Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады зынгсирвæзтмæ паддзахадон цæстдарды равзæрды 95 азы бон.
Бæрæгбонмæ хуынд æрцыдысты службæйы абоны кусджытæ æмæ ветерантæ дæр, горæты æмæ районты минæвæрттæ.
Райхъуыстысты Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны гимнтæ.
— Зынгсирвæзтæй бахъахъхъæныны паддзахадон цæстдарды системæйы æппæт Уæрæсейы кусы дæс мин инспекторы бæрц. Сæ размæ цы стыр нысантæ æвæрд ис, уыдонæй сæйрагдæр у адæмы цард бахъахъхъæнын, сæ мулк, сæ исбон аирвæзын кæнын. Уый тыххæй цæуы стыр æмбарынгæнæн, профилактикон куыст цæрджыты ‘хсæн.
Уый тыххæй æмбырды раныхас кодта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны управленийы сæргълæууæг, инæлар-майор Александр Хоружий.
— Стыр арфæ кæнын ме ‘мкусджытæн бæрæгбоны фæдыл. Уæлдай бузныг зæгъын нæ буц ветерантæн. Амондимæ, зæрдæрайæ цæрут æмæ кусут! — загъта управленийы хицау. — Цæмæй фыдбылыз ма ‘рцæуа, ууыл цæуы æрвылбоны куыст. Инспектортæ бæрæг кæнынц, зынгсирвæзтæй бахъахъхъæныны домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый, адæмы ‘хсæн парахат кæнынц зонындзинæдтæ. Кæд сæ куыст фæсвæд ран кæнынц, зынгæ сын уый бæрц нæ кæны, уæддæр нæ сæрмæ сыгъдæг, æнæ сау фæздæг арв кæй ис, зынгсирвæзтыты нымæц къаддæр кæй у, уырдæм се ‘вæрæн хæссынц фæлтæрдджын, йæ куыст чи уарзы æмæ зоны, ахæм кусджытæ, — загъта Александр Хоружий.
Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады уынаффæйæ къорд адæймаджы схорзæхджын кодтой юбилейон майдантæ æмæ Кады нысантæй.
Бæрæгбоны архайджытæн бацæттæ кодтой концертон программæ.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here