Ахсджиаг социалон арæзтæдтæ: хъуамæ къуыхцытæн бынат ма уа

0
127

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй цы уæрæх æмбырд уыд, уым бæстон ныхас рауад ахсджиаг социалон арæзтæдтыл. Ныхасы архайæг уыдысты профилон республикон ведомствæтæ æмæ подрядон организациты минæвæрттæ.

Профилон министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ис, сæ арæзтад 2021 азы пъланты кæмæн уыд, ахæм 17 алыхуызон объекты. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин йæ раныхасы бæстон æрдзырдта æппæт амынд объектты ныртæккæйы уавæрыл.
Афтæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, номхыгъды объекттæй иу у Заводы поселочы Краснодойнаг уынджы рæвдауæндон. 280 бынаты кæм уыдзæн, уыцы рæвдауæндоны техникон цæттæдзинады къæпхæн ныртæккæ хæццæ кæны 90 процентмæ. Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй объекты цæттæдзинад кæй фæкъуыхцы, ууыл комкоммæ сахадыдта арæзтадон æрмæджыты æргъты зынгæ рæзт.
Иннæ ахæм рæвдауæндон дæр æрбынæттон Заводы поселочы, Кооперативон уынджы. Ацы объекты арæзтад ныридæгæн ахицæн, профилон ведомствæтæ рæвдауæндон скусын кæныны фæдыл акт бафыстой. Ныр ма баззад ног хъомыладон кусæндон кадастрон хыгъды сæвæрын æмæ йын райсын ахуырадон лицензи.
Æппæт уыцы архайдæн аргъ кæнгæйæ, Сергей Меняйло профилон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй сентябры райдайæнмæ æппæт техникон фарстатæ дæр лыггонд æрцæуой æмæ фæззæджы сывæллæттæ бакъахдзæф кæной рæвдауæндæттæм. Уыимæ, республикæйы разамонæг министртæм фæсидт, цæмæй ма æмбæхсой, ахсджиаг социалон объектты арæзтады цы алыхуызон къуыхцытæ сæвзæры, уыдон.
— Сывæллæтты рæвдауæндæттæ, амбулаторитæ, фелсырон-акушерон пункттæ æмæ иннæ ахæм объекттæ уæлдай хъæугæдæр сты адæмæн. Æппæт фадæттæй дæр архайын хъæуы, цæмæй объекттæ афойнадыл эксплуатацимæ лæвæрд цæуой. Профилон ведомствæтæ æмæ подрядчиктæй курæг дæн: цавæрфæнды аххосæгты тыххæй дæр арæзтадон графикты къуыхцытæ куы сæвзæра, уæд æвæстиатæй фарста рæгъмæ хæссут, — бафиппайдта Сергей Меняйло.
Дарддæр æмбырды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй 95-100 процентмæ хæццæ кæны æндæр хъомыладон кусæндæтты цæттæдзинады къæпхæн дæр. Уыдоны нымæцы — Дзæуджыхъæуы 19-æм микрорайоны, Джызæлы, Чермены, Дæллаг Саниба æмæ æндæр цæрæн бынæтты рæвдауæндæттæ.
Уымæй уæлдай, ахицæн Æрыдоны районы Къостайыхъæуы æмæ Рахизфарсы районы Хуымæллæджы амбулаториты, стæй Æрæфы районы Мæцутæйы фелсырон-акушерон пункты арæзтад.
Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой иннæ объектты цæттæдзинадыл дæр.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here