Фыййаджыбылы фæзындзæн аивадон хъæппæристы скъола

0
261

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн фембæлд уыд амалхъом Гаппуаты Маринæимæ.
Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ амалхъом бацæттæ кодта Æрыдоны районы Фыййаджыбылы аивæдты сфæлдыстадон центр «Shkola» саразыны проект.

Гаппуаты Маринæйы хъуыдымæ гæсгæ, фидæны сфæлдыстадон-ахуырадон центр хъуамæ æрбынæттон уа хъæуы зæронд скъолайы агъуысты (зындгонд куыд у, афæмæй уыцы бæстыхай арæзт æрцыд 1929 азы æмæ дзы ныртæккæ пайдагонд нæ цæуы).
Проекты автор куыд радзырдта, афтæмæй «Shkola»-йы бындурыл сæ архайд рапарахат кæндзысты республикæйы адæмон промыслæты зæрингуырдтæ, уыдзæн дзы æндæр ахуырадон æмæ сфæлдыстадон æрмадзтæ дæр. Уымæй уæлдай, бынаты сараздзысты рагон ирон цардыуаг æвдисæг хæдзар.
Сергей Меняйло амынд проект хорзыл банымадта. Республикæйы разамонæг бæлвырд амынддзинæдта радта РЦИ-Аланийы Промышленност æмæ инвестициты министрад æмæ Æрыдоны районы администрацийæн, цæмæй Гаппуаты Маринæйы фарсмæ балæууой.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here