Фæрæзтæ — ныллæг проценттыл

0
207

Уæрæсейы Экономикон рæзты министры хæдивæг Татьянæ Ильюшина куыд фехъусын кодта, афтæмæй æппынæдзух æмбæлынц уæрæсейаг амалхъомтимæ.

«Уыдоны фæнды ныллæг проценттыл æфстæуттæ исын. Проценты бæрц фæныллæгдæр кæнгæйæ, паддзахадон программæтæ амалхъомтæм зæрдæмæдзæугæдæр кæсдзысты. Абон чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомтæн, хи фыдæбонæй йæхи чи дары, уыдонæн æппæты ахсджиагдæр программæ у «1764». Конд æрцыд 2019 азы, йæ æфстæутты пъартфелы ис 900 миллиард сомы, 50 мин æфстауон бадзырды бафысгæйæ», — загъта министры хæдивæг.
Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй нырма программæйыл куыст цæуы. Уæрæсейы Экономикон рæзты министрад, Уæрæсейы Банк, Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады корпораци скодтой иумæйаг программæ, 25 августы йæ тыхы бацыд. Куыстадон организацитæ дзы пайда кæнынц, уыдонæй уæлдай — транспорт æмæ æфснайынимæ баст куыстуæттæ, фысымуæттæ. Амалхъомтæн сæ бон æфстау райсын азмæ у 48 банчы, йæ бæрц — 50 милуан сомы 2,5 æмæ 4 процентыл. Банкты хыгъд мыхуыргонд æрцыд Экономикон рæзты министрады сайты.
Ныртæккæ программæ «1764»-æн йæ уæлдæр бæрц у 10,25 проценты, уый къухы бафтыд, Уæрæсейы Банк йæ сæйраг бæрц кæй фæныллæгдæр кодта, уый фæрцы. Амалхъомтæн сæ бон æфстæуттæ райсын у. «Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад»-ы программæмæ йæ хъус дары Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Андрей Белоусов. Схардз кæнæн сæ ис инвестицион, зилдухон нысантыл, æмгуыстад кæнæг 59 банчы цы æфстæуттæ райстой, уыдон сæхгæнынæн æфстауы хуызы райсгæйæ. Уæлбар бæрцытæ райсæн ис æртæ азы æмгъуыдмæ. Цавæрфæнды амалхъомадон архайд кæнæг амалхъомтæн сæ бон у æхца райсын.
Ацы азы райдайæнæй 98 миллиард сомы радтой æфстæуттæ. Райдыдтой 3 милуан сомæй, æфстæуттæ æрхæццæ сты ныллæг бæрцмæ, раздæр ахæм продукт базарады нæ уыд. Уыдæтты фæрцы амалхъомтæн сæ къухы бафтдзæн инвестицион проекттæ аразын, ног куысты бынæттæ гом кæнын.
Раздæр, Экономикон рæзты министр Максим Решетников, Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустинæн куыд радзырдта, афтæмæй уæлбар лæггæдтæм чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады минæвæрттæ фæхæстæгдæр сты. Сæ къухы фылдæр проекттæ саразын бафтдзæн.

Уæрæсейы
Экономикон рæзты министрады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here