Размæдзыддæр проекттæ

0
117

Рекреацион комплекс «Алани-парк» ацы сæрд цæттæ у фыццаг æрбацæуджытыл сæмбæлынмæ, уæдмæ хъавынц фæлгæсæн цалх сфидар кæнын æмæ бæлццæттæ ласæн рæтæн фæндаг сауындзын. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйло базонгæ, егъау объекты арæзтадон куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыимæ. Проект хауы размæдзыддæр нысантæм.

Проекты разамонæг Карсанаты Олег куыд радзырдта, афтæмæй тагъд Гæмæх хохы цæгатаг фахсыл кæронмæ ахæццæ уыдзæн арæзтады фыццаг къæпхæн, дарддæр иннæ арæзтадон хъуыддæгтæ конд цæудзысты, объект къæпхæнгай рæвдз кæндзысты.
«Нырмæ уал донæфсисады, донуадзыны, электрон тыхы фæрæзтæ бауадзыны «сау» куыстытæ фесты. Цæгатаг æмæ хуссайраг фæхстæм сæ балæвæрдтам. Дарддæр уадзæм газ, махæн инфраструктурон фарстатæ ахсджиаг сты, алкæй цæст сæ не ‘рцахсдзæн, фæлæ уый афтæ у. Фидар кæнæм фæлгæсæн цалх, тагъд конструкцийы монтажмæ бавналдзыстæм. Рæтæн фæндаджы цæджындзтæ фидар кæнæм, йæ дæргъ уыдзæн 1620 метры, хæххон лыжæтыл бырæн фæндаджы дæргъ та — 1700 метры. Рæтæн фæндаг февралы цæттæ уыдзæн, уазджытæн сæ бон уыдзæн хæрдмæ схизын, экологон фæндæгтыл змæлын. Уыдон дæр æрбынæттон уыдзысты Гæмæх хохы уæллаг хай», — загъта Карсаны-фырт.
Цæттæ у хæххон лыжæтыл бырæн трассæйы фæзуат дæр, уыдзæн дзы рухс, кусдзæн æхсæвæй-бонæй. Курорт æххæст уыдзæн фысымуæттæй, ресторантæй, кафетæй, хæххон велосипедтыл згъорæн маршруттæй. Уыцы нысантæ æххæст кæндзысты фæстæдæр. Хуссайраг фахсыл хъуамæ фæзына бинонты тематикон парк, æрдзон афонтæ нымайгæйæ йæ хицæн темæтыл адих кæндзысты. Уазджытæн, чысыл сабийæ хистæр кары онг, сæ бон уыдзæн алыхуызон аттракционтæ равзарын, æппæт æдасдзинады домæнтæ нымад цæудзысты. Парчы фæзуаты сæрибарæй пайда кæнæн уыдзæн социалон объекттæй, зæгъæм, фæлладуадзæн бынæттæй, спортивон фæзтæ æмæ æндæртæй.
Алы афонты дæр кусгæ чи кæндзæн, уыцы «Алани-парк»-ы арæзтад Цæгат Ирыстоны райдыдта 2020 азы. Регионалон рæзты хицауадон къамисы æмбырды Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат Хаснуллин парк бахаста Уæрæсейы регионты инвестицион ног проектты хыгъдмæ.Размæдзыддæр проектты ‘хсæн ис дыргъты егъау хæдзарад «Казачий хутор» дæр. Йæ фæткъуыйы цæхæрадæттæ сты Æрхонкæйы станицæйы кæрæтты. Сергей Меняйло базонгæ куысты бæрæггæнæнтимæ. Инвестор Хъæлыцты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй проект æххæстгонд æрцыд 95 процентæй. Цæгат Ирыстоны компани кусы 2016 азæй. «Казачий хутор» фæткъуыты куыст кæны размæдзыд технологиты фæрцы, йæ фæзуæттæ парахатдæр кæны, йæ инфраструктурæ дæр рæзы. Куыстуаты фæзуаты сарæзтой пластикон тарæ уадзæн цех, тыллæг æфснайгæйæ сæ тынг бахъæуынц. Нырыккон дыргъæфснайæн йæ куыст кæны, цæуы дзы 50 мин тоннæйы, уыцы ран ис дыргътæ æвзарæн бæрзонд технологон ифтонггæрзтæ.
Хъæлыцты Сергей куыд загъта, афтæмæй дыргъæфснайæны цы уазалгæнæн фæрæзтæ ис, ахæмтæ æндæр рæтты нæй ссарæн. «Бынтон диссаг сты йæ хъомыс, йæ авналæнтæ. Мах æппæты хуыздæр ифтонггæрзтæ балхæдтам, цалдæр азæн ивæн хæйттæ райстам. Афтæмæй нæ бон у 100 проценты æппæт тыллæг бахъахъхъæнын, кæмдæр 12 мæйы, кæмдæр та — 10 мæйы», — фæбæрæг кодта Хъæлыцы-фырт.
Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй куыстуат уалдзæджы ныссадздзæн 100 гектары бæлæстæ, æппæт фæзуат суыдзæн 1100 гектары. «Казачий хутор»-ы дыргъ æрзайын кæныны, йæ хæрзхъæддзинад ын сбæрæг кæныны, йæ бафснайыны æмæ иннæ мадзæлттæ скæныны æппæт хъуыддæгтæ æххæстгонд цæуынц. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй «Казачий хутор» йæ технологитæй, авналæнтæй хуыздæр куыстуæттæй иуварс нæ лæууы.
«Инвестор сæрæн у, алцыдæр рæвдз аразы, бæстон. Куыстуаты дарддæры рæзты программæ ис, мах размæ ацæудзыстæм. Сæйрагдæр та уый у, æмæ дыргътæ Дард Скæсæны дуканитæй райдай æмæ фæсарæнтæй фæу, афтæ сæ равæрдтой. Сæ бæрц фылдæргæнгæ цæуы. Проекттæ цардмæ уадзын баст у республикæйы ахъаззагдæр рæзтимæ. Мах уыдæттыл кусæм, инвестортæн кæнæм фадæттæ, хъалонты бæрц сын фæкъаддæр кодтам, хаццоны аргъ дæр афтæ, кусæн бынæттæ нæм фæзынд, хъалонтæ бюджетмæ фидынц. Уæдæ Æрхонкæйы станицæйы ном дæр айхъуыст, нæ фæткъуытæ æппæт Уæрæсе æмæ фæсарæйнаг бæстæтæм хæццæ кæнынц», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here