Фадæттæ — нырыккон специалисттæн

0
123

Фæстаг рæстæг Уæрæсейы рæвдз рæзы мидбæстон туризм. Цæгат Ирыстон у диссаджы æрдзон бынæтты, историон æмæ культурон бынты хицау, туристтæн уыдæттæ фенын æхсызгон у. Хъуамæ инфраструктурæ рæза, туризмы размæцыдæн уый ахсджиаг у, уæлдайдæр та хъæугæ специалисттæ цæттæ кæнын.

Республикæйы Базарадон-экономикон колледжы цæттæ кæнынц «Туризм» æмæ «Фысымуæтты хъуыддаг»-ы специалистты, абитуриенттæ фылдæр æргом здахынц колледжмæ. Фæлæ ахуыргæнæндоны бахъæудзæн хуыздæр уавæртæ саразын. Федералон проект «Ахуырад»-ы фæлгæты дзы фæзынд æрмадзтæ, уыдон дзæбæх ифтонггонд æрцыдысты, материалон-техникон бындур фидаргонд æрцыд.
Фадæттæ бар дæттынц студентты хуызæнæн бацæттæ кæнынæн, стандарттæ æмæ раззагдæр технологитыл сæ фæхæцын кæнын, уæлдайдæр та — Ворлд-скиллс Уæрæсейы авналæнтыл. Æрмадзты ахуырдзауты бацæттæ кæнынæн алы уавæртæ дæр ис, дæсныйад райсыны фадæттæй æххæст у. Зæгъæм, чемпионаттæ æмæ дзы конкурстæ кæнынц, фарон æрмадз «Туризм»-ы скодтой туризмимæ баст регионты ‘хсæн чемпионат.
«Азы мастер»-ы ном райсæг, чемпионаты уæлахиздзау Цæболты Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй туризмы нырыккон индустри æнæ техникон ифтонгадæй нал сфидаудзæн. «Къабаз рæвдз рæзы, домы экономикон, маркетинджы, менеджменты, бæрзонд технологиты зонындзинæдтæ. Æрмадзтæ нæ æнæмæнг хъæуынц, студенттæ хъуамæ комкоммæ базонгæ уой æрмæгимæ, куыд фæзæгъынц, афтæ йæ къухæй басгарой, урокты цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдон бафæлварой», —фæбæрæг кодта Цæболты Зæлинæ.
«Фысымуаты, отелы разамынд»-ы æрмадзы цæттæ кæнынц уазæгуарзоны специалистты. Хъуамæ уазæгыл куыд сæмбæлой, бынат ын куыд скæной, ауæй йæ кæной, уырдæм æй бахоной, фонды номыртæм базилыны нысантæ кæнынц Ворлдскиллс Уæрæсейы домæнтæм гæсгæ. Ахуыр чи фæцис, уыдон дæрддзæгмæ дæттынц фæлварæнтæ, равдисынц сæ зонындзинæдтæ, арæхстдзинæдтæ, цыбыр дзырдæй, ахуыр кæнгæйæ цытæ базыдтой, уыдæттæ æвдисынц. Æрмадзы бындурыл скодтой Якутийы республикæимæ чемпионат. Колледжы социалон дисциплинæты ахуыргæнæг Дзæгъойты Дзерассæ куыд зæгъы, афтæмæй кусынц дуенон æмвæзады хæрзхъæддзинадыл, домæнты бæрц хæрдмæ исынц. «Колледжы разамонæг Æбиты Валери ахуыргæнджыты хуыздæрты куыстмæ хоны, студенттæ хъуамæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг æмвæзадыл сæхи барой», — радзырдта ахуыргæнæг.
Колледжы рауагъдонтæ кусынц республикæйы отельты, фысымуæтты. Куыстдæтджытæ сæ разы сты, раздæр сæ практикæмæ æрбахонынц, уый фæстæ сæ райсынц бынатмæ. Фидар зонындзинæдтæ сæм ис англисаг, немыцаг æвзæгтæй, сты бæрнон, фæткыл хæст. Туризм æмæ уазæгуарзон индустри нæ хъæуы размæ ракæнын, æмæ йыл архайд цæуы.

Гæлæуты Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here