Йæ кад — нæ бæстæйæн зынаргъ

0
210

Дзæуджыхъæуы ацыд, Хъазаны æмæ Тæтæры Митрополит Феофаны цард æмæ архайды фæдыл ног чиныг «Родина у нас одна»-йы презентаци. Архайдта дзы нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис дæр. Мадзал бацæттæ кодта чиныджы автор Валерий Береснев.

— Феофаны тыххæй чиныг хуымæтæг мыхуыры фæрæз нæу. Уым æвдыст цæуы, нæ бæстæйы æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæнадон царды цы стыр фæд ныууагъта, уый. Æз тынг хорз зыдтон Феофаны. Уый зæрдæбынæй уарзта нæ республикæ æмæ йæ адæмы. Бирæ рæсугъд æмæ фæрныг хъуыддæгтæ сарæзта Цæгат Ирыстоны сабырдзинад фидардæр кæныны хъуыддæгты, алы нациты ‘хсæн хæлар ахастдзинæдтæ тауыны фарстаты. Феофаны руаджы арæзт æрцыд нæлгоймæгты Алайнаг æмæ сылгоймæгты моладзандонтæ. Уыдис нæ фарсмæ зын сахат дæр, Беслæны, дунейы æппæты æвирхъаудæр теракт куы ‘рцыд, æмæ Хуссар Ирыстоны хæстон цаутæ куы ссыгъдысты, уæд. Уырны мæ, ацы чиныджы бирæ цымыдисаг хабæрттæ ма бакæсдзыстæм, Феофаны цардæй кæй нæ зыдтам, ахæмтæ, — загъта Дзанайты Барис.
Хицауады Сæрдар арфæ ракодта чиныджы авторæн, стæй, мадзал чи бацæттæ кодта æмæ дзы архайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.
Чиныгмæ хаст æрцыдысты Митрополиты биографи, дины амындтытæ, фæндагон боныджы бæрæгуæттæ æмæ йæ хорз чи зыдта, уыцы зындгонд адæймæгты мысинæгтæ. Хицæн хай та арæзт у, Феофаны Стъарапойлаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг кафедрæты архайдæн, Беслæны 1-æм скъолайы трагикон цаутæн.
Зындгонд архиепископы царды хабæртты тыххæй чиныгимæ базонгæ кæныны фæдыл презентацимæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ, нæ республикæйы министрадтæ, ведомствæтæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ, Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг Архиепископ Герасим, РЦИ-Аланийы муфтий Гуæцæлты Хадзымурат.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here