Конкурс “Æдас цалх”

0
153

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады фæндагыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы управлени фадæттæ кæмæн сарæзта, Дзæуджыхъæуы ахуырадон центр «Бæрзæнд»-ы бындурыл ацыд ахæм æрвылазон горæтаг конкурс «Æдас цалх».

Горæты скъоладзаутæй арæзт командæтæ ерыс кодтой фæндагыл æдасæй цæуыны фæтк зонынæй æмæ фыццаградон медицинон æххуыс кæнынæй. Конкурсы уæлахиздзаутæ рацæудзысты ерысты регионалон къæпхæнмæ æмæ фæстæдæр Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты федералон ерысты.
— Фæндагыл æдасæй цæуыны фæтк зоныны æууæлæн ис стыр ахадындзинад. Адæм ацы фæтк цæмæй æххæст кæной, конкурс «Æдас цалх» уымæн ахъаз кæны, — загъта амынд министрады Æхсæнадон советы уæнг Виктор Ревегук.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here