Лисичанскы бынмæ карз хæстыты…

0
176

Мæ фыстæг у мæ фыдыфыд, джызæйлаг Куындыхаты Гаппойы фырт Хъамболаты тыххæй. Хæрз чысыл ма куы уыдис, уæд æнæ фыдæй баззад. Йæ мадæн уыд иунæг сывæллон…

Дзæуджыхъæуы бухгалтеры курсытæ каст куы фæци, уæд райдыдта кусын Джызæлы колхозы. Фæстæдæр йæ цард баиу кодта Хъодзаты Темырболаты чызг Надяимæ. Райгуырд сын æртæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Тынг хъыг кодтой ныййарджытæ, кæстæр чызг Азæ куы фæрынчын æмæ куы амард, уæд. Фæлæ хъæддых фæлæууыдысты, цыппар сывæллоны ма хæссын хъуыд. Бирæ фæрныг хъуыддæгтæ скæнын сæ фæндыдис йе ‘мкъаимæ. Фæлæ сын Фыдыбæстæйы Стыр хæст ахаста сæ рæсугъд фæндтæ.
1942 азы украинаг горæт Лисичанскы цыдис карз хæст. Хъамболат уæззау цæфæй бахауд госпитæлмæ æмæ нал фервæзт. Ныгæд æрцыд Лисичанскы Дибровкæйы уынджы иумæйаг ингæны. Нал федта Хъамболат, куыд байрæзтысты йæ цыппар хъæбулы, уый.
Йæ хистæр фырт Карл хæсты фæстæ йæ домбай куысты тыххæй райста æртæ майданы. Хъамболат куыд бæллыд, афтæ бирæ систы йæ бинонтæ: йæ хистæр фырт Карлæн — фондз сывæллоны, иннæ фырт Юрийæн — дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы, кæстæр фырт Русланæн ис цыппар чызджы. Сæ иунæг хо Валяйæн Хъæрæцатæй рацыд æртæ лæппуйы.
Хъамболаты цотæй иу дæр удæгас нал у. Фæлæ сæ фæстæ цы цот æмæ цоты цот ныууагътой, уыдоны нымæц цыппор фондзæй ахызт. Кæд украинаг зæххыл ныгæд æрцыд, уæддæр ын йæ райгуырæн хъæу Джызæлы дæр ис цырт. Ардæм æрбамбырд вæййынц цоты цот Уæлахизы бон. Никуы уыдзæн рох йæ ном Куындыхаты Хъамболатæн.
Ныртæккæ Украинæйы цæуы хæст. Хæстытæ цæуынц Лисичанскы дæр, мæ фыдыфыд кæм ныгæд ис, уым. Националисттæ адæмыл нæ ауæрдынц, пырх кæнынц Советон Цæдисы салдæтты ингæнтæ. Мах тынг фæнды, дунейы сабырдзинад куыд уа, уый…

Куындыхаты Беллæ,
Дæллаг Санибайы
Æгъуызарты Тамерланы
номыл скъолайы ахуыры
хайады сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here