Ныхас — нуазыны доны фарстатыл

0
112

2027 азмæ Цæгат Кавказы экономикон рæзты программæ æххæст кæнгæйæ, доны тарифты аргъ цæудзæн дæлæмæ, цæрджытæн фиддонты аргъыл нæ бафтдзæн — ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл цыд ныхас, «Донæй æфсадын æмæ дон уадзыны республикон куыстуат»-ы директор Хъараты Тимур цы пресс-конференци сарæзта, уым.

Доны фарста банывыл кæнынæн Цæгат Ирыстон сыхаг Дагестан æмæ Мæхъæлы республикæтимæ архайы Цæгат Кавказы экономикон рæзты фæдыл федералон программæйы. Донæй æфсадыны куыст банывыл кæнынæн хи фæрæзтæ фаг не сты. Уымæ гæсгæ программæйы архайд ныфс дæтты, уавæр хæстæгдæр рæстæг нывыл кæнын кæй райдайдзæн, уымæн. Рæхджы сбæрæг уыдзысты куыст æххæстгæнæг организацитæ, æмæ программæ райдайдзæн царды цæуын.
Донцъирæнтæй ист цæуы 320 мин кубометры дон, уыдонæй æрмæст 70-æн цæуы фыст, иннæ хай ивгъуыйы иувæрсты. Сæйраг аххосаг — техникон æмæ экономикон фарстатæ: дондзæуæнты хыз æдзæллаг уавæры ис, егъау æмæ астæуккаг бизнесы куыстуæттæ амалгонд донæй пайда кæнынц æнæзакъонæй. Майы бæрæгбæтты фæстæ сæ бæрæг кæндзысты, ныридæгæн та архайд цæуы сæрмагонд кусæнгæрзтæ самал кæныныл. Цыбыр рæстæгмæ цы куыстуæттæ бабæрæг кодтой доны хæдзарады минæвæрттæ, уым иртæстой, донæй пайда кæныны æгъдæуттæ дзы хæлд кæй цæуынц, уый. Куыстуæттæ 6-8 метры арфы цы дондзæуæн хæтæлтæ бауагътой, уыдоны зианты бæрц схызт 32 милуан соммæ. Бæрæгбæтты фæстæ доны куыстуат самал кæндзæн, чи сæ иртасдзæн, ахæм кусæнгæрзтæ.
Архайд цæуы аварион службæйы куыст банывыл кæныныл. Мæймæ диспетчертæм цыд 100-150 куырдиаты, æххæст дзы кодтой æрмæст сæ иу процент. Ныр уавæр ивы, уыцы нымæц ахызт 82%, куыстуат лизингæй амал кæны хи техникæ, 30-40% бафтыд кусджыты мыздыл. Æртæ мæйы кæуыл цæуы, уыцы куыстуатæн уый чысыл æнтыстдзинад нæу.
Паддзахадон унитарон куыстуаты хай ссис Дзæуджыхъæу, афæдзы кæронмæ сыл бафтдзысты Мæздæджы, Кировы æмæ Горæтгæрон районтæ. Фидæн аз та — Рахизфарсы, Æрæфы, Дыгуры æмæ Алагиры районтæ.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here