Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн — æххуыс

0
178

Субъектты æнтыстджынæй цы ‘ххуысы мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдоны бындурыл сбæрæг кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн иумæйаг регионалон æххуысы бæрц. «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдар Андрей ТурЧак куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ регионты ацы хъуыддаг куыд æххæстгонд цæудзæн, уый фæдыл æрвылмæйон доклад кæнын хъæудзæн бæстæйы Президентæн. Ацы бæрцыл бæстон ныхас цыд Хицауады координацион центримæ. Кусæг къорды уæнгтæ æркастысты иумæйаг стандарты ахадындзинадмæ æмæ дзы алы субъекты дæр спайда кæнынмæ.

«Æххуысы бæрцы хуызтæй бирæты уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæ нæ бахъæудзæн. Зæгъæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæтты секцитæ æмæ сфæлдыстадон, скъолаты фæсурокты къордтæм, группæтæм æмæ рæвдауæндæттæм райсын, бирæсывæллонджын бинонтæн льготæтæ æмæ, зæгъæм, сывæллæттæй иуыл исты фыдбылыз æрцыд, уæд сын бирæсывæллонджын бинонты статус ныууадзын», — фæбæрæг кодта къорды разамонæг.
Цавæрдæр мадзæлтты бахъæудзæн финансон æххуыс, фæлæ уыдон сты æнæмæнгхъæугæ, æмæ ныридæгæн бирæ регионты æххæстгонд цæуынц.
«Нæ стандарты номхыгъдмæ бацыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты 5-æм къласæй 11-æм къласы онг сывæллæтты лæвар бахæрд. Ахсджиаг хъуыддагыл нымад цæуы цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæн фидыны компенсаци, рæвдауæндонæн фидынæй суæгъд кæнын, транспортон хъалон æмæ сывæллæтты æнæниздзинад фæфидар кæныны лагертæм балцæгтæ», — бафтыдта ма йæ ныхасыл Андрей Турчак.
Уымæй дарддæр ма кусæг къорд уынаффæ рахаста, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæджы социалон паспорттæ алы регионы дæр рапарахат кæнын.
«Уырдæм хауы социалон контракт, йе ‘нæниздзинад фæкæсинаг кæмæн у, уый тыххæй информаци, финансон хæс дары æви нæ, цæрæн бынаты тыххæй хъусынгæнинаг, федералон æххуысы бæрц æмæ регионалон æххуысы стандарты бæрц сбæрæг кæныны сæрмагонд пълан. Ахæм паспорты хуызæг сарæзта нæ кусæг къорд. Уый нын фадат ратдзæн бинонты хъуагдзинæдтæ сбæрæг кæнынæн æмæ сын алы хъуыддаджы дæр афойнадыл æххуыс кæнынæн», — загъта къорды разамонæг.
Паддзахадон фонд «Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ»-йы сæрдар Аннæ Цивилева разы у кусæг къорды хъуыдыимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн иумæйаг регионалон æххуысы паспорттæ саразыныл. Æмæ ма бахахх кодта, регионалон æххуысы бæрц алы ран алыхуызон кæй у, уый.
«Афтæ рауайы, æмæ, иу акъоппы бадгæйæ, æфсæддонтæ алыхуызон æхцайы фæрæзтæ райсынц. Афтæ демобилизацийы фæстæ дæр. Æрбацыдысты, чи æнæ къах, чи æнæ къух, æмæ алы субъектты алыхуызон социалон æмæ финансон æххуыс райсынц. Уымæ гæсгæ хъæуы иумæйаг стандарт, уый се ‘ппæтæн дæр æмбæрстгонд уыдзæн, — бамбарын кодта Аннæ Цивилева.
«Мах не ‘ппæт дæр иу ахсджиаг хъуыддагыл архайæм, уый арæзт у нæ сæйраг нысанмæ — сæрмагонд æфсæддон операцийы Уæлахизмæ æмæ хæцæг æфсадæн æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнынмæ», — бафтыдта ма йæ ныхасыл Андрей Турчак.
Дарддæр ма «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдары фыццаг хæдивæг Едзойты Марат фæбæрæг кодта, Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы хæцæг æфсæддонтæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттæн æнæхъæн комплекс арæзт кæй цæуы, уый.
«Республикæйы цæрджытæй æрсидтон чи ссис, уыдон иууылдæр райстой иухаттон æххуыс 30 мин сомы бæрц, — загъта Едзойы-фырт. — Уымæй уæлдай ма уæлæмхасæн æххуысхъуаг цы бинонтæ сты, уыдонæн сæрмагонд æххуыс арæзт цæуы. Абоны бон баххуыс кодтам 50 бинонтæн.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны бинонтæ райстой фæйнæ 1 милуан сомы. Ахæм бинонтæм ис уæлдай цæстдард, арæзт сын цæуынц социалон паспорттæ, социалон-психологон æххуыс дæр исынц.
Цæф чи баййæфта, уыцы хæстонтæн лæвæрд цæуы материалон æххуыс 500 мин сомы бæрц, йæ цæф цас уæззау у, уымæ гæсгæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн се ‘ппæтæн дæр ис лæвар социалон лæггæдтæ райсыны бар».

Санаты Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here