Æмгуыстады тынтæ

0
140

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Костайы номыл паддзахадон университеты делегаци кусæг балцы уыд Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты.

Уыцы балцы рæстæг ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан фембæлд Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимимæ. Фембæлды рæстæг сбæрæг кодтой дыууæ уæлдæр ахуыргæнæндоны ‘хсæн æмгуыстады фарстатæ.
— Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстон канд æфсымæрон республикæтæ не сты, мах иу адæм стæм, уымæ гæсгæ нын уе ‘рбацыд уæлдай æхсызгондæр у. Куыд зонæм, афæмæй уæлдæр ахуыргæнæндæтты ‘хсæн ахастдзинæдтæ рæзынц. Уымæн ис бирæ дæнцæгтæ æмæ æвдисæнтæ. Мах уын стыр аргъ кæнæм, алы хъуыддаджы дæр нæ фарсмæ æрбалæууынмæ цæттæ кæй стут, уый тыххæй. Нæ æмгуыстады фæрцы нæ къухы бирæ фарстатæ бафтдзæн алыг кæнын, — загъта Гаглойты Алан æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта, йæхæдæг дæр алкæддæр æххуысмæ цæттæ кæй у, уый.
Огъуаты Алан куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Костайы номыл паддзахадон университет æмæ Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университет бирæ азты дæргъы зæрдиагæй æмгуыст кæнынц ахуырад æмæ наукæйы алы къабæзты: истори, ирон филологи æмæ журналистикæйы. Фæлæ дарддæр, ректоры ныхасмæ гæсгæ, рæстæг домы ног мадзæлттæ, ног фарстатæ, æмæ уыдон хынцынæн хъæуы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ‘хсæн ноджы æнгомдæр æмгуыстад парахат кæнын.
— Нæ университеттæ цæттæ сты информацион технологитæ, физикæ, математикæ æмæ химион-биологон къабæзты æмгуыстадмæ. Мах фæнды, цæмæй нæ фæсивæд архайа Уæрæсейы Федерацийы наукæ æмæ уæлдæр ахуырады министрады проектты, — фæнысан кодта Огъуаты Алан.
Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй, ахæм фембæлдтытæ, ахсджиаг фарстатыл ныхас ахъаз у иумæйаг æмгуыстадæн. Æмæ ма фæбæрæг кодта, Огъуаты Аланы руаджы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ‘хсæн ахастдзинæдтæ ног уæлдæр къæпхæнмæ кæй рахызтысты, уый.
Фембæлды кæронбæттæны архайджытæ бакастысты Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Костайы номыл паддзахадон университеты кæфтыты ансамбл «Ирыстон» æмæ Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты кæфтыты ансамбл «Сæрмæт»-ы концертон программæтæм.

Цæгат Ирыстоны
паддзахадон
университеты
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here