Электрон тыхы исбонад

0
132

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег æмæ Уæрæсейы Энергетикæйы министрады Артаджы-энергетикон комплексы оперативон разамынды директор Еленæ Медведева скодтой кусæг къорды иумæйаг æмбырд. Рæгъмæ рахастæуыд Цæгат Ирыстоны электрон тыхы комплексы рæзты фарстатæ.

Кусæг къордмæ хауынц регионы хызон компаниты исбон æрбамбырд æмæ Цæгат Ирыстоны электрон хызы хъомыс фæбæрзонддæр кæныны фарстатæ.
Æмбырды архайджытæ æркастысты республикæйы энергетикон объекттæ æрбаиу кæныны мадзæлттæм. Куыст цæуы Уæрæсейы Электрон хызты рæзты стратегийы бындурыл, хъуамæ уый фæрцы цæрджытæ æмæ регионы куыстуæттæ электрон тых исыны зындзинæдтæ ма ‘взарой. Уымæй уæлдай, Уæрæсейы Президент бафæдзæхста, цæмæй бæстæйы алы регионы дæр фæлхасгæнджытæм электрон тых æнæкъуылымпытæй хæццæ кæныны иугонд центртæ саразой.
Еленæ Медведева куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны фæзуатыл, «Россети Цæгат Кавказ»-ы къордмæ нæ хауæг хызон активтæ рабæрæг кæныны охыл техникон аудит саразын хъæуы. Уый фæстæ сæ баиуы тыххæй уынаффæ хаст æрцæудзæн. Цæмæй куыст нывыл уагыл ацæуа, уый тыххæй саразын хъæуы къамис, регионалон Хицауады уæнгтимæ, энергетикон компаниты минæвæрттæ æмæ хæдбар эксперттимæ.
Икъаты Русланбег куыд бафиппайдта, афтæмæй регионы Хицауад иннæ субъектты фæлтæрддзинад базонынмæ цæттæ у, йæ архайды дзы спайда кæндзæн. Республикæйы Хицауады хъæппæрисæй хъавынц фиддонты иугонд гæххæтт саразын. Икъайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, «иунæг рундзыг»-ы фæткæй спайда кæнæн ис, фидджытæн уыдзæн æнцон архайд. Кусæг къорд сразы хъæппæрисимæ.
«Россети Цæгат Кавказ» у егъаудæр электон тыхы компани Цæгат Ирыстоны, йæ регионалон филиал «Цæгкавказэнерго»-йы бæрны сты электрон тыхы 38 мин дзырдæй иуæджы. Уыдон республикæйы электрон хызы комплексы ахсынц 68 проценты.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here