Цæрæнуатон-коммуналон къабазы рацарæзт, бюджеты нывылад æмæ æндæр фарстатæ

0
146

Знон уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты цыппæрдæсæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Парламенты æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийæ УФ-йы Федерацийы Советы уæнг Виталий Назаренко, тæрхонадон æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттæ, республикæйы Хицауады уæнгтæ, муниципалон районты сæргълæуджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Депутаттæ байхъуыстой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæсивæдон парламенты уæнгтæ равзарыны тыххæй сæрмагонд къамисы хъусынгæнинагмæ. Æмбырды архайджытæн æй сæ размæ рахаста йæ сæрдар Гуыриаты Дианæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, электронон фæрæзты фæрцы къамисмæ фæхæццæ 202 куырдиаты, афтæмæй, фараст æвзарæн зылды регистрацигонд æрцыд 179 кандидаты. Электронон системæйы фæрцы хъæлæс кæныны уагæй Фæсивæдон парламентмæ æвзæрст æрцыд 35 адæймаджы дыууæ азы æмгъуыдмæ.
Фæсивæдон парламентмæ æвзæрстытæ Тускъаты Таймураз банымадта ахсджиаг политикон цауыл. «Уыцы хуызы фидар кæны фæсивæдæн йæ граждайнаг ахаст. Тагъд рæстæджы семæ фæмбæлдзыстæм æмæ не ‘мгуыстадыл æрныхас кæндзыстæм», — загъта Парламенты Сæрдар.
Депутаттæ равзæрстой, республикæйы Сæргълæууæг Парламенты æркæсынмæ кæй бацæттæ кодта, «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы коррупцийы ныхмæ архайды тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы уыцы закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта республикæйы Сæргълæууæджы минæвар РЦИ-Аланийы Парламенты Плиты Маринæ. Ивддзинæдтæ баст сты, паддзахадон кусæджы бынат чи ахсы, уыдоны бæрнондзинад коррупцийы ныхмæ архайыны къабазы фæкарздæр кæнынимæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Закъоны проект фыццаг бакасты фидаргонд æрцыд.
Республикæйы Прокуратурæйы минæвар Тагир Мустафин æркæсынмæ цы дыууæ республикон закъоны проекттæ бавдыста, уыдонæй иу уыд «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы иуæй-иу закъонтæм ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Ивддзинæдтæ бахæссын бахъуыд, Запорожье æмæ Херсоны облæсттæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ кæй бацыдысты, уый хынцгæйæ. Документæй фидаргонд цæуынц, уыцы регионты цæрджытæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард кæнæ чи фæцæф, уыдоны, стæй сæ бинонты социалон бартæ æмæ зæрдæдарæнтæ.
Фарстайы ахадындзинад йæ æмдоклады бафиппайдта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты

«2023 азмæ æмæ 2024-2025 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег. Куыд загъта, афтæмæй бахæссинаг ивддзинæдтæ баст сты, уæлæмхасæн æмæ нысанмæарæзт фæрæзтæ федералон бюджетæй æмæ «Территориты рæзты фонд»-æй æрвыст кæй æрцыдысты, стæй, ведомствæты ‘хсæн хæрдзтæм ногæй æркæсын кæй бахъуыд, уымæ гæсгæ. «Ацы азы æфтиæгтæ уыдзысты 47 миллиарды 980 милуан сомы, хæрдзтæ — 48 миллиарды 204 милуан сомы, бюджеты кадавар — 224 милуан сомы», — загъта министр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикон бюджет 2024 азы уыдзæн æфтиагджын 1, 228 милуан сомæй, 2025 азы бюджет та — кадаварджын 209 милуан сомæй.
Фарстайы фæдыл æмдокладтæ скодтой республикæйы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Хъæлыцты Инал æмæ Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Фарстытæ уыд депутаттæ Дыдарты Сослан æмæ Цæллагты Жаннæмæ. Закъоны проекты ахсджиагдзинад фиппайгæйæ, фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты депутаттæ закъон сфидар кодтой.
«2022 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект депутаттæн сæ размæ рахаста Фонды разамонæг Дзæгъойты Алан. Куыд загъта, афтæмæй, 2021 азимæ абаргæйæ, Фонды æфтиæгтæ ивгъуыд аз рауадысты 10 миллиарды 140 милуан сомæй, кæнæ та 3,7 процентæй, къаддæр, бюджетты ‘хсæн трансферттæ кæй фæкъаддæр сты, уымæ гæсгæ. Хæрдзтæ та рауадысты 10 миллиарды 173 милуан сомы, кæнæ та, 2021 азимæ абаргæйæ, 4,7 проценты къаддæр. Фонды хæрдзтæн сæ тæккæ фылдæр хай — 90 проценты — бахъуыдысты, Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонд медицинæйы къабазы цы программæтæ æххæст кæны, уыдонæн. Афтæ, дохтыртæн сæ мызд фæфылдæр 9,7 проценты, медицинон хотæн — 8,8 проценты, кæстæр медицинон кусджытæн та 10 проценты.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Реуазты Ларисæ. Фарстытæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ æмæ депутат Хæдарцаты Аслæнбегмæ. Закъон фидаргонд æрцыд фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.
Æмбырды боны фæткæн йæ бюджетон хайæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Парламенты Сæрдар бафиппайдта, бюджеты алы сомæй дæр хæдзардзинæй пайда кæнын кæй хъæуы, уый.
Фыццаг бакасты ма æмбырды архайджытæ цы республикон закъонты проекттæ сфидар кодтой, уыдоны ныхас цыд электрон тых фæстауæрц кæныны гæнæнтыл, зæххы ахастыты ног уагæвæрдтæ æмæ хицæндзинæдтыл, муниципалон æмæ муниципалитетты ‘хсæн маршруттыл бæлццæтты æмæ уæзæгтæ ласыны хъуыддаг рацаразыныл, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн æххуысы мадзæлттыл æмæ æндæр фарстатыл.
«Парламентон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон къабаз рацаразыны тыххæй» республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæны раныхасмæ. Куыд радзырдта, афтæмæй, ацы къабаз адæмы фæрныг цардæн у йæ ахсджиагдæр рахацæнтæй иу, фæлæ йæ рацарæзт нырма уал цæуы къуыхцытимæ, финансон фæрæзтæй хъуаг кæй æййафы, хи фæрæзтæ та афтæ бирæ кæй не сты, уый аххосæй. Инвестицион æгъдауæй дæр домы фылдæр цæстдард. «Республикæйы ис цæрæнуатон-коммуналон къабазы архайæг 330 куыстуаты, уыдонæй 46 сты артаг-энергетикон комплексмæ хауæг, 284 та — цæрæнуаттæн разамынд дæттыны алы хуызтæ. Коммуналон хызæгтæ республикæйы сты 21 мин километрæй фылдæр, æмæ се ‘ппæт дæр домынц бындурон рацарæзт», — загъта министр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд аз цæрæнуатон-коммуналон къабаз цы лæггæдтæ бакодта, уыдонæн сæ аргъ рауад 20 миллиард сомы, 7 миллиард сомы æфтиаг та бахастой республикон бюджетмæ. Министрад цавæр программæтæ æххæст кæны, цæрæн бынæттæм газ уадзыны куыст дарддæр куыд цæуы, донуадзæн æмæ канализацион хæтæлтæ рацаразыны куыстытæ республикæйы районты, уыимæ, хæххон хъæуты дæр, куыд æххæстгонд цæуынц, коммуналон лæггæдты тарифтыл цавæр куыст цæуы æмæ, чи фæкъуыввитт, уыцы коммуналон куыстуæттæй сæ хæстæ бадомыныл куыст куыд арæзт цæудзæн, æппæт уыдæтты тыххæй Тамайы-фырт бæстон радзырдта.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георги. Фарстытæ уыд депутаттæ Дыдарты Сосланмæ, Бæззаты Алан æмæ Дойаты Светланæмæ. Доклады фæдыл уынаффæйы проект кæд цæттæ уыд, уæддæр депутаттæ рахастой ногæй йæм æркæсын æмæ йæм хъæугæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæндон.

Дедегкаты  Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here