Хид ныккалд. Арæзт мадзæлттæ

0
105

Ногирæй Михайловскы хъæуты ‘хсæн цы хид ис, уый ныккалд. Уый тыххæй фехъусын кодта хъæуы администрацийы сæргълæууæг Сланты Юри. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хидæй ныххауд 60 метры бæрц, фæлæ хъыгдард ничи баййæфта. «Аххосæгтæ уын эксперттæ зæгъдзысты, æвæццæгæн, ын йæ бын дон бахордта», — загъта уый. Фыдбылыз кæм æрцыд, уыцы бынатмæ ацыдысты профилон министрадты æмæ уагдæтты разамонджытæ.

Горæтгæрон районы Сæргълæууæг Есиаты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй хиды астæуккаг быцæуы бын дон кæй бахордта, уый аххосæй фыццаг хид бынмæ æрцыд метры бæрц, стæй ныккалд. Æппæт мадзæлттæ дæр арæзт æрцыд газы хæтæл сæхгæныны тыххæй, электрон тыхы æдасæй ифтонгадæн. Ныртæккæ мах ам æвæрæм блоктæ, æдасдзинады тыххæй фæндагыл автотранспорты змæлд æрæхгæдтам», — загъта уый.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, цауы бынатмæ æрцыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый сæхгæнын кодта канализацион коллекторы 300 метры дæргъæн хæтæл. 700-метронмæ йæ аздахгæйæ. «Хæстæгдæр рæстæг канализацион коллектор нывыл кусын райдайдзæн. Дарддæр та фæндагыл кусджытæ æппæт мадзæлттæ дæр араздзысты, цæмæй хид арæзт æрцæуа æмæ фæндагон змæлд банывыл уа», — загъта Есиаты Руслан.
Районы сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, хидимæ баст ахæм уавæр сæвзæрд фарон дæр. Уый баст уыдис доны былгæрæттæ фидар кæнынимæ. «Махæй алчидæр æмбары, ацы аз уый æрвылбоны къæвдатимæ баст кæй у, уый. Уымæ гæсгæ, Терк раивылд æмæ хиды быцæу бахъыгдардта», — загъта уый.
Цæгат Ирыстоны Прокуратурæ бæрæг кæны Ногирæй Михайловскы хъæуты ‘хсæн хид цæй аххосæй ныккалд, федералон закъонады домæнтæ куыд æххæстгонд цыдысты, уыимæ, гидротехникон аразæнты æдасдзинады. Барадхъахъхъæнæг оргæнты æмæ сæрмагонд службæты архайд бæрæг кæныны тыххæй цауы бынатмæ æвæстиатæй ацыд Горæтгæрон районы прокурор Къаболаты Ахтемыр. Цауы бынат æхгæд æрцыд. Басгæрсты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, мадзæлттæ арæзт æрцæудзæн.
Цæгат Ирыстоны скуыста уæлдæргонд цæттæдзинады фæтк, аивдзысты йæ сæрмагонд уынаффæйæ. Ахæм фæндмæ æрцыдысты Æнæнхъæлæджы æмæ зынгсирвæзт ма ‘руадзыны республикон къамисы æмбырды, амыдта йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Куыд рабæрæг, афтæмæй дон бахордта Терчы цæугæдоны сæрты хиды цæджындзтæ Ногир æмæ Михайловскы хъæуты ‘хсæн. Хиды дыууæ уадздзаджы ныккалдысты. Хъуыддаг æрцыд къуырисæры. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон сæйраг управленийы хицау Александр Хоружийы ныхасмæ гæсгæ уый адыл фехæлдысты канализацион коллектор æмæ газы хæтæл. Цæрджыты ‘хсæн хъыгдардбаййафæг нæ разынд, бынæтты цардхъомады хызæг хæлд не ‘рцыд.
Транспорты æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд радзырдта, афтæмæй дыууæ хъæуы хсæн хид сарæзтой 1972 азы, айразмæ цыппæрæм цæджындз фæцудыдта æмæ ныр хиды хай ныккалд. Сергей Меняйло хъуыддаг цæй аххосæй æрцыд, уый рабæрæг кæнын бафæдзæхста, артаджы хæтæл дæр сцалцæг кæнын бахъæудзæн. «Цæрджытæ газæй хъуаг хъуамæ ма уой, хиды сæстытæ афтæ уадзæн нæй, дарддæр сæтдзæн. Йæ раивыны мадзæлттæ сбæрæг кæнут, куыстыты пълан мæм æрбадæттут. Экспертон иртæсты фæстæ бавналут хид халынмæ», — загъта республикæйы разамонæг.
Уый ма бафæдзæхста Мидхъуыддæгты министрадæн фæндаджы хай транспортæн сæхгæнын, Фæндæгтыл æдасæй цæуыны инспекторты посттæ дзы сæвæрын æмæ рухс фæстæмæдæттæг нысантæ сфидар кæнын. Ныртæккæ транспорт Алханчурты цур федералон «Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг» фæндагыл змæлы.
Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Ногиры æмæ Михайловскы ‘рдыгæй фæндаг сæхгæнын хъæуы, нысантæй хъуамæ уа æххæст. Ныр 2024 азмæ æппæт хидты хыгъд хъæуы саразын, экспертон къордмæ йæ бадæттын. Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад хъуамæ цæугæдæттæ расыгъдæг кæной æмæ дæтты былгæрæттæ сфидар кæной.

Абайты Эдуард

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here