«Ирон фынг æрмæст минасы тыххæй нæу…»

0
281

Ирон адæм сæ царды бонты сæ сæрæй уæлдæр æвæрдтой се ‘гъдæуттæ. Кæд нæ ирон традицитæ алчи нæ нымайы æмæ йын ирон фынг, зианы уа æви цины, рæстæг æрвитыны фæрæз йеддæмæ ницы у, уæддæр нæ царды уаг цавæр у, уый алчидæр æмбары. Ирон фынджы традицитæ æххæст кæнын ахсджиагдæр у, æви адæймаджы æнæниздзинад? Медицинон службæйы булкъон, Культурон-рухстауæн змæлд «Иугонд Аланыстон»-ы разамонæг Хæтæгты Владимир куыд хъуыды кæны, афтæмæй нæ нæ ирон æгъдæуттæ уацары æгæр райстой. Кæд алцæмæй йемæ разы не стæм, уæддæр ын йæ хъуыдытæ хæссæм газеткæсджыты размæ.

— Валодя, рагæй фæстæмæ дæ ныхасы сæр у адæймаджы æнæниз цардыуаг. Уымæн та йæ нысан у гуыбын сæрæй уæлдæр ма æвæрын, алцæмæй дæр бæрц зонын. Фæлæ, дæхæдæг æй зоныс, мах, ирон адæм стæм. Æндæр у не’гъдау, нæ уаг. Бирæ сты нæ хæстæ. Æвæндонæй дæр нæ традицитæ æххæст кæнæм, уыдон та бирæ сты: цины, зианы фынгтæ, дзуары бонтæ… Ахæм уавæрты адæймаг йе ‘нæниздзинадыл куыдæй хъуыды кæна?
— Фондз азы размæ нæ республикæ бахауд Уæрæсейы дæс хуыздæр регионы номхыгъдмæ. Фæлæ, регионты ‘хсæн æнæниздзинады тыххæй цы рейтинг сарæзтой, уым та бахаудта фæстаг фондз цауддæр регионы номхыгъдмæ. Уый цæуыл дзурæг у? Рацу ма Дзæуджыхъæуы уынгты, кæддæра расыг адæм æмæ тамако дымджытæ, кæнæ хъæбæр нозт æмæ сигареттæ уæйгæнæн дуканитæ махæй фылдæр искуы фенай. Махмæ цас сты, уыйас Цæцæн æмæ Дагестаны иумæ райсгæйæ, нæ фендзынæ. Иннæ ахæм та нæ ацы хойраджы продукттæ марынц. Афæдзæй-афæдзмæ æнæ бамбигæйæ чи лæууы, ууыл цас химикаттæ хъуамæ уа, ууыл исчи ахъуыды кæнæд. Уыдоны, советон рæстæджы куыд уыд, ахæм экспертизæйы куы уадзиккой, уæд дуканитæ сафтид уаиккой.
Нæ фæсивæд къордтæ-къордтæй бырсынц юридикон, экономикон факультеттæм, куыст та сын нæ вæййы. Фæлæ дзы зæххы куыст никæй хъæуы, адæмæн сæ цæхæрадæттæ кæрдæджы бын фæвæййынц. Афтæмæй та дæхи цæхæрадоны æнæ маргхъæстæйæ цы дыргътæ æмæ халсæрттæ æрзайын кæнай, тайæн дæр уыдон сты. Иннæмæй та, адæймаг цас фылдæр йе’ уæнгтæ змæлын кæна, уый бæрц æнæниздæр æмæ уæнгрогдæр кæны. Фæлæ, уæддæр, ныртæккæ ирон адæмы стырдæр трагеди сты «æнæкæрон» æгъдæуттæ. Нæ фæрæзтæ, нæ рæстæг, не ‘нæниздзинад цæуы æдзухдæр уыдон æххæст кæныныл. Сæ фылдæр хай та сты нæ фынгтæ. Куыд дохтыр, афтæ йæ зонын, инсульт æмæ инфарктæй чи амæлы кæнæ фæрынчын вæййы, уыдонæн сæ 80 проценты вæййынц фырхæрды аххосаг. Ома, ирон фынджы æгъдау кæронмæ акæнын сæйрагдæрыл нымайæм. Уыцы æнамонд хъуыддаджы мах стæм Цæгат Кавказы республикæты ‘хсæн фыццаг бынаты. Уæдæ нæ фыдæлтæм дæр фырхæрд æмæ уæлдай фыд сæвæрын худинагыл нымад уыди. Фыдæлтæй нын ахæм ныхас баззад: «Нарт нарт уæд уыдысты, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой». Æз фидарæй зæгъын: нæ низтæн сæ фылдæр хæрд æмæ нозты аххосæй сты. Уæдæ зæронды кармæ кæмдæр иу йеддæмæ кæй ничиуал цæры, уый дæр уыимæ баст у. Ныртæккæ иунæг адæймаг дæр уæззау куыст кæнæ æххормагæй нæ амæлы.
— Цы зæгъын дæ фæнды, уый тыххæй нæ ирон традицитыл нæ къух сисæм? Алы адæмæн дæр ис сæхи истори, культурæ, уаг æмæ æгъдау. Нацитæ кæрæдзийæ дæр уыдон ‘руаджы хицæн кæнынц. Уæдæ мæх дæр не ‘гъдæуттæ куынæуал æххæст кæнæм, уæд стыр Уæрæсейы мидæг батайдзыстæм.
— Æз нæ традициты ныхмæ ницы зæгъын, фæлæ сæ нæ царды сæйраг нысан скæнæм, уый нæ хорзмæ не ‘ркæндзæн. Нæ алы бæрæгбон дæр сси гуыбын æфсадыны фæрæз. Цæуылнæ ис зæрдæбынæй скувæн бæгæныйæ? Стæй хуыздæр нæ уаид, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ кувæндæтты бын саразын хъазт, спортивон ерыстæ, бæхты дугътæ… Ирон фынджы «хъæбатыртæ» йæ хъуамæ зоной, хъомыладон фæрæз æрмæст сыкъайыл хæцын æмæ кувын не сты, фæлæ хъомыладон мадзæлттæ. Æмæ уыдон æххæст кæныныл зæрдиагæй хъуамæ архайой нæ хистæртæ. Ирон фынг æрмæст бахæрынæн нæу, фæлæ хъуамæ уа хъомыладон фæрæз.
— Æрæджы газет «Северная Осетия»-йы рацыд зындгонд ахуыргонд, экономикон наукæты кандидат, демограф Къæберты Нодары уацхъуыд Ирыстоны демографийы тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæфæлæууæн ныхасæй ницы загъта. Цы хъуыды кæныс уый тыххæй?
— Стыр хъыгагæн, Нодар цы хатдзæгтæ скодта, уыдон раст сты. Наци, фыццаджыдæр, йæхæдæг йæхи скуынæг кæндзæн. Федералон статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2036 азмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ фæкъаддæр уыдзысты 6 проценты. Фæлæ уыдон, мæнмæ гæсгæ, фæкъаддæргонд бæрæггæнæнтæ сты. Зæгъæм, 2013 азы республикæйы цæрджытæ фæфылдæр сты 3400 адæймаджы, 2021 азы та — 1693. 2021 азы райгуырд 8,1 мин сывæллоны, мæлгæ та акодта 9,8 мин адæймаджы. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ сыхаг республикæты сылгоймæгтæ мах арæндæттæм кæй цæуынц, уымæн, æмæ, сæ рынчындæтты бынæттæ нæ фаг кæны. Уый цæуыл дзурæг у?

Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ чызджытæн се ‘мбисæй фылдæр 20 азæй 35 азмæ къайады хыгъды нæ лæууынц, афтæ — лæппутæ дæр. 2011 азы сæ цард баиу кодтой 5414 къайы, хицæн та аисты — 1935. 2021 азы къайад скодтой 2786 адæймаджы, хицæн та аисты 2837 къайы. Басæттын ыл хъæуы, абон чындзæхсæвты дзаджджын фынгтæ фылдæр сты бинонтыл финансон уаргъ сæвæрыны фæрæз, сæ пайда та у хæрзчысыл, уымæн æмæ уыцы хæрдзтæ æмæ куывдтытæ, хъыгагæн, амондæн ницы ахъаз сты. Æгæрыстæмæй, «æрыгæттæн сæ амонд æнустæм иумæ»-йы тыххæй хистæрты куывдтытæ хъуысынц мæстæймарæгау. Растдæр уаид афтæ зæгъын: ныртæккæ нæ бæстæйы Президент Владимир Путин демографи фæхуыздæры мадзæлтты тыххæй аразы бирæ фылдæр рæсугъд гаджидæуттæ хæссынæй. Ныртæккæ алыхуызон материалон æххуыс æрхъуыды кодтой сывæллæттæ æмæ ныййарджытæн, фæлæ уавæр нæ хуыздæр кæны. Уыцы æххуыстæ куынæ уаиккой, уæд ноджы æвзæрдæр уаид. Раздæр та ницавæр æххуыстæ истой, фæлæ, æвæрæз уæвгæйæ, цалдæргай сывæллæттæ хъомыл кодтой.
— Уый тыххæй уæ æхсæнадон змæлд «Иугонд Аланыстон» цы мадзæлттæ аразы?
— Æз мæхæдæг куыд нымайын, уымæ гæсгæ, нацийы аирвæзын кæнæн ис æнæниз фæсивæд схъомылгæнгæйæ. Нæ æхсæнадон змæлды уæнгтæ бакуыстой æмæ сфидар кодтой сæрмагонд уагæвæрд: Ирыстоны патриоттыл нымад цæудзысты æртæ, кæнæ, уымæй фылдæр сывæллæттæ чи схъомыл кæна, уыцы бинонтæ. Ацы нысан сæххæст кæнынæн хъæуы рæзгæ фæлтæры æмкъайады цардмæ цæттæ кæнын. Афтæмæй нæ къухы бафтдзæн бинонты институтæн бындур сæвæрын æмæ этносы рæзты нысантыл бацархайын. Алы æрыгон лæппу дæр йæхимæ хъуамæ райса нæлгоймаджы, бинонты фыды миниуджытæ æххæст кæныны хæс, чызг та — æфсармджын æмæ куырыхон мады миниуджытæ. Уыдонæй æххæст чи уа, уыцы æрыгон бинонтæй аразгæ у дарддæр нæ нацийы хъысмæт. Æнæмæнг, рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын хъæуы патриотизмы бындурыл, цæмæй æмбарой, сыгъдæгдзæсгом уæвын, адæймагæн йе ‘ппæты хуыздæр хъæздыгдзинад кæй у, уый тыххæй та сæ куыстыл ахуыр кæнын хъæуы сæ чысылæй фæстæмæ, хи дарыны фæткыл дæр афтæ. Ноджыдæр ма, не’ змæлд «Иугонд Аланыстон»-ы домæнтæм гæсгæ, патриоттыл нымад цæудзысты, Ирыстоны цæрджытæй фæллойы, аивады, спорты, æфсæддон архайды намысджын хъуыддæгтæ чи равдыста, зæххы куыст чи кæны æмæ фæлхасгæнæгæн экологон æгъдауæй сыгъдæг халсартæ, дыргътæ чи æрзайын кæны, уыцы адæймæгтæ.
— Дæ ныхæстæ раст кæй сты, уый æмбаргæйæ, адæймаджы зæрдæ ноджы ныммæгуыр. Уæддæр нæ, цæмæй æнæниз царды уагмæ рахизæм, уый тыххæй цæмæй райдайын хъæуы?
— Кæй зæгъын æй хъæуы, кæстæр фæлтæрæй. Ныртæккæ хистæр æмæ кæстæр фæлтæры ‘хсæн æнгом бастдзинад куы нæ уа, уæд кæстæрты сæхимæ сайынц æндæр фæндæгтæ, фылдæр — интернеты фæрæзтæ. Æрмæст Фейсбукæй пайдагæнджыты нымæц у 2, 5 миллиард адæймаджы. Уый нæ хорзмæ не ‘ркæндзæн. Хорз уаид, скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты тематикон изæртæ аразын, зæгъæм, Ирыстоныл, фыдызæххыл, æнæниз царды уагыл, бинонты ахастдзинæдтыл, кæстæртæ æмæ хистæрты ‘хсæн бастдзинадыл æмæ æндæртыл.
Ацы темæтыл лекцитæ та хъуамæ кæсой дохтыртæ, психологтæ, социологтæ…
— Цавæр ныстуантæ æрвитыс ирон адæммæ?
— Абон уа æви райсом, мах бахъæудзæн æнæниз царды уагмæ рахизыны сæр, нæ традицитæ та дыккаг бынаты сæвæрын. Кæннод нæ уый хорзмæ не ‘ркæндзæн. Алцæмæн дæр ис бæрц, æмæ уыцы арæнты фæлгæттæй хизын нæ хъæуы. Ныртæккæ нын сæйрагдæр у нæ чысыл наци скуынæгæй бахизын…

Ныхас ныффыста
Джусойты Нинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here