Сывæллæтты фæлладуагъд, туризм, бындурон цалцæг

0
165

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æппæт æмвæзады хицауады оргæнты кусджытæн цы аппаратон æмбырд скодта, уым рæгъмæ рахастæуыд сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъды, туризмы рæзты инфраструктурæйы, фæндæгты æдасдзинады, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фарстатæ.

РЦИ-Аланийы разамонæг уал æмбырды архайджыты æргом аздæхта сывæллæтты фæлладуагъды æппæт фæзилæнтæм, йæ тыхы бацæудзæн 1 июнæй. Уый фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ. Куыд бацамыдта, афтæмæй ацы аз се ‘нæниздзинад фæхъæддыхдæр кæнынмæ æмæ фæллад суадзынмæ арвитдзысты 36 мин сывæллоны. Санаторитæ, скъолаты цур лагертæ сæм æнхъæлмæ кæсынц. Сæ фылдæр социалон æгъдауæй сты æххуысхъуаг бинонты цот. Республикæ цæттæ у сæрдыгон фæлладуагъдмæ.
Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй уал фыццагдæр фæлладуадзæн бынæттæм акæсын хъæуы æдасдзинады домæнтæм гæсгæ. Хъуамæ уыдæттæм æппынæдзух сæ хъус дарой регионалон Мидхъуыддæгты æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадтæ. Уымæй уæлдай ма, бафæдзæхста, цæмæй культурæйы æппæт кусæндæттæ ахъаззагæй бацархайой сывæллæтты фæлладуагъдыл.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй скъолаты цур лагертæ сæрдыгон куыстмæ цæттæ сты. Ацы аз дзы уыдзæн тематикон радтæ, культурон кусæндæттæм цæуыны график æппæт скъолатæн сцæттæ кодтой.
Республикæйы дæрддзæф хъæуты æнæ æхцайæ фидыны фадæттыл дæр ныхас рауад, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ нæм æппæт хъæугæ авналæнтæ ис. «Банктæ дæр уый тыххæй равдыстой сæ цæттæдзинад. Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн уый удæнцойдзинад æрхæсдзæн. Хъуамæ банкæй æхца райсыны фадат уа республикæйы алы цæрæгæн дæр, кæмфæнды куы цæра, уæддæр. Дуканийы дæр йæ бон бафидын куыд уа, фысымуаты дæр — афтæ», — загъта Сæргълæууæг æмæ экономикон рæзты министр Кучиты Зауырæн бахæс кодта фарстайыл бакусын.
Республикæйы Туризмы комитеты раз сæвæрдта, туристон маршруттæ тагъдаразгæ модулон конструкцитæй сифтонг кæныны хæс. Уымæй дарддæр, маршруттыл хъуамæ фæзыной фæндаггон лæггæдты бынæттæ. Сергей Меняйло ма рæгъмæ рахаста, республикæйы федералон программæ «Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ» куыд æнтысы, уыцы фарста дæр.
Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй уал фарон сæ къухы бафтыд йæ фыццаг рад — Дзæуджыхъæуы сарæзтой 200 фатеры, программæйы архайджытæ сæ балхæдтой уæлбар аргъыл. Ацы азы кæронмæ та фатертæ райсдзысты 110 адæймаджы.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй скъолаты бындурон цалцæджы тыххæй куырдиæттæ исынмæ сты цæттæ. «Программæ ахсджиаг у, республикæ дзы рагæй архайы, нæ ахуыргæнæндæттæ нæ бон у сног кæнын. Уымæ гæсгæ хъуамæ уæ куырдиæттæ афойнадыл бадæттат», — загъта Сæргълæууæг районты разамонджытæн.
Кæронбæттæны ма, къуырийы дæргъы цы нысантыл хъæуы бакусын, уыдон фæбæрæг кодта: арæзтадон фæзтыл куыст фæтыхджындæр кæнын, цæрæнбынæтты санитарон уавæр фæхуыздæр кæнын, фæззыгон-зымæгон афонмæ цæттæ кæнын æмæ скъолаты цалцæджы тыххæй куырдиæттæ бадæттын.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here