Уæрæсеимæ баиу уæвынæн

0
97

Рæхджы Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу уыдзæн, ууыл зæрдæ дарын, зæгъгæ, къуырисæры Хуссар Ирыстоны адæм æмæ Парламентмæ ныстуанимæ ныхас кæнгæйæ, республикæйы Президент Гаглойты Алан ахæм хабар фехъусын кодта.

— Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæ, стæй Запорожьейы æмæ Херсоны облæсттæ Уæрæсеимæ кæй баиу сты, Хуссар Ирыстон уымæй райгонд у. Нæ хæлæрттæ Уæрæсеимæ баиу уæвыны геополитикон фадатæй кæй спайда кодтой, уый нын æхсызгон у, — загъта Президент.
Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстонæн ис бæлвырдгонд æддагонполитикон нысантæ: Уæрæсе нымад у æмæ уыдзæн Хуссар Ирыстоны сæйраг æмцæдисоныл. Гаглойы-фырт куыд загъта, афтæмæй, республикæйæн политикон, экономикон æмæ æндæр къабæзты æххуыс кæнынмæ цæттæ чи у, Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы уыцы уæлдæр разамындимæ ис хæлар ахастдзинæдтæ.
Амæй размæ Гаглойты Алан бахæс кодта республикæйы æмæ Уæрæсейы дарддæры иукæнынадимæ баст фарстатыл Уæрæсейы разамындимæ баныхас кæнын, æмæ ацы ныхас цалынмæ цæуа, уæдмæ Уæрæсеимæ иукæнынады тыххæй фарон 13 майы фидаргонд референдумы тыххæй Указы архайд рæстæгмæ бауромын.
Хуссар Ирыстоны саразинаг референдумы тыххæй дзургæйæ, Уæрæсейы Президенты пресс-секретар Дмитрий Песков куыд фехъусын кодта, афтæмæй, дзырддаг æууæл референдумы уагæвæрды кæй ис, уый нымайгæйæ, юридикон уагæй ахъуыды кæнын хъæуы. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова куыд фехъусын кодта, афтæмæй, нæ бæстæйы разамынды хъуыдымæ гæсгæ, Уæрæсеимæ иукæнынады фæдыл референдумы тыххæй Указы архайд рæстæгмæ бауромын æмбæлы. Фарон Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Бибылты Анатоли йæ къух æрæвæрдта референдум саразыны тыххæй Указы. Гæххæтт куыд амоны, афтæмæй референдум хъуамæ ацыдаид фарон 17 июлы.

РИА «Новости»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here