Хӕххон лыжӕтыл бырӕн курорт «Мамысон»-ы 15 июнӕй райдыдтой арӕзтадон куыстытӕ. Проект царды куыд уадздзысты, уый тыххӕй ныхас рауад РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло ӕмӕ «Кавказ.РФ»-ы генералон директор Андрей Юмшановӕн. Фембӕлды архайдта сӕйраг инвестор Гуыриаты Владимир.
Бетъырбухы Дунеон форумы фӕзуаты фӕбӕрӕг кодтой арӕзтады сӕйраг нысантӕ. Андрей Юмшанов куыд бафиппайдта, афтӕмӕй аразджытӕ объектыл кусынц майӕ фӕстӕмӕ, ныртӕккӕ бахиздзысты сӕйрагдӕр къӕпхӕнмӕ.
«Боныхъӕд нӕ уадзы трассӕ аразын, комкоммӕ ауындзгӕ фӕндӕгтӕм, машинӕтӕн ӕрлӕууӕн бынӕттӕм, раткарты гаражмӕ, ӕмбӕлгӕ инфраструктурӕмӕ бавналын. Ацы афон арӕзтадмӕ йӕ бон у бахизын фыццаг резидентӕн дӕр. Нӕ хӕс у иумӕ графикмӕ гӕсгӕ архайын, цӕмӕй хӕххон лыжӕтыл бырыны фыццаг афонмӕ нӕ уазджытӕн фӕзына дзӕбӕх фадӕттӕ», — загъта генералон директор.
Ацы аз «Мамысон»-ы дарддӕр ӕххӕст кӕнынц дыууӕ ауындзгӕ фӕндаджы арӕзтад, сӕ дӕргъ — 5,1 ӕмӕ 20 километры, хӕххон лыжӕтыл бырӕн бынӕттӕ уыдзысты вазыгджын. Ног аразӕг бавналдзӕн, йӕ фӕзуат 6 мин квадратон метры кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм бирӕфадатджын центр, 460 машинӕйы кӕм бацӕуой, ахӕм гом ӕрлӕууӕн бынӕттӕ, митнӕмӕн ӕртӕ машинӕйы фаг ратракӕн гараж аразынмӕ. Йӕ зӕрды ма ис мидӕггаг бахизӕнтӕ сфидауц кӕнын ӕмӕ инженерон хызтӕ бауадзын.
Курорты резидент дарддӕр архайы уазджытӕн бынӕттӕ, ресторантӕ, сноу-парктӕ, ӕмбӕлгӕ туристон инфраструктурӕ аразыныл. Фысымуӕтты уыдзӕн 1100 бынатӕй фылдӕр. Курортмӕ бацӕуӕнты аразынц ӕддагон инфраструктурӕ — бахизӕн фӕндӕгтӕ, быцӕу къултӕ. Объектты сӕйраг хай хъуамӕ 2024 азы сцӕттӕ уа.
«Республикӕйӕн уый у егъау ӕмӕ ахсджиаг проект, царды йӕ рауадзын нын раззаг пъланмӕ рахызт. Нӕхирдыгӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй бацархайӕм, цӕмӕй республикӕ райса фадатджын, хӕрзхъӕд, нырыккон курорт. Нӕ цӕрджытӕ ӕмӕ йӕ нӕ уазджытӕ ӕхсызгонӕй куыд агурой, афтӕ», — фӕбӕрӕг кодта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














