Социалон фонд 2023 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ фиды ӕрвылмӕйон иугонд ӕххуыс 0-17 азы карӕн сывӕллӕтты бинонтӕн ӕмӕ, рагагъоммӕ хыгъды чи слӕууыд, уыцы ӕнхъӕлцаутӕн. Уӕрӕсейы Федерацийы Социалон фонды РЦИ-Аланийы сывӕллонджын бинонтӕн социалон ӕххуысы хайады специалисттӕ дзуапп дӕттынц, арӕх сӕм цы фарстытӕ лӕвӕрд цӕуы, уыдонӕн.
Иугонд ӕххуыс райсыны куырдиӕттӕ ӕвзӕрст цавӕр ӕмгъуыдтӕм цӕуынц?
— Куырдиат равзарыны ӕмгъуыд у 10 кусгӕ боны. ӕндӕр къабӕзтӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ райсыны тыххӕй уыцы ӕмгъуыд, гӕнӕн ис ӕмӕ фӕфылдӕр уа 20 кусгӕ боны онг. Кӕд куырдиат фӕстӕмӕ здӕхт ӕрцӕуа, ногӕй йыл бакусыны фӕдыл, уӕд йӕ равзарыны ӕмгъуыд урӕд ӕрцӕуы — цы хабӕрттӕ дзы нӕ фаг кӕна, уыдон 5 кусгӕ боны дӕргъы бадӕттӕн ис Уӕрӕсейы Социалон фонды Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы хайады кӕцыфӕнды клиентон службӕмӕ.
Кӕцы бонты бафидынц иухаттон ӕххуыс?
— Фыццаг фиддон ӕрвыст ӕрцӕуы ӕххуыс снысан кӕнынӕй 5 кусгӕ боны дӕргъы. Дыккаг мӕйӕ ӕххуыс фиддзысты: банкы уылты картӕмӕ ӕрвылмӕйы 3-аг бон; Уӕрӕсейы посты республикон хайады уылты та 25-ӕм боны онг. Фиддонтӕ бафиддзысты цы мӕй ӕрлӕууы, уый размӕйы мӕйӕн.
Сывӕллӕтты фиддонтӕ ӕмӕ ӕххуыстӕ кӕд ис фӕдарддӕргӕнӕн?
— Сывӕллонджын бинонты иуӕй-иу фиддонтӕ нысангонд ӕрцӕуынц, сӕ уӕлвӕд цас ӕмбӕлы, ахӕм ӕмгъуыдмӕ, иннӕтӕ та бӕлвырд, кӕнӕ сывӕллоны кары ӕмгъуыдмӕ.
Сывӕллонӕн ӕххуыстӕ цавӕр ӕмгъуыдмӕ нысангонд цӕуынц?
— Сывӕрджын сылгоймагӕн иугонд ӕххуыс бафидынц, цы бон ныййара, уыцы боны мӕйы онг. Иугонд ӕххуыс сӕ райгуырдӕй 17 азы онг сывӕллӕттӕн нысангонд цӕуы 12 мӕймӕ. Иннӕ 12 мӕйӕн бадӕттын хъӕуы ног куырдиат, уыимӕ, ногӕй бӕрӕггонд цӕуы, бинонтӕ цас хъуаг ӕййафынц, уый. Афӕдз ӕмӕ ‘рдӕджы онг сывӕллонмӕ зилыны тыххӕй кусӕг ныййарджытӕн ӕрвылмӕйон ӕххуыс нысангонд цӕуы проактивонӕй ӕмӕ йӕ дарддӕр кӕнын нӕ хъӕуы.
Ӕнӕ Уӕрӕсейы Социалон фонды ӕххуысӕй куыд ис баивӕн, иугонд ӕххуыс чи ӕрбарвиты (пост банкыл кӕнӕ та иннӕрдӕм) кӕнӕ хыгъды, картӕйы реквизиттӕ?
— Ӕппӕты хуымӕтӕгдӕр паддзахадон лӕггӕдты порталы (gosuslugi.ru) хи кабинетмӕ бацӕуын, равзар хайад «Лӕггӕдтӕ. Пенситӕ. Льготӕтӕ» (уӕллаг панелы) дарддӕр — «Реквизиттӕ баивын ӕмӕ иугонд ӕххуыстӕ райсыны фадат» ӕмӕ куырдиат ныффысс формӕмӕ гӕсгӕ.
Цы хауы иугонд ӕххуысмӕ?
— Иугонд ӕххуыс иу кӕны 6 фиддоны: ӕрвылмӕйон ӕххуыс рагафон хыгъды слӕууӕг сывӕрджынӕн; ӕххуыс, чи нӕ кусы, уыцы граждӕнтӕн 1,5 азы онг сывӕллонмӕ зилыны тыххӕй; ӕрвылмӕйон ӕххуыс фыццаг сывӕллонӕн 3 азы онг; ӕрвылмӕйон фиддон ӕртыккаг ӕмӕ уый фӕстӕйы сывӕллӕттӕн 3 азы сыл сӕххӕсты онг; ӕрвылмӕйон ӕххуыс 3 азӕй 7 азы онг сывӕллӕттӕн; ӕрвылмӕйон ӕххуыс 8 азӕй 17 азы онг.
Иугонд ӕххуысимӕ цавӕр фиддонтӕ ис райсӕн ӕмрӕстӕджы?
— Иугонд ӕххуысимӕ райсӕн ис 3 азы онг кӕцыфӕнды сывӕллоны ныййарӕджы капиталы ӕрвылмӕйон фиддон; ӕххуыс кусӕг граждӕнтӕн афӕдз ӕмӕ ‘рдӕджы онг сывӕллӕттӕм зилыны тыххӕй; 3-7 азы онг, 8-17 азы онг раздӕр ӕндӕр сывӕллӕттыл фыст ӕрвылмӕйон ӕххуыстӕ.
Уӕрӕсейы Социалон фонды РЦИ-Аланийы хайады пресс-службӕ














