Бетъырбухаг Дунеон экономикон форумы фӕзты РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Дзанайты Барис кусӕг фембӕлд сарӕзта Уӕрӕсейы ӕддӕгон Экономикон Банчы амалхъомадон блокы ӕххӕстгӕнӕг директор, «ПроШкола»-йы генералон директор Алисӕ Денисоваимӕ. Рӕгъмӕ рахастӕуыд ахуырады иумӕйаг проекттӕ царды уадзын ӕмӕ дӕрддӕры ӕмгуыстады фарстатӕ.
Ныртӕккӕ концессийы фӕлгӕты «ӕЭБ» сразы Дзӕуджыхъӕуы Дзӕуджыхъӕуккаг уынджы скъолайы арӕзтадыл. Объекты аргъ у 1,5 миллиард сомы, бынӕттӕ дзы уыдзӕн 1100 сывӕллонӕн, сцӕттӕ уыдзӕн 2024 азы кӕрон. Уӕдӕ Магкайы-фырты уынг ӕмӕ «Ног горӕт»-ы микрарайоны 550 бынӕттимӕ скъолаты арӕзтадыл дӕр ныхас рауад. Паддзахадон корпорацийы дӕлкомпани «ПроШкола»-имӕ ӕмгуыстады фӕлгӕты республикӕ объектты социалон инфраструктурӕ саразыны фарстатӕн уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ радих кӕныны нысантӕ фӕбӕрӕг кодта.
Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтӕмӕй «ПроШкола»-йы ахадгӕ мадзӕлтты руаджы республикӕйы социалон-экономикон объекттӕ ӕмбӕлгӕ ифтонггӕрзтимӕ саразӕн ис. «Ахуырады ног хызы рӕзтӕн нӕ бон фадӕттӕ саразын у, сывӕллӕттӕн та — рӕстӕджы домӕнтӕм гӕсгӕ хӕрзхъӕд зонындзинӕдтӕ, фадатджын уавӕртӕ. Хъуамӕ нӕ куыст уыцырдӕм саразӕм. Нырма нӕ зӕрды ис скъола 550 бынатимӕ саразын, 2024-2025 азты йӕм хъуамӕ бавналой. Паддзахадон корпорациимӕ не ‘мгуыстад хъуамӕ рӕза», — загъта Хицауады Сӕрдар.
Алисӕ Денисова куыд радзырдта, афтӕмӕй «ПроШкола» цӕттӕ у республикӕимӕ куыстмӕ. «Кӕд ӕмӕ Уӕрӕсейы Рухсады министрад арӕзтадон объекттӕ равзӕрста, уӕддӕр «ПроШкола» дарддӕр ног объектты арӕзтады тыххӕй куырдиӕттӕ исы. РЦИ-Аланийы Хицауадимӕ баныхас кодтам, не ‘мгуыстад фӕуӕрӕхдӕр уыдзӕн. Республикӕйы ног скъолатӕ аразынмӕ мах цӕттӕ стӕм», — фӕбӕрӕг кодта «ПроШкола»-йы генералон директор.
Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин республикӕйы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлоимӕ куы фембӕлд, уӕд ӕддагон Экономикон Банчы фӕрӕзтӕй спайда кӕныны хӕстӕ сӕвӕрдта. Инфраструктурон, экспортон ӕмӕ промышленнон объектты арӕзтады сӕ спайда кӕнӕн ис.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














