Фаццаградон хæс — сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бартæ

0
240
????????????????????????????????????

Уæд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты æвддæсæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Депутаттимæ иумæ æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, тæрхондоны, барадон оргæнты бæрнон кусджытæ, бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Депутаттæ дыккаг бакасты кæй равзæрстой æмæ уый фæдыл цы закъонтæ сфидар кодтой, уыдон ноджы бæлвырддæр кæнынц республикæйы хицæн закъонæвæрынадон акттæм хаст ивддзинæдты нысан, нывыл кæнынц бынæтон хиуынаффæйады оргæнты куыст, стæй зæххы политикæйы ахастдзинæдтæ, нæ республикæйы инвестицион архайдæн аразынц ноджы хуыздæр уавæртæ. Фарстаты фæдыл ныхас кодтой Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан, промышленносты, транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат, бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр, наукæйы, ахуырады, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева, зæххы æмæ аграрон политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Качараты Олег.
Афтæ, Парламенты социалон политикæйы, æнæниздинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ раныхас кодта «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сывæллæтты æнæниздзинад æмæ сæ уды сыгъдæгдзинад бахъахъхъæныны мадзæлтты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проектыл. Ныхас дзы цы мадзæлттыл цæуы, уыдон баст сты, «энергетик» кæй хонынц, стæй, газ кæм ис, нуазыны ахæм адджын дæттæн интернеты цы рекламæ вæййы, уымæн гæрæнтæ сæвæрыныл. Закъоны проектмæ каст æрцыд дыккаг бакасты, афтæмæй, депутаттæ закъон сфидар кодтой.
Депутаттæ æркастысты, республикæйы Хицауад кæй бацæттæ кодта, республикон уыцы закъонты проектты къордмæ дæр. Се ‘ппæт дæр æвзæрст æрцыдысты фыццаг бакасты. Сæ иу уыд «Сывæллон фæдарыны тыххæй йæ æвджиддарæн бафыстыты уагæвæрды æмæ сæ бæрцы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъоны 4 статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ.
Бæрæг куыд у, афтæмæй, сидзæрæй цы сывæллон баззад, уый ног бинонтæм хъомыл кæнынмæ куы радтынц, уæд ын закъонмæ гæсгæ ис æрвылмæйон бафыст — 12 мины 818 сомы. Ногдзинадæн та йæ мидис у, амынд бафыстытæ сывæллонæн кæй уыдзысты, развæлгъауы æвджиды цалынмæ уа, уыцы рæстæг дæр. Ныхас цы сывæллæттыл цæуы, уыдоныл ма ацы аз бафтыд 95 сывæллоны. Развæлгъауы æвджиды дзы ныртæккæ ис 34 сывæллоны.
Айдарты Алинæ ма депутаттæн сæ размæ рахаста «Ныййарджытыты ‘рдыгæй æнæ æвджидæй чи баззад, стæй, сидзæрæй чи баззад, уыцы сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Гæххæтты куыд загъд ис, афтæмæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы сидзæртæн ис цæрæнуат иннæтæй раздæр райсыны бар. «Ахæмтæ нæ республикæйы ис 24 адæймаджы, æдæппæт та, цæрæнуат райсыны тыххæй рады чи лæууы, афтæмæй 18 азы кæуыл сæххæст, уыцы æрыгæтты нымæц нæм у 1 149 адæймаджы», — загъта министр.
Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд депутаттæ Цæгæраты Русланмæ, Дудайты Черменмæ, Елдзарты Медеямæ.
Дыууæ закъоны проекты фæдыл дæр æмдокладтæ скодта Реуазты Ларисæ, афтæмæй сæ депутаттæ фыццаг бакасты æркæсыны фæстæ сфидар кодтой.
Уымæй уæлдай, депутаттæ сæ раздæры æмбырдты цы æртæ ахсджиаг фарстамæ байхъуыстой æмæ равзæрстой, уыдоны фæдыл ныр сфидар кодтой Парламенты уынаффæты проекттæ. Уыцы æртæ фарстайы уыдысты: «Кировы районы социалон-экономикон рæзты тыххæй, йæ лыггæнинаг фарстаты, бынæттон хиуынаффæйады куысты æмæ, национ проекттæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй» Кировы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæрдары хъусынгæнинаг; «2020-2025 азтæм «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы дзыллон хабархæссæг фæрæзты, дзыллон коммуникациты, стæй мыхуыр æмæ чингуытæ уадзыны къабазы райрæзты» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Паддзахаддон программæ æххæст кæныны тыххæй» раныхас; «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады субъекттæн æххуысы мадзæлтты тыххæй» раныхас.

Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here