“Хорздзинады академи”

0
22

Цæгат Ирыстоны регионалон фæивæдон ахуырадон форум «Хорздзинады академи»-йы куысты архайдта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Ацы бонты форумы фæзуат æрбамбырд кодта республикæйы фæсивæдон æхсæнадон æнæкоммерцион æмæ бархион организациты 50 активисты. Æртæ боны дæргъы уыдон архайдзысты интеллектуалон æмæ сфæлдыстадон мадзæлтты, лекциты, фембæлдзысты федералон æмæ регионалон эксперттимæ.
Мадзал байгом кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз бахахх кодта ахуырадон форумы сæрмагонд ахадындзинад.»Ахуырад у рæзты сæйраг рахæцæнтæй иу, уымæ гæсгæ хъæуы æппæт гæнæнтæй пайда кæнын профессионалон зонындзинæдтæ райсынæн. Нæ цард алывæрсыг у, æмæ дзы, æнæмæнг, хъуамæ бынат уа æхсæнадон архайдæн», — загъта Парламенты Сæрдар.
Хицауады закъонæвæрæг оргæны разамонæг фæбæрæг кодта, нæ бæстæ рагæй нырмæ дæр йæ хæрзаудæны традицитæй бæрæг кæй дардта, æмæ фæсидт æрыгон фæсивæдмæ, цæмæй, бархионты змæлд фæзмгæйæ, «ахуыр кæной хицæн адæймæгты истори æмæ сæ царды уыдоны хуызæн уæвынмæ тырной».
Форумы фæлгæты, нæ бæстæйы адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн æххуыс хъæппæристы автортæн æхсæнадæмон преми #МЫВМЕСТЕ-йы регионалон къæпхæны фæуæлахизуæвджыты схорзæхджын кодтой премийæ.
«Мæнæн тынг æхсызгон у абон, æхсæнадон архайд зæрдиагæй чи кæны, уыдоны ‘хсæн уæвын. Абон мах хæрзиуæг кæмæн дæттæм, уыдоны архайдæй бæрæг у, æхсæнады сагъæстæй кæй цæрынц», — бахахх кодта Тускъаты Таймураз, хæрзиуджытæ дæтгæйæ.
Номинаци «Нацийы æнæниздзинад»-ы бæрзонд аргъ кæмæн скодтой, уыцы проекттæй иу арæзт стджыты магъз лæвар дæттыны пропагандæ æмæ райрæзт Цæгат Кавказы федералон зылды цæрджыты ‘хсæн Уæрæсейы стджыты магъзы Национ регистр фæуæрæхдæр кæныны охыл. Проекты разамонæг у Цæгат Ирыстоны Медицинон академийы 4-æм курсы студенткæ Джиголаты Ланæ, царды ауадзынмæ та йын æххуыс кæны Хæрзаудæн фонд «Быть добру».
«Донорты марафоны руаджы республикæйы цыппар адæймаджы систы стджыты магъзы донортæ, æртæ минæй фылдæр та хъавынц ахæм донортæ суæвынмæ», — зæгъы проекты разамонæг.
Номинаци #МЫВМЕСТЕ-Россия»-йы хуыздæр проектты ‘хсæн — Хæрзаудæн фонд «Быть добру», бархиондзинад «Кавказы бархион»-ы Цæгат Кавказы Фæрæзты центр.
Тускъаты Таймуразимæ фембæлды йæм фæсивæд лæвæрдтой фарстатæ алыхуызон темæтыл.
Регионалон фæсивæдон ахуырадон форум бархиондзинады къабазы «Хорздзинады академи» арæзт цæуы 2021 азæй нырмæ æмæ иу кæны, 16 азæй 25 азы онг кæуыл цæуы, уыцы фæсивæды Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты комитет æмæ Культурæйы паддзахадон бюджетон уагдон «Фæсивæды галуан»-ы хъæппæрисæй.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here