Ног къабаз байгом уыдзæн

0
65

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет цæттæ кæнын райдайдзæн историон-культурон туризмы специалистты. Ацы хабар фехъусын кодта ахуыргæнæндоны ректор Огъуаты Алан.

Университеты разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, нæ республикæ рагæй у историон туризмы специалистты хъуаг. Ныртæккæ мидбæстон туризм адæммæ кадджын кæй у, уый нымайгæйæ, бакалаврты цæттæ кæныны хъуыддагæн ис уæлдай стырдæр ахадындзинад. Программæйы хæс у Уæрæсейы историон-культурон туризмы специалистты цæттæ кæнын.
— Иннæ аз историон факультеты байгом кæнынмæ хъавæм цæт-тæкæнынады ног къабаз — «Истори. Историон-культурон туризм». Ацы къабазы специалистты цæттæ кæнгæйæ, регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, æнæмæнг, стыр æргом аздахдзыстæм нæ республикæйы историон-культурон бынтæ хъахъхъæныны хъуыддагмæ, — загъта Огъуайы-фырт.
Археологон æмæ этнографион практикæ чи цæудзæн, уыцы студенттæн амондзысты Цæгат Кавказы истори, экскурсииртасынад æмæ æндæр дисциплинæтæ. Англисаг æвзаг ахуыр кæныны рæстæг уæлдай фылдæр æргом аздахдзысты туризмы къабазы æвзаг цæттæкæнынадмæ.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here