«Рæстдзинад» — 2024 азы фыццаг æмбисæн

0
280

2024 азы фыццаг æмбисæн газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны сæйраг кампани райдыдта ацы азы 1 сентябры. Иннæ хæттытау ныр дæр та «Рæстдзинад»-ы иузæрдион кæсджытæ рафысдзысты сæ уарзон газет.
Фæлæ цард «зынаргъдæр» куыд кæны, афтæ рæстæгæй-рæстæгмæ бафты газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны аргъыл. Афтæ, хъыгагæн, уыдзæн ныр дæр. 2024 азы фыццаг æмбисæн газет «Рæстдзинад» рафыссыны аргъ у 1 319 сомы æмæ 10 капеччы, адæмы льготон къордтæм чи хауы, уыдонæн та газет рафыссæн ис асламдæрæй, ома, 1 077 сомы æмæ 30 капеккæй.

Нæ зынаргъ газеткæсджытæ, Ирыстоны истори, ирон адæмы æгъдæуттæ, ирон æвзаг, ирон фысджыты, нывгæнджыты уацмыстæ зонын уæ кæд фæнды æмæ, нæ рæзгæ фæсивæд сæ мадæлон æвзаг уарзой æмæ йæ ахуыр кæной, уымæ кæд бæллут, уæд, уæ хорзæхæй, рафыссут газет «Рæстдзинад». Æмæ æхсæз мæйы дæргъы алы хæдзармæ дæр хæсдзæн ног хабæрттæ, зонгæ уæ кæндзæн, Ирыстоны æмæ Уæрæсейы царды цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдонимæ, дзурдзæн уын нæ ивгъуыды, нæ абон æмæ нæ сомбоны тыххæй.
Алы ирон хæдзарæн дæр — газет «Рæстдзинад»!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here