Шанхайаг организацийы бæстæтимæ — æмгуыстад

0
189

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видеобастдзинады фæрцы архайдта Æмгуыстады Шанхайаг организацийы регионты разамонджыты форумы. Хъуыддаджы национ хайы Дзанайы-фырт архайдта куыд Цæгат Кавказы федералон зылды минæвар.

Форумы уæнгтæм арфæйы ныхæстимæ фæсидтысты Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Урайлаг федералон зылды Владимир Якушев, Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Дмитрий Вольвач, Челябинскы облæсты губернатор — Æмгуыстады Шанхайаг организацийы форумы национ хайы секретариаты сæрдар Алексей Текслер.
Нырыккон уавæрты транспортон-логистикон фæндæгты рæзты тыххæй радзырдтой бæстæйы æппæт федералон зылдты разамонджытæ. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Шанхайаг организацийы уæнгтимæ æмгуыстад зæрдæрайгæ фадæттæ дæтты республикæйæн. Уæрæсейы æппæт регионтæ дæр сæ фæхайджын уыдзысты.
Цæгат Ирыстоны географион уавæр бар дæтты экономикæты ‘хсæн архайдæн. Республикæ ис транспортон къæридоры, иуæрдыгæй дзы цæуы Дайранмæ фæндаг, иннæрдыгæй — Транскавказаг фæндаг. Уыдæтты руаджы Фæскавказы, Хæстæг æмæ Астæуккаг Скæсæны паддзахæдты бæтты базарадон-экономикон æгъдауæй. Дзанайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй стыр куыст бакодтой уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ыл, тæлмыты бæрц схызт 39-мæ, уæдæ аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы дæр фæзынд ног нырыккон терминал.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон сæрæн архайд кæны æддагон экономикон къабазы Æмгуыстады Шанхайаг организацийы уæнгтимæ. Уыдонимæ сты Инди, Китай, Иран, Казахстан, Киргизи, Пакистан, Узбекистан, Таджикистан. Æддагон базарадон зилдух ацы азы фыццаг æмбисы рауад 10 милуан доллæры бæрц. Товарты къорды сты хъæууонхæдзарадон продукттæ, хойраджы товартæ, дон, хъацæнтæ, хомаг, арæзтадон æрмæджытæ, хъæдын дзаума, бæрзонд технологон продукци.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы разамынд архайы, цæмæй товаруадзджытæм æххуыс хæццæ кæна, ис сын фадæттæ дунеон базарадмæ рахизынæн, Шанхайаг организациимæ æмгуыстадæн. «Авналæнтæ парахатдæр кæнынц, регионалон экспортон стандарт сарæзтам. Æппæт ахсджиаг фарстатæм кæсы экспертон совет, йæ разамонæг — РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Республикæйы хъомыс нымайгæйæ, экспорты программæйыл бакуыстам. Туризмы къабазы нæ зæрды ис Шанхайаг организацийы бæстæтимæ бакусын, ныртæккæ Цæгат Ирыстон зæрдæмæдзæугæ регион у. Балцы араст кæныны тыххæй нæм бирæ туристтæ æрцæуынц, ацы ран нæ фæнды дунеон туризмы рæзтыл бакусын, Шанхайаг организацийы бæстæтæ нын ахсджиаг сты», — загъта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here