Сабырдзинад æмæ кæрæдзи æмбарыны уагыл

0
279

Республикæйы Адæмты хæлардзинады хæдзары хъæппæрисæй национ-культурон æхсæнæдтæ æмæ центртæн арæзт æрцыд барадон архайды фæзилæнты семинар. Æхсæнæдтæ æмæ центрты разамонджыты фембæлдмæ æрбахуыдтой Прокуратурæ, Юстицийы министрад, Уæрæсейы Федерацийы хъалонты оргæнтæ, Уæрæсейы Федерацийы социалон фонд, РЦИ-Аланийы Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны æххæстбарджыны аппарат æмæ Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы разамонджыты.

Фембæлды архайджытæн арфæйы ныхас загъта æмæ æмбырд байгом кодта РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министры фыццаг хæдивæг Андрей Бессонов.
РЦИ-Аланийы национ-культурон æхсæнæдтæ æмæ центрты 2023 азы архайды æмæ фидæны 2024 азы куысты нысанты тыххæй уыд йæ раныхас Цæгат Ирыстоны адæмты ‘хсæн регионалон æхсæнад «Нæ Ирыстон»-ы сæрдар, Уæрæсе æмæ Ирыстоны Æхсæнадон палатæты уæнг, æхсæнадон организаци «Уæрæсейы адæмты ассамблейы» регионалон хайады сæрдар Лагкуты Вячеславæн. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы арæзт æрцыд æхсæнадон-паддзахадон организаци «Уæрæсейы адæмты ассамблей». Йæ нысан у адæмты цардыуаг æмæ культурæ хъахъхъæнгæйæ алы адæймаджы бартæ дæр хъахъхъæнын, йæ девиз та — «Адæмты хæлардзинад — Уæрæсейы æнгомад».
Æмбырды архайджыты зæрдæмæ тынг фæцыдысты РЦИ-Аланийы Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны æххæстбарджын Цгъойты Тамерлан, РЦИ-Аланийы паддзахадон юридикон бюройы директор Хъантемыраты Олег, РЦИ-Аланийы Уæрæсейы Социалон фонды регионалон службæйы хайæдты хицæуттæ Маринæ Притула æмæ Иринæ Анисимова, Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы министрады РЦИ-Аланийы управленийы хайады хицауы хæдивæг Маринæ Исмаилова, Уæрæсейы Федерацийы Хъалонты службæйы РЦИ-Аланийы барадон хайады хъалонты паддзахадон инспектор Туаты Бэллæ, Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы хайады хицау Хъайтмазты Беллæ æмæ хайады хицауы хæдивæг Хъодзаты Стеллæ, Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы прокуроры æххуысгæнæг Еленæ Ремизовайы арфхъуыдыджын, бæстон раныхæстæ.
Се ‘ппæты дæр иу кодта ахæм хъуыды, зæгъгæ, абон тынг ахсджиаг у паддзахадон, бынæттон хиуынаффæйады, уагдæттæ æмæ æхсæнадон организациты оргæнты архайд баиу кæнын, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы хуссайраг регион Цæгат Ирыстон-Аланийы фидардæр кæна кæрæдзи æмбарынад æмæ сабырдзинад. Уый тыххæй та зæрдиагдæрæй архайын хъæуы, æмгуыстæн цы фарстатæ фæнысан кодтой, уыдон æххæст кæныныл. Семинары бæрæггæнæнтæ бахыгъта РЦИ-Аланийы Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары директор Александр Охотников. Уый зæрдæ бавæрдта, Хæлардзинады хæдзар федералон закъонæвæрынады уагыл кæй архайдзæн национ-культурон æхсæнæдтæ æмæ центрты æмгуыстад фæфидардæр кæныныл министрадтæ æмæ ведомствæтимæ.

Хъайтыхъты Тамарæ,
РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты
министры
уынаффæгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here