Хæрзиуджытæ — хæстонты бинонтæн

0
55

Сæрмагонд æфсæддон операцийы Ирыстоны сахъ фæсивæд æвдисынц, иннæ архайджытæн дæнцæг чи у, ахæм лæгдзинад æмæ æхсар. Нæ бирæнацион республикæйы минæвæртты хъæбатырдзинадæй сæрыстыр стæм не ‘ппæт дæр. Фæлæ хæст хæст у, æмæ дзы мæлæтæн дæр ис бынат, æмдзу кæны, знаджы ныхмæ хъæддых чи лæууы, уыдонимæ.

 Хъыгагæн, фронтæй æдзух æхсызгон хабæрттæ нæ хъуысы, Иры хъæутæй бирæтæм сыхъуыст сау хабар, уæ фырт хъæбатырæй фæмард, нæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ сабырдзинады тыххæй йæ сæр нывондæн æрхаста, зæгъгæ.
Паддзахад æппæт мадзæлттæ аразы, цæмæй фæмардуæвæг хæстонты бинонтæ рохуаты ма баззайой, нысангонд социалон æххуысады мадзæлттæ сын æххæстæй лæвæрд цæуой. Уымæ нæ республикæйы разамонæг æмæ Хицауад иудадзыг сæ цæст дарынц.
Афтæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд, сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтимæ. Цæгат Ирыстоны разамонæг, цардæй чи фæхъуыд, уыцы æфсæддонты хиуæттæн хъыгзæрдæйæ ратæфæрфæс кодта æмæ сæм радта, хъайтардзинады тыххæй сæ мæлæты фæстæ хорзæхгонд цы хæрзиуджытæй æрцыдысты, уыдон.
«Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указмæ гæсгæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, æхсар æмæ хъайтардзинад чи равдыста, йæ цард Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау ратгæйæ, уыдон хорзæхджынгонд æрцыдысты Лæгдзинады орденæй», — фæбæрæг кодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæйы.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here