Фæсте нæ лæууынц

0
58

Рæстæг куыд цæуы, афтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысгæнджыты нымæц кæны фылдæр. Ацы хатт акци «Схъарм кæн салдаты» расидтысты црайуæгтæ. Бавдæлдысты, æмæ æрæмбырд кодтой хуыссæнгæрзтæ, хъарм цъындатæ, скодтой æмбæхсæн хызтæ.

Æртыккæгæм мæй црайуаг сылгоймæгты къорд бийынц уыцы хызтæ нæ хæстонтæн. Хъуыддагæн бындур сæвæрдта Гæдзалаты Фатимæ. Йæ цуры æрбалæууыдысты хъæуккаг сылгоймæгтæ. Æмбалты Маргаритæйæн фыццæгты зын уыд. Ацы куыстыл чысыл рæстæг нæ хардз кæнынц, домы лæмбынæг уæвын. Йæ ахуырдзаутæй бирæтæ сты тохы быдыры, уый та ам, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, архайы, йæ бон куыд у, афтæ. Хорз æмбарынц йе ‘мбæлттимæ сæ архайд, гæнæн ис, æмæ суанг кæйдæр мæлæтæй дæр аирвæзын кæна. Къорды уæнгтæ Гæдзалаты Фатимæ, Есенаты Ритæ, иннæ сылгоймæгтæ алыхуызон нывæфтыд хызтæ бийынц: иу ран зæхх митæй æмбæрзт у, иннæ ран — хъæмпæй, кæмдæр та цъыфдзаст у. Ныр бийынц, фæззыгон-зымæгон уавæрты хуыздæр чи бамбæхсдзæн танктæ æмæ акъоппытæ, ахæм хызтæ. Куыст цæмæй цырддæр цæуа, уымæн æрхъуыды кодтой сæхи технологи: хъуымац фисынмæ лыг кæнынц æмæ йæ бæттæныл афтæ бафидар кæнынц, цæмæй змæла.
Кусынц къордæй, бонæй-бонмæ сæ нымæцыл æфты. Црауы администраци æмæ «Ирыстонæй —уарзондзинадимæ»-йы сæйраг штаб архайынц хæстонтæн алывæрсыг æххуыс кæныныл.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here