Æнтыстджын къахдзæфтæй

0
117

РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан фембæлд республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ.

Йæ разныхасы фехъусын кодта ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ æмæ фидæнмæ нысантæ. Куыд загъта, афтæмæй 2023 азы хъæу-уонхæдзарадон продукци уагъд æрцыд 46 миллиард сомы аргъ, (уымæй размæ ацы бæрæггæнæн уыд 39 миллиарды).
– Афтæмæй, зæгъæн ис, афæдз æнтыстджынæй ахицæн кодтам. Паддзахадон æххуыс субсидитæ æмæ грантты хуызы нæ республикæйы хъæууон хæ-дзарады кусджытæн федералон æмæ республикон бюджетæй радих кодтам 2150,79 милуан сомы. Уымæй размæ 2022 азимæ абаргæйæ, уый у, дыууæ хатты фылдæр, – загъта министр.
Зæххы куысты кой кæнгæйæ, фæнысан кодта, фылдæр æргом здæхт кæй цæуы хоры культуртæм. Зæгъæм, æдæппæтæй нæм цы 190 мин гектары ис хуымзæххытæ, уыдонæй 100 гектарыл æрвылаз байтауынц нартхор нæмыгæн.
Хоры культуртæй ив-гъуыд аз æркарстам 857 мин тоннæйы, уый у 68,9 мин тоннæйы фылдæр ивгъуыд азы тыллæгæй. Зæхкусджытæ алывæрсыг æххуыс артаг самал кæнынæн республикон бюджетæй райстой 415,6 милуан сомы.
Журналистты фарстытæн дзуаппытæ дæтгæйæ, Къусраты Алан куыд загъта, афтæмæй картофы фæз-уæттæ зынгæ фæкъаддæр сты, уымæ гæсгæ, тыллæг дæр рауад 12,3 мин тоннæйы къаддæр, кæнæ 42,5 мин тоннæйы картоф сæмбырд кодтой хæдзарæдты. Халсарты тыллæг фарон рауад 26,7 мин тоннæйы.
Паддзахад стыр æргом здахы дыргъдæтты райрæзтмæ. 305 гектары Цæгат Ирыстоны хæдзарæдты ныссагътой ног бæлæстæ, æдæппæтæй та ацы къабазæн радих кодтой 130,5 милуан сомы.
Министр æхсызгонæй фехъусын кодта, ивгъуыд аз 298 гектарыл сæнæфсирдон кæй скодтой, уый. Кæй фæнды ацы куыст кæнын, уыцы инвесторты нымæц рæзы.
Æрдзон уавæртæй бирæ аразгæ у зæхкусæгæн йæ куысты бæркад, уымæ гæсгæ, донхорыджы фарс-та ахсджиаг у. 354,3 мил-уан сомы æххуыс райстой 10 хæдзарады, афтæмæй 4667 гектары хуымтæ донæй æфсæст уыдзысты. Ихуардæй бахъахъхъæнынæн министрад бадзырд бафыста Цæгат Кавказы æфсæддон службæимæ. Æдæппæтæй их чи æхсы, ахæм сæрмагонд хæцæнгарз лæууы 14 раны.
Уæлæмхасæн инвестицион кредитты фæрцы хæдзарæдтæ балхæдтой нырыккон мæркусæн æмæ æндæр техникæ.
Раппæлинаг куыст кæнынц егъау дыргъдон «Казачий хутор»-ы. Бантыст сын саразын, 50 мин тоннæйы кæм цæудзæн, дыргътæ æфснайæн æмæ пластикæй контейнертæ кæм аразынц, ахæм цех дæр. Компани «Фат-Агро»-йы йæ куыст райдыдта селекцион ног центр. Картофы хæрзмыггаг нæхи республикæ æмæ иннæ регионты фаг дæр уыдзæнис. Цы хæрдзтæ скодтой ацы дыууæ хæдзарады, уыдоны иу хай сын паддзахад бафыста.
Сæрмагондæй министр ныхас кодта фосдарынады къабазы тыххæй дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 109 куыстуаты дарынц дуцгæ хъомтæ – 7318 сæры, æхсыр сæ афæдзмæ æрдыгътой 39650 тоннæйы.
Æдæппæтæй та, афæ-дзы райдайæнæй стурвосы нымæц алы хуызы хæдзарæдты уыд 11657 сæры.
68 хæдзарады дарынц 87928 сæры фыстæ. Мæргътæ та 2023 азы кæронмæ уыдис 450 мин сæры.
Æнтыстджын къахдзæфтæ кæнынц, кæсæгтæ чи дары, уыцы куыстуæттæ. 6,1 мин тоннæйы кæсаг ауæй кодтой ивгъуыд аз. Хæстæгдæр рæстæг нæхи республикæйы фæзын-дзæн хæрзмыггаг кæсæгты селекцион центр.
Бинонты фермæтæ, хъæууонхæдзарадон кооперативтæ, фермерон хæдзарæдты райрæзтæн 2025 азы онг æххуыс уыдзæн грантты хуызы. Зæгъæм, 2023 азы 94 адæймаджы райстой 347 милуан сомы. Балхæдтой дзы стурвос, фыстæ, цъиутæ, кæсаджы лæппынтæ, мыдыбындзытæ, бæхтæ, талатæ.
Пресс-конференцийы ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here