Алы ран дæр рæсугъд фæд ныууагъта

0
91

Зæххыл æнæмæлгæ дуне нæй, фæлæ дæ фæстæ фарн куы ныууадзай, адæм сæ мысинæгты дæ хорзы кой куы кæной, уæд уый амондджын мард у, фæзæгъынц, зæххыл дзæгъæлы нæ фæцард уыцы адæймаг. Афтæ, æнæмæнг, зæгъæн ис Гетъоты Андрейы фырт Юрийæ. Æргомдзырд, хæларзæрдæ æмæ хъæлдзæг адæймаг.

Æрдз ын радта раст зонд æмæ миддунейы хъæздыгдзинад. Йæ конд, йæ уындæй бæрæг дардта. Царды бирæ зындзинæдтæ кæд федта, уæддæр рæсугъд фæндагыл рацыд. Хорз бинонтæ скодта, йæ дзæбæх кæстæрты раст фæндагыл сæвæрдта. Адæймаджы ма æндæр цы хъæуы?
Гетъоты Юри райгуырд Сырх-Дыгуры хъæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ. Тохы быдырмæ ацыд æнахъом сабитæн сæ фыд. Дæсаздзыд лæппу стыр ныфс уыд йæ мад æмæ кæстæр хотæн. Хъæу иуæндæс хатты къухæй-къухмæ цыдис, Гетъоты хæдзар знаджы бомбæтæй фехæлд. Хæдзары хицау сыздæхт фронтæй 1-аг къорды инвалидæй.
Юри астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд ахуырмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультетмæ. Ахуыры фæстæ йæ арвыстой Алагирмæ. Зæрдæргъæвд лæппуйы равзæрстой фæскомцæдисы райкомы секретарæй. Фæстæдæр та йæ снысан кодтой Буроны скъолайы директорæй. Йæ хъæздыг фæллойадон биографийы бирæ ирд сыфтæ ис. Æнтыстджынæй бакуыста Црауы æмæ Алагиры астæуккаг скъолаты директорæй, разамынд лæвæрдта Рæмоны-фырты поселочы скъолайæн æмæ ахуырадон-куыстадон комбинатæн. Фæкæсынхъуаг æмæ зын уавæр кæм уыдис, уырдæм æрвыстой фæлтæрдджын æмæ хæдзардзин разамонæджы. Бирæ бæрнон бынæтты бакуыста Гетъоты Юри æмæ алы ран дæр рæсугъд фæд ныууагъта.
1990 азы кусын райдыдта Алагиры скъола-интернаты директорæй. Домаг уыд, фыццаджыдæр, йæхицæй, стæй та – йе ’мкусджытæй. Уыимæ, баххуыс кæнын йæ бон цæмæй уыд, уым иуварс нæ лæууыд. Уый тыххæй-иу бирæ арфæйы ныхæстæ фехъуыста.
Бахъуаджы рæстæг – æцæг хæлар, зæрдиагæй дæ циныл чи бацин кæна, дæ зыны рæстæг дæ фарсмæ чи æрбалæууа, ахæмæй зыдтой Юрийы иууылдæр. Архайдта районы æхсæнадон-политикон царды. Уыдис Алагиры районы Адæмон депутатты советы уæнг. Йæ зонындзинæдтæ, йæ фæлтæрддзинад æнæвгъауæй лæвæрдта кæстæртæн.
Гетъоты Юри кæддæриддæр сæрбæрзонд уыд йе стыр æнгом бинонтæй. Йæ уарзон цардæмбал Гæззаты Раяимæ æмудæй фæцардысты 50 азæй фылдæр. Схъомыл кодтой фæзминаг цыппар кæстæры. Бинонты ’хсæн цы æгъдау ис, уый царды алы фæзилæны дæр дæнцæг уыдзæн фидæны фæлтæртæн.
Бирæ азты иузæрдион фæллойы тыххæй Гетъойы-фыртæн саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном æмæ бирæ Кады гæххæттытæ. Йе стырдæр хæрзиуæгыл нымадта адæмы хорз цæстæнгас, бинонты æнгомдзинад æмæ кæстæрты амонд. Педагогон фæллойы ветеран хæзнаты-хæзнайыл нымадта йæ алы азты ахуырдзауты фыстæджытæ æмæ открыткæтæ. Арæх фыста æрмæ-
джытæ газетмæ, стæй йын йæхи тыххæй дæр мыхуыр кодтой æрмæджытæ.
Юрийыл азтæ куы рацыд, уæддæр æнæнцой, цардбæллон уыд. Уарзта цæхæрадоны куыст, дардта мыдыбындзытæ, йæ исбонæй-иу алкæй дæр фæхайджын кодта. Алагиры, Октябры уынджы арвыста йæ царды фылдæр æрдæг. Мыггаджы – нымад лæг, цæстуарзон хистæр, уазæгуарзаг Юрийæн йæ фæстаг бон йæ уарзон сыхæгтæ сæ иузæрдион лæггадæй рухсаг загътой.
Зын у хиуæттæн, хæстæджытæн æнæ сæ буц хистæрæй цæрын. Фæлæ адзалæн мадзал нæй. Хорз адæйма-
джы ном нæ мæлы, йæ фарн уæлæуыл баззайы.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here