РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министртæ æмæ инвестортимæ скодта республикæйы размæцыддæр проекттæ царды уадзынимæ баст æмбырд. Экономикæйыл тынг фæзындзысты фондз проекты, сæ дæлпроекттæ агропромышленнон комплексы, туризмы, логистикæйы сты 11.
Ахсджиагыл банымайгæ сты балергæсаг дарæн хæдзарады, хъæрмуæтты комплекс «Алани»-йы, сæнæфсиры цæхæрадон ныссадзыны «Ирыстоны зæхх»-ы, «Мамысон»-ы, Алани-парк»-ы, «Къæхтысæр»-ы, транспортон-логистикон комплексы арæзтæдтæ. Куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй ра-дзырдтой бæрнон кусджытæ.
Дзанайты Барис ма сæмбæлд æмæ бæстон ныхас фæкодта, республикæйы туризмы рæзтмæ йæ æхсæнадон хъæппæристæй стыр бавæрæн чи хæссы, уыцы Вадим Киянкоимæ. Ацы адæймаг у туризмы къабазы цалдæр проекты хицау, республикæйы цæрджытæ æмæ сæ туристтæ зонынц. Æрмæст «Амонды бандон» Уæллаг Фыййагдоны йæ зындгонд ныхæстимæ: «Амонд хæхты фале нæй, фæлæ – хæхты» æрбацæуæг адæмы зæрдæтæ балхæдта.
Хъæрмæдоны комы фæзынд Вадим Киянкойы бандон, Зджыды æфцæгыл – херы, Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæм æввахс – чысыл хидтæ цæугæдæтты сæрты, туристтæ фылдæр кæм æмбырд кæнынц, уым та – хъæдын мæнгагъуыстытæ. Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, республикæмæ фылдæр туристтæ цæуын райдыдтой, цы феной, сæ зæрдæтæ сын цæмæй балхæнæм, уыдæттæ нæм ис.
«Уæллаг Фыййагдоны «Амонды бандон» адæм базыдтой, фæлæ йæ автор ды кæй дæ, уый та нæ зонынц. Хицæн адæймæгты хъæппæристæ нын тынг ахсджиаг сты, дæу хуызæтты фæрцы респуб-ликæ рæсугъддæр æмæ фадатджындæр кæны», – загъта Дзанайы-фырт. Вадим Киянко цалдæр азы кусы туристтимæ, хæхтæм балцытæ аразы, базыдта, туристты цытæ хъæуы, цавæр фадæттæ сын æмбæлы скæнын, уыдæттæ.
Афтæмæй æрыгон лæппумæ фæзынд хорз-дзинæдтæ, фадæттæ сын аразыны фæнд. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ фæзына фылдæр инфраструктурæ. Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис Вадим Киянкойæн бузныджы ныхæстимæ радта Арфæйы фыстæг.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ