Къостайы Дзæуджыхъæу

0
81

Ацы аз сбæрæг кæндзыстæм Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны 165 азы юбилей. Уый кæуылты бæрæгбон уыдзæн махæн, цæйбæрц уазджытæ нæм æрцæудзæн нæ бæстæйы алы рæттæй! Мысдзыстæм та æрдхæрæны поэты, Нары хæхтыл зæлдзысты йæ рæстдзинадмæ сидæг рæнхъытæ. Æнæмæнг, алкæй дæр фæнддзæн фенын Къостаимæ баст бынæттæ, æмæ амондджын стæм, уыцы бынæттæ нын нæхи цæстæй феныны фадат кæй ис, уымæй. Фæлæ, цы уавæры сты, уый дæр адæмæн зонинаг хабар у.

Дзæуджыхъæуы, Къоста цы хæдзæртты къæсæрæй бахызт, рæстæгмæ-иу кæм æрцард, уыдон ма абон дæр æнæхъæнæй лæууынц. Се ‘ддаг бакаст уыцы рæстæджыты куыд уыд, ныр дæр афтæ у, æрмæст иуæй-иу хæдзæртты мидæгæй уавæртæ рацарæзтой. Не ‘ппæтæн дæр зындгонд у Бутырины уынджы поэты заман (Воронцовская уынг) мемориалон хæдзар-музей. Ацы бæстыхайы Къоста фæцардис иу аз.
– Музеймæ цæуджытæ арæх ис, уæлдайдæр – уалдзæг, сæрд æмæ фæззæджы. Скъоладзаутæ, карджын адæм, ныр нæм райдыдтой туристтæ дæр цæуын. Къостайы номыл парк, уынгтæ, скъолатæ сæ цымыдисы æфта-
уынц, æмæ сæ бафæнды базонын, чи уыд, уый, –загъта филиалы сæргълæууæг Отарты Зæлинæ.
– Музей алкæй дæр хъæуы, фæлæ нæм нæй нырыккон техникон уавæртæ, бæстыхайы къултæ сты зилинаг, баивын хъæуы электрон рухсы мидæггаг телтæ, кæрт хæрзвадатмæ рацаразын. Ацы фарстаты фæдыл ныхас цыдис нæ республикæйы хицауады æмвæзадыл. Адæмон фронт дæр нын зæрдæ æвæрдта, фæлæ абоны онг дæр ницы ма сарæзтой. Иу ацæргæ ус нæм уынгæй æрбацыд æмæ, хæдзары уавæр куы федта, уæд йæ дзыппæй 100 сомы систа æмæ афтæ, айсут мæнæ ацы æхца, кæд уын цалцæджы куыстытæн бахъæуиккой, зæгъгæ. Æз тынг фефсæрмы дæн: кæд бирæтæм абон сæдæ сомы æхца нæ кæсынц, уæддæр уыцы зæронд усæн йæ пенсийы капеччытæ уыдысты.
– Национ проект кæнæ паддзахадон программæмæ хаст не ‘рцыд музей?
– Не ‘рцыд, æмæ уый аххосæй ахæм уавæры баззадыстæм.
Уæвгæ, хæдзарæн йæ пъолтæ баивтам, бамбæрзтам ын йæ сæр, фæлæ къултæ аскъуыдтæ сты, цырæгътæ судзын дæр тæссаг у, телтæ ивинаг кæй сты, уымæй. Бирæ хæрдзтæ нæ хъæуы музейы, фæлæ нын кæд скæндзысты цалцæг? Хицауадæй нæм æрæджы æрбадзырдтой, фарстой нæ, техникæйæ нæ цы хъæуы, уымæй, фæлæ та ууыл хъуыддаг бамынæг.
Тынг ахсджиаг у, къулыл цы экрантæ æвæрынц, ахæм фæрæз. Уый фæрцы поэты сфæлдыстадмæ æрбацæуджытæ хъусиккой зæрдиагдæрæй. Скусын кæн экран, æмæ зæлынц Къостайы ныхæстæ нæ курдиатджын актерты хъæлæсæй.
– Поэты юбилейон мадзæлттæм цы цæттæ кæнут?
– Бирæ фæндтæ нæм ис. Фыццаджыдæр, 1 апрелы, Къостайы мæлæн бон, алы аз дæр уæлмæрдмæ ацæуæм, «Къостайы фæндагыл», зæгъгæ мадзалы. Нæ фæндаг саразæм, цы хæдзæртты ацард, уыцы объекттыл. Стæй уæлмæрды йæ цырты раз æмдзæвгæтæ аив бакæсынц скъоладзаутæ. Цæттæ кæндзыстæм ног экспозици дæр. Уый дæс азæй фылдæр хъуамæ ма куса, ивын æй фæхъæуы, мах экспозицийыл та ныр цалдæр дæсгай азы цæуы. Цы равдисæм, уый нæм ис, ацы хатт нæ тынгдæр фæнды Къостайы фыд Леуаны тыххæй фылдæр æрмæг равдисын. Уымæн æмæ поэтæн йæ фыд куы нæ уыдаид, уæд ахæм ахуырад дæр нæ райстаид. Леуан йæ фыртыл тынг хæцыд. Ис нын бастдзинад ЦИПУ-йы археологон институты наукон кусæг Хуадонты Фатимæимæ. Уый Къостайыл æрмæг æмбырд кодта, архивты бирæ куыста. Нæ зæрды ис Чендзейы сурæт равдисын. Чендзе Туаты чызг уыд, Сатъатæй. Æмæ нæ Чен-дзейы хæдзарвæндагæй фæнды ссарын сылгоймаг, цæмæй нывгæнæг сараза портрет. Мария æмæ Чендзейыл рæсугъд ныхæстæ æртæ сахаты куы фæкæнæм, уæддæр уый бæрц тæлмæнтæ адæймаг нæ райсдзæн, сæ портреттæ сын куы фена, уæд йæ зæрдæйы цæйбæрц æндæрхуызон æнкъарæнтæ сæвзæрдзæн. Уырыссаг æвзагыл та саразынмæ хъавæм «Коста æмæ музыкæ», зæгъгæ, мадзал. Къостайы уацмыстыл тынг бирæ музыкæ фыст æрцыд, æмæ нæ фæнды, сывæллæттæ адæмон инструменттыл цæмæй цæгъдой. Уый тыххæй ныхас кодтам Аивæдты лицейы разамындимæ дæр. Нывгæнæг Хетæгкаты Аслан та нын зæрдæ бавæрдта, мемориалон хæдзар-музейы фыццæгæм уæладзыджы къултыл поэты царды скъуыддзæгтæй панно скæнын, баххуыс ма нын кæндзæн «Къоста хохæгты æхсæн» скульптурæмæ базилын дæр. Уымæй уæлдай, хæдахуыр артисттæ кæм архайдзысты, ахæм спектакль саразын, сабыр-
дзинады проспекты, «юношеская библиотека» кæй хонынц, уым. Ацы ран кæддæр, «коммерцион клуб» уыдис. Алыхуызон равдыстытæ æмæ спектакльтæ дзы æвдыст цыдысты. Къоста дæр дзы йе сфæлдыстадон куыст кодта.
– Къостайы дзаумæттæй музейы цы ис?
– Йæ лæдзæг, оригинал. Ис нæм йæ æвзист рон æмæ хъама, фæлæ сæ национ музеймæ радтам, уым хъахъхъæд цæуынц, уымæн æмæ музейæн йæ рудзгуытæ æмæ дуæрттæ хорз уавæры не сты. Ис нæм йæ къухфыстытæ, къамтæ æмæ, сæйрагдæр, – йæ райгуырды фæдыл æвдисæндар (метрикæ) – æппæт дæр оригиналтæ. Музейы фенæн ис, Къостайы хорз чи зыдта, хæларæй кæимæ цард, уыцы адæймæгты дзауматæ дæр: Дзанайты-Хетæгкаты Садуллæйы къамисæн, Баййаты Гаппойы фыссæн стъол, Дзасохты Гигойы къæлæтджын, Цæллыккаты бинонты хæдзары дзауматæ, Аннæйы фортепиано, Хетæгкаты Никъо æмæ йæ бинойнаг Рæхейы хæдзары дзауматæ, стæй Къоста йæхæдæг кæй кодта йæ уарзондæр адæймæгтæн, уыцы лæвæрттæ. Сараздзыстæм равдыст «Къостайы Дзæуджыхъæу». Поэт горæты бирæ рæстæг цы хæдзæртты цард, уыцы историон объектты æмæ сæ хицæутты хуызистытæ.

Æрдæгарæзтæй йæ хæдзар баззад
– Фæстаг рæстæг арæх ис фæхъусæн, стæй Интернеты хызы бакæсæн, Къоста йæхæдæг кæй арæзта, уыцы хæдзар Армянскаяйы уынджы, Къостайы рæстæг Войковы уынг хуындис, 20 милуан сомæй уæй кæнынц, зæгъгæ, хъусынгæнинаг. Нæй йæ ныры онг æлхæнæг?
– Нæдæр æй ничи балхæндзæн. Уыцы хæдзарæн историон цыртдзæвæны статус ис, æмæ йæм æвналæн нæй. Абон ын æртæ хицауы ис. Мидæгæй дзы сæхицæн уавæртæ сарæзтой, фæнды сæ æддæрдыгæй йæ хуыз ногмæ рацаразын, кæрты дæр цыдæр арæзтæдтæ скæнын, фæлæ сын закъонмæ гæсгæ бар нæй. Ничи сын бауаддзæн уыцы куыстытæ бакæнын, историон хæзна кæй у, уымæ гæсгæ, зæронд, кæлæддзаг уавæрты цæрын та никæй фæнды. Уыцы æртæ хицауы сæ зæрдæ паддзахадыл дарынц. Куы йæ балхæнид, уæд дзы сфæлдыстадон галуан саразиккой, Вахтанговы хæдзар куыд рацарæзтой, афтæ. Музей саразыны фарста куы сæвзæрд 1979 азы, уæд ацы объектыл ныхас цыдис, фæлæ дзы Къоста иунæг бон дæр нæ ацард. Самадта йын йæ къултæ, йæ сæр ын бамбæрзта æмæ æруатон. Нал сыс-
тад, афтæмæй амард, йæ хæдзар та æрдæгарæзтæй баззад, – дзырдта Отарты Зæлинæ.

Поэты номыл музейтæ

Æппæты фыццаг, Хетæгкаты Къостайы номыл музей арæзт æрцыд Нары 1939 азы, поэты райгуырæн боны 80 азы кадæн. Уый тыххæй бæлвырд фыста Хъуысаты Генри. Уыцы рæстæг ма Нары Къостайы фыдыфыд Елберды къæс æнæхъæн уыдис. Уым иу агъуыст ногдæрмæ рацарæзтой æмæ дзы равæрдтой поэты цардимæ баст æрмæджытæ. Æвæрд ын æрцыд обелиск. Цыртдзæвæн гом кæныны мадзалы архайдта фыссæг Александр Фадеев дæр. Фæлæ адæмæн тынг цымыдисаг уыд хъæдкъул скъæт, Къоста кæм райгуырд, уыцы хатæн. Йæ авдæн дæр ма абон уым ис. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд музеймæ никæй уал æвдæлд фæсхæст азты дæр. Стæй, 1979 азы, Къостайы райгуырæн боны 120 азы юбилейон мадзæлттæм музей бынтондæр рацарæзтой цалдæр уæладзыгмæ, фæлæ йын йæ историон хуыз фесæфтой. Уыцы аз Дзæуджыхъæуы дæр, Бутырины уынджы байгом мемориалон хæдзар-музей. Ацы бæстыхай уæвгæ арæзт æрцыд 1864 азы. Цардысты дзы æфсæнвæндаджы кусæг Дмитрий Михайловы бинонтæ. Хæдзар у дыууæуæладзыгон. Фыццаг уæладзыг Дмитрий фатеры лæвæрдта, дыккаджы та цардысты сæхæдæг. Херсонæй куы æрыздæхт Къоста, уæд фыццаг уæладзыджы дыууæ уаты фатеры райста æмæ дзы куыста йæ этнографион очерк «Особа»-йыл, æмгуыст кодта газеттæ «Северный Кавказ» æмæ «Казбек»-имæ.
1902 азы сентябры газетты фæзынд хъусынгæнинаг, 13 сентябры, изæры 10 сахатыл, Воронцовы уынджы Михайловты хæдзары фыццаг уæладзыджы гом рудзынгæй фатеры цæрæг Хетæгкаты Къостайы ахорæнтæ давд кæй æрцыдысты. Уыцы ахорæнтæ поэтæн зæрдиаг лæвар бакодта зындгонд нывгæнæг Василий Верещагин.
1903-1904 азты та Къоста цард, абон Димитровы уынг кæй хонæм, раздæры (Церковная) уынджы. Хæдзары хицау уыдис хъæздыг, бонджын лæг Михаил Горбунцов. Ацы хæдзары фарсыл дæр мемориалон къæй æвæрд æрцыд 1979 азы. Музей дзы нæй, мидæгæй дæр агъуыстыты раздæры хуыз ивд æрцыд, æнæивдæй баззад æрмæст йе ‘ддаг бакаст. Димитровы уынджы хæдзар арæзт æрцыд 1880 азы. Уым дæр цалдæр хæдзары бинонтæ цæры æмæ иууылдæр зонынц, сæ агъуыстытæй иуы Къоста кæй цард.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here