Терроризмæй бахизынæн

0
109

Цæгат Ирыстоны Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрады бæстыхайы уыд регионы Терроризмы ныхмæ къамисы терроризм æмæ экстремизмæй бахизыны къабазы информацион политикæйыл бакусыны фæдыл экспертон советы ацы азы фыццаг æмбырд.

Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой иугъуыд азы экспертон советы куысты бæрæггæнæнтыл, ацы азы куысты пъланыл. Республикæйы Терроризмы ныхмæ къамисы терроризм æмæ экстремизмæй бахизыны къабазы информацион политикæйыл бакусыны фæдыл экспертон советы терроризмы ныхмæ тематикæйы информацион архайды æмæ рухстауæн мадзæлттæ æххæст кæныны фæдыл специалистты
иудадзыгон къорды сæйраг хæслæвæрдтыл дæр æрдзырдтой.
Æмбырды архайджытæн раарфæ кæнгæйæ, министр Бæгъиаты Алан загъта:
– Нывыл æхсæнадон-политикон уавæр регионы цæмæй уа, уый тыххæй нæ министрад иннæ ведомствæтимæ æмгуыст кæны. Æххæстгонд куысты æппæт æууæлтæн ис стыр ахадындзинад. Фарон терроризм æмæ экстремизмæй бахизыны тематикæйыл кæй сарæзтам, уыцы æвдай аст дзыллон мадзалы архайдтой чысыл хъуагæй æртæ мин адæймаджы.
Министры доклады бæрæггæнæнтæ, æвæрд хæслæвæрдтæ, куысты бамбырдуæвæг фæлтæрддзинад æмæ ныхасы рæстæг Экспертон советы уæнгтæй æрбафтæг фæндæттæ нымайгæйæ, ацы азы куысты пълан сфидар кодтой.
Экспертон советы уæнгтæ сæрмагонд æргом аздæхтой адæмы алыхуызон къордтимæ (фыццаджыдæр – фæсивæдимæ) терроризмы ныхмæ тематикæйыл рухстауæн дзыллон мадзæлттæ рæстæгæй-рæстæгмæ аразыны фæдыл терроризмы ныхмæ информацион архайды специалистты иудадзыгон къорды сæйраг хæслæвæрдтæм. Ныхасы рæстæг ацы хæслæвæрдты номхыгъд сбæлвырд кодтой.
Зæгъæм, ацы аз Иудадзыгон къорды уæнгтæ уæлдай фылдæр æргом здахдзысты террористон архайдæй фæсарæнтæй, стæй Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæй, Запорожье æмæ Херсоны облæсттæй нæм æрбацæуæг адæмы бахизыны, стæй знаггадхæссæг фæзындтытæ «скулшутинг»-æй, «колумбайн» æмæ «АУЕ»-йæ фæсивæды бахъахъхъæныны фарстатæм.
Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ терроризмы ныхмæ архайды сæйраг рахæцæн аздахын æмбæлы фæсивæды ‘рдæм.
– Уæлдай сагъæссагдæр æууæлтæ сæвзæрынц фæсивæды ‘хсæн. Паддзахад æмæ æхсæнад æргом кæмæ не здахынц, уыцы æрыгон адæймæгтæ сæхинымæр фæзæгъынц: «Мах никæй хъæуæм». Арæх барадон тыгъдад кæуыл не ’ххæссы, æрыгон адæймæгтæ æрхъуыдыгонд социалон фарстатæ лыг кæнынæн ахæм мадзæлттæ хæдбарæй агурынц. Фæсивæды чи бахъæудзæн, уавæр нымайгæйæ, бацæттæ кæнын хъæуы терроризмы æмæ экстремизмы ныхмæ арæзт ахæм информацион æрмæджытæ, – загътой æмбырды архайджытæ.
Терроризмы ныхмæ информацион-пропагандистон куыст фæнывыл кæнынмæ æмæ ведомствæты ‘хсæн æмгуыстад фæпарахат кæнынмæ арæзт чи у, æмбырды архайджытæ къорд ахæм фæндоны бацæттæ кодтой. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты комитет бахаста террористон фыдракæндты аххосæй хъыгдардбаййафæг æппæт регионты архайдимæ 3 сентябры телехид саразыны фæндон.

РЦИ-Аланийы Национ
политикæ æмæ æддагон
бастдзинæдты министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here