Ветерантæн – æххуыс

0
63

10 апрелæй 22 июны онг цæудзæн æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци «Красная гвоздика».

Бæстæйы 76 регионы бархионтæ рацæудзысты сæ горæтты уынгтæм æмæ мысайнæгтыл парахат кæндзысты риуылдаргæ нысантæ «Красная гвоздика». Æппæт æмбырдгонд æхцатæ бахардз кæндзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ регионалон гæрзифтонг быцæуты ветерантæн медицинон æххуыс кæныны хъыддагыл. Амынд нысантæ уæй кæндзысты базарадон бынæтты дæр, æмæ афтæмæй алы адæймагæн дæр уыдзæн акцийы архайыны фадат.
Хъæбатырдзинад æмæ æхсары æвдисæныл нымад сырх дидинджытæ Уæлахизы бон лæвар кæнынц хæсты ветерантæн, стæй сæ хæсты архайджыты цырт-дзæвæнтыл сæвæрынц. Горæтты центрон уынгтæ æмæ фæлладуадзæн бынæтты уæвгæйæ, амынд нысантæ чи парахат кæндзæн, змæлд «Волонтеры Победы»-йы æмæ федералон программæ «Молоды душой»-ы уыцы активисттыл уыдзæн «Красная гвоздика»-йы æвдисæнимæ æмæ бархионы организацийы логотипимæ сæрмагонд уæлæдарæс. Уымæй уæлдай, бархионтæм уыдзæн мысайнæгтæ æмбырд кæнынæн аив къоппытæ.
Мысайнæгтæ радтæн ис æрмæджы æхцайæ, науæд та – сæрмагонд QR-коды æххуысæй барвысты фæрцы. 2016 азæй нырмæ Уæрæсейы кæй æххæст кæнынц, уыцы амынд акцийы хæс у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ регионалон гæрзифтонг быцæуты ветерантæн медицинон æх-хуыс бакæнынæн фæрæзтæ æрæмбырд кæнын. Фарон акцийы архайæг бархионтæ ауæй кодтой чысыл хъуагæй 2 милуан риуылдаргæ нысаны æмæ афтæмæй ветерантæн баххуыс кæнынæн æрæмбырд кодтой 55 мил-уан сомæй фылдæр.
Фиппаинаг: 2015 азæй Уæрæсейы кусы хæрзаудæн фонд «Память поколений». Амынд рæстæгæй нырмæ фонды уæнгтæ 18 мин ветеранæй фылдæрæн медицинон ифтонггæрзтæй бах-хуыс кодтой.

РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон
коммуникациты
комитеты
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here