Бирæ сывæллæттæ – сомбоны ныфс

0
138

Цакъоты Ахуырбеджы фырт Вячеслав цæры Горæтгæрон районы Куырттаты хъæуы. Йæ цардæмбал Цакъоты -Тадеты Илонæимæ царды рауагътой æмæ хъомыл кæнынц æхсæз сывæллоны.

Уæвгæ, хистæры – Тугъаны, æвæццæгæн, сывæллон схонын дæр бынтон раст нæ уыдзæн. Хъыг ын, мыййаг, куы уа – лæппу æнæхъæн фæндзæм къласмæ цæуы, фæлæг кæны! Йæ кæстæртæ – Дзерассæ æмæ Сослан ма кæстæркъласонтæ сты, чызг æртыккаг, лæппу та дыккæгæм къласмæ цæуы. Бэлæ æмæ Тамерланы райсомæй рæвдауæндонмæ ахонынц, изæрæй та – хæдзармæ, гъе куыд вæййы, афтæ. Æппæты кæстæр – Алыбег нырма у хæрзгыццыл, æртыккаг аз ыл цæуы. Тынг бирæ уарзы йæ дзæбæх нана Кларæйы, иу уысм дæр æнæ уымæй нæ фæразы.
Вячеславæн йæхи фыд Ахуырбегæн дæр уыдис цыппар æфсымæры æмæ цыппар хойы. Æгъдауыл хæст, нымад бинонтæ уыдысты канд сæ райгуырæн хъæу Задæлесчы нæ, фæлæ æнæхъæн Дыгургомы дæр. Сæ фыд Хъæрæсе æмæ сæ мад Сабеон Мария сæ хъомыл кодтой куыстуарзаг, адæмимæ цæрæгæй, алчидæр сæ ссис бинонтæ, баззадис сын бирæ цот, цоты цот…
Æмæ йæ хорз хистæрты бафæзмыныл бацархайдта Вячеслав дæр. Кæд ма æрыгон у, уæддæр æй хорз æмбары – бирæсывæллонджын бинонтæ сты æхсæнады, паддзахады фидар бындур, йæ бæллиццаг сомбон, мыггагæн та – ныфс æмæ йæ фæхæцæн цавæрфæнды рæстæг дæр. Вячеславæн йæ кæстæр æфсымæр
Æхсарæн дæр ис цыппар сывæллоны.
Нæ гыццыл Ирыстоны ахæм бинонтæ фылдæрæй фылдæр кæнæд азæй-азмæ!..

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here