Номдзыд композиторы æфсæддон сгуыхтытæ

0
103

Национ наукон библиотекæйы аивæдты хайады уыд цæлхæмбырд. Ныхас дзы цыд номдзыд ирон композитор, фольклорист, рухстауæг æмæ æхсæнадон архайæг Галаты Барисы цард, бирæвæрсыг сфæлдыстадон, зонадон æмæ æфсæддон архайдыл.

Сарæзтой йæ УФ-йы музыкалон æхсæнады республикон хайад, Национ библиотекæйы аивæдты хайады кусджытæ, Хуссар Ирыстоны Галаты Барисы мемориалон хæдзар-музейы разамынд, Терчы хъазахъхъæгты культурæйы центры минæвæрттæ композиторы райгуырдыл 135 азы сæххæсты кадæн.
Сæйрагдæр дзы ныхас цыд, Галаты Барисы æфсæддон архайд æмæ, фыццаг дунеон хæсты цы сгухтытæ равдыста, нæ бæстæйы æфсады куы уыд, уæд дзы аивады уаг бæрзонддæр кæныныл куыд архайдта, ууыл.
Цæлхæмбырды мидисджын ныхас ракодтой: историон наукæты кандидат Феликс Киреев, Галаты Барисы номыл мемориалон хæдзар-музейы директор æмæ йæ хæдивæг Гаглойты Лианæ æмæ Гæбæраты Андрей, Терчы хъазахъхъæгты культурæйы центры сæргълæууæг Владимир Писаренко, 58-æм æфсады æфсæддон оркестры дирижер Артем Лагутский, Дзæуджыхъæуы епархийы минæвар Василий Грибенченко.
Фембæлды рæстæг йæ архайджытæ бакастысты Галаты Барисы цард æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон æмæ æфсæддон фæндæгты тыххæй режиссертæ Туаты Теминæйы ист документалон кинонывæй мидисджындæр скъуыддзæгтæм.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы вокалон къорд «Уацамонгæ» æмæ Дзæуджыхъæуы епархийы зарæггæнджытæ акодтой ирон адæмон æмæ дины зарджытæ.
Зындгонд композиторы райгуырды 135 азы юбилеймæ уагъд æрцыд номарæн къæлиндар æмæ йæ биографион буклет.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here