Бæтæхъойыхъæуккæгтæ куыстуарзаг сты

0
89

Бæтæхъойыхъæу Рахизфарсы районы центрæй кæд дæрддзæфгомау у, уæддæр районы разамонджытæй рох нæу. Арæх æй абæрæг кæнынц, сæ хъус дарынц цардыуаджы домæнтæ æххæст кæныны хъуыддæгтæм, сæ къух куыд амоны, афтæ æххуыс кæнынц бынæттон администрацийæн. Уый тыххæй нын радзырдта Зæронд хъæуы (афтæ хонынц районы Бæтæхъойыхъæу) сæргълæууæг Цъыккаты Артур.

Æдæппæтæй ам цæры 1063 адæймаджы. Хъæуы куы цæра адæймаг, уæд та, куыд раджы, афтæ ныр дæр æнæ цæхæрадон æмæ хæдзарон фос даргæ нæй – уырдыгæй цæуы сæ фынджы бæркад. Бæтæхъойæгтæ куыстуарзаг адæм сты, уарзынц цæхæрадоны архайын, æрдзон уавæртæ дæр сын æххуыс сты хорз тыллæг æрзайын кæнынмæ. Фæлæ сæ уыцы хъуыддаджы тынг тыхсын кодта, уæлдайдæр – тæвд рæстæджы, доны хæтæлтæ кæй базæронд сты æмæ-иу алы рæтты арæх кæй атыдтой, уый. Сæ цалцæг кæнынæн дæр хæрдзтæ хъуыдис. Æппæт уыцы аххосæгты фæстиуæгæн дон нæдæр донхорыгæн фаг кодта, нæдæр – хæдзары иннæ хъуыддæгтæн. Ныр уыцы фарста боны фæткæй систой – ивгъуыд азы кæрон хъæуы доны хæтæлты хыз ивд æрцыд, æмæ царды хос алцæмæн дæр фаг кæны. Куыстытæ бæрзонд æмвæзадыл сæххæст кодта арæзтадон компани «Дзебисов».
Хъæуы рæвдауæндоны агъуыст дæр зæрдæмæдзæугæ нал уыд, ранæй-рæтты йæ къултæ аскъуыдтæ сты, тæссаг уавæр сæвзæрд, йæ хатæнтæ дæр нырыккон домæнтæн дзуапп нал лæвæрдтой, æмæ бахъуыд ног агъуыст саразын.
– Бацæттæ кодтам хъæугæ гæххæттытæ, уымæ нæм фæкастысты районы администрацийы бæрнон кусджытæ, æмæ федералон программæмæ хаст æрцыд объект. Ныртæккæ йыл куыст цæуы, ныридæгæн уал йæ фыццаг уæладзыг амад фæци, аразджытæ архайынц дыккагыл. Рæвдауæндон хъуамæ сцæттæ уа ацы азы кæронмæ. Уыдзæн дзы 60 бынаты. Арæзтад фæдзæхст у акционерон æхсæнад «Тис»-ыл, йæ сæргълæууæг – Тотыккаты Артур. Мæхæдæг æй бон къорд хатты дæр абæрæг кæнын, ме ‘ххуыс кæм бахъæуы, уым фæкæсын, районы хицауад дæр арæзтадмæ иудадзыг йæ хъус дары. Кусджытæ зæрдиагæй архайынц, сæ бавнæлдмæ къух бакæнæн нæй, – зæгъы Цъыккаты Артур.
Хъæуыхицау ма нын куыд радзырдта, афтæмæй, куыддæр фæхъарм, афтæ уынгтæ æфснайынмæ рацыдысты, ныридæгæн уал цыппар зиуы сарæзтой сыгъдæгдзинад æмæ хæрзвадæттæ саразыны мæйоны фæлгæты. Артурæн йæ куысты сæйраг æххуысгæнджытæ сты бынæттон
цæрджытæ, æмæ алы хъуыддаджы дæр йæ фарсмæ æнгом æрбалæууынц. Афтæ, зиумæ сæм æрмæстдæр фæдзур – фæсивæд астæуккаг кары минæвæрттæ рацæуынц æмæ бацархайынц дысвæлдæхтæй, фæсте нæ баззайынц бынæттон скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ дæр, æмæ иумæйаг хъарутæй уынгтæ цæхæр скалынц. Ацы куыст иннæ азтау кæндзысты, æрмæст мæйоны
рæстæг нæ, фæлæ, цалынмæ фæуазал уа, уæдмæ.
Алы къуырисæры дæр Зæронд хъæумæ фæзынынц регионалон операторы уæззау хæдтулгæтæ æмæ аласынц, къуыримæ чи æрæмбырд вæййы, уыцы бырон. Артур куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы алфамбылæйттæ дзæвгар фæсыгъдæгдæр сты, цæрджытæ раздæрау, кæм сæ бафæнды, уым нал акалынц сæ бырон.
Æцæгæйдæр, цал хатты вæййæм Зæронд хъæуы – æвидауцæй йæ никæд баййæфтам. Гыццыл хъæуты сæргълæуджыты авналæнтæ сæ фæндиаг кæд не сты, уæддæр сæ бон цы у, уый кæнынц, сæ сæйрагдæр хæсыл та нымайынц сыгъдæгдзинадыл архайын.
– Нæхицæн рекламæ нæ кæнæм, фæлæ ме ‘мхъæуккæгтæ хорз æмбарынц, нæ иумæйаг хæдзар, нæ уарзон хъæуы сыгъдæгдзинад æмæ фæрныгадыл хъуамæ æмдыхæй архайæм,уый, æмæ сын уый тыххæй бузныг, – нæ фембæлды кæронбæттæны загъта Артур.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here