РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйло сарæзта Цæгат Ирыстоны Коррупцийы ныхмæ æмархайды къамисы æмбырд. Æркастысты дзы бюджетон сферæйы оперативон службæйы архайды, бындуронæй национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæм гæсгæ цы объекттæ аразынц æмæ цалцæг кæнынц, уыдоны мониторинджы хатдзæгтæм, стæй паддзахадон æмæ бынæттон хицаудзинады оргæнты кадрты службæтæ коррупцийы ныхмæ цы мадзæлттæ аразынц, уыдонмæ.
Æмбырды боны фæтк йæ архайджыты размæ рахæссыны агъоммæ сын Сергей Меняйло сæ зæрдыл æрлæууын кодта уæлдæр ахуырадон уагдæттæм бацæуыны тыххæй нысанон здæхты фарста æмæ фæбæрæг кодта, коррупцийы фæзындтытыл фæгуырысхо уæвгæйæ дзы алы цаумæ дæр хицæнæй лæмбынæг каст кæй цæудзæн.
– Нысанон бынæттæн анализ скæнут æмæ сæ, ныртæккæ республикæйы тынгдæр цы дæсныйæдтæ хъæуы, уыимæ абарут: бамбарын нæ хъæуы, республикæйы юристтæ æмæ финансисттæ суæвыны курдиæттæ цæмæн сбирæ сты, кæд æмæ нæ æцæгдзинадæй та абон хъæуы ахуыргæнджытæ, фыццаг цæджы специалисттæ æмæ афтæ дарддæр. Нысанон здæхты фæстиуæг у ахуыр фæ-
уыны фæстæ рауагъдонæн куысты бынат раттын, уымæ гæсгæ, республикæйы ныртæккæ æнæмæнг цы специалисттæ хъæуы, ахæм дæсныйæдтæн сæ хъуамæ раттæм. Лæмбынæг æркæсдзыстæм, хъуаг кæмæй не ‘ййафæм, уыцы специалисттæн æнæхъуаджы нысанон здæхтытæ цавæр бындурыл лæвæрд æрцыдысты, æмæ уыцы специалистты дарддæр цы фæкæнæм, уымæ, – загъта Сергей Меняйло.
Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй абон уæлдай каст цæуы паддзахадон æмæ муниципалон фæтк дæттыны къабазмæ, уыимæ, паддзахадон æмæ муниципалон хъуагдзинæдтæ æххæст кæнынæн лæвæрд бюджетон фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, стæй социалон æххуысад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ахуырадон уагдæттæм.
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады экономикон æдасдзинад æмæ коррупцийы ныхмæлæууæг управленийы хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Цомайты Алан йæ доклады фæбæрæг кодта, ведомствæйы кусджытæ æппæт хъарутæй кæй архайынц бæрнон бынат ахсæг кусджыты ’хсæн коррупцион фыдракæндтæ рабæрæг кæныныл.
– Бæлвырддæр зæгъгæйæ, фарон уыцы куысты фæстиуæгæн документалон æгъдауæй сбæрæг кодтам хъæуты администрациты сæргълæуджыты æнæзакъон архайд зæххытæ райсыны тыххæй, стæй РЦИ-Аланийы Уæрæсейы Пенсион фонды дæлхайады бæрнон кусджыты гæртæмттæ исыны цаутæ.
Иудадзыг лæмбынæг каст цæуы паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæн уагъд бюджетон фæрæзтæм фæныхилыны хъуыддагмæ, афтæ – паддзахадон æлхæдтыты къабазмæ дæр, конкурстæ, аукционтæ æмæ паддзахадон бадзырдты домæнтæ æххæстгонд цæуынц æви нæ, уымæ. Уыцы хъуыддаджы Контролон-нымайæн палатæимæ иумæ архайæм. Ивгъуыд аз национ проекттæ сæххæст кæнынæн дихгонд бюджетон фæрæзтæ бахъахъхъæныны фæлгæты нæ управленийы кусджыты архайды фæрцы ахæм
фыдракæндтæ фæкъаддæр сты 43 проценты, – загъта Цомайты Алан.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администраци та фарон стыр куыст бакодта, квалификацион раст аргъ чи скæндзæн национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты объекты арæзтадон-монтажон æмæ цалцæггæнæн куыстытæн, профилон ахуырад æмæ хъæугæ фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм специалисттæ ссарыны охыл. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы национ проекттыл дзуапдæттæг управленийы хицау Дзарасаты Марат.
Кадрты службæты хайæдтæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты коррупцион фæзындтытæ æмæ æндæр фыдракæндты ныхмæ архайды тыххæй æмбырды архайджытæн фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы коррупцийы ныхмæ архайæг управленийы разамонæджы хæдивæг Гæцойты Марат. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.
Бутаты Азæмæт