Мыхуыры дæснытæ – «Осетия-Полиграфсервис»-ыл сæххæст 40 азы

0
73

«Фæллойадон боны фæудмæ ма кæд мидбылты худын фæразыс, уæд дæ кусынмæ хонæм», – бритайнаг амалхъом адæймаг Ричард Брэнсоны ацы ныхæстæ ахæссæн ис, йæ 40 азы сæрты чи акаст, уыцы куыстуат – «Осетия-Полиграфсервис»-мæ.

Рæстæджы цыды уыцы уаццæджы йæ куысты ахадындзинад нæ бамынæг, йæ къахайст нæ фæсабырдæр Акционерон æхсæнад «Осетия-Полиграфсервис»-æн, кæд йæ фарсмæ фæс-къæвда зокъотау бирæ æнтыстджын чысыл типографитæ фæзынд, уæддæр. Быцæуархайды, фыццагау, куыстуат у цардхъом, рæстæгимæ æмдзу кæны. Раздæр газеттæ «Рæстдзинад», «Социалистическая Осетия» æмæ «Молодой коммунист» мыхуыр кодтой, Дзæуджыхъæуы Вахтанговы уынджы цы типографи уыдис, уым. «Рæстдзинад»-ы редакци та уыцы рæстæг уыд Дзанайы-фырты уынджы, ныры Культурæйы министрады агъуысты. Типографийæн йæ фыццаг разамонæг Цуциты Таймураз уыд. «Рæстдзинад»-ы радон номыр-иу куы сцæттæ, уæд-иу æй мыхуырмæ арвыстой типографимæ.
– Зын уыд сæ куыст типографийы фæллойгæнджытæн. Ахъуыды ма кæнут: газеты фæрстыл æрмæ-джытæ мыхуыр кæнынмæ цæттæ кодтой, алы дамгъæ дæр хицæнæй æмбырдгæнгæйæ. Здыйæ конд дамгъæты тæф адæймагæн зиан хаста æмæ, цæмæй маргæйдзаг тæф буары ма æмбырд кодтаид, уый тыххæй æппæт цехты кусджытæн дæр лæвæрдтой æхсыр. Æрмæджы æруагъд рæдыд сраст кæнынæн цас хъарутæ æмæ рæстæг хардз-
гонд цыд джиппы йæ ра-уадзыны размæ, уый диссаг уыд, – типографийы уæды архайды тыххæй зæгъы Ирыстоны хистæр фæлтæры курдиатджын журналист Цгъойты Хазби.
Архайд домдта æхсæвыгæтты кусын, рæстæг къаддæр хардз кæнынæн газеты корректорты кусæн бынат уыд агъуыстæн йæхи мидæг. Рæдыд æруадзæн нæ уыд, йе сраст кæныныл-иу бирæ рæстæг бахардз. Уый ныр у автоматизацигонд æппæт типографийы дæр, фæлæ уæд сæ архайд уыд зæронд технологитæм гæсгæ.
– «Рæстдзинад»-ы редакцийæн йæ бынат цæттæ нæма уыд, иу рæнхъы тыххæй дæр-иу араст стæм æртыккаг уæла-
дзыгмæ дæргъæй-дæргъмæ асинтыл. Уазал бæс-тыхайы бад, номырæн дзуапп чи лæвæрдта, уый кусæн бынаты, æмæ рæдыдтытæ раст кæн. Здыйы тæф улæфгæйæ, ныссахъат стæм. Официалон æрмæджытæ мыхуырмæ цæттæ кæнгæйæ ныл-иу æрбабон. Боныцъæхтыл-иу нæ фæлладæй куыстæй хæ-дзармæ фæхæццæ кодта фыццæгæм номыры трамвай. Уæддæр нæ йæ куыст ничи ныууагъта, – йæ мысинæгтæ дзуры газет «Рæстдзинад»-ы корректор Дзоцъиты Тамарæ. Бæрнон уыд сæ куыст, фæлæ дзы хъæлдзæг цаутæн дæр уыд бынат.
– Брежневы доклад номыры хъуамæ рацыдаид тæлмацгондæй, типографийы цæттæ уыд мыхуырмæ. Мæ зæрдæ йæм фехсайдта, кæд дзы исты фæуагътой, зæгъгæ. Æркастæн, æмæ дзы иу сыф æмæ ‘рдæг нæй, уæвгæ та аст сыфы уыдысты. Тынг ахсджиаг æрмæг у, æмæ дзы иу рæнхъ дæр ма фæуадзут, зæгъгæ, нын бафæдзæхста дзæнæты бадинаг Тыджыты Юри. Цы гæнæн ма нын уыд? Æмбырдгæнæгимæ баныхас кодтам, рæдыды хабар не ‘хсæнæй куыд нæ ацæуа. Афтæмæй йæ ныммыхуыр кодтам цыбыртæгондæй, æмбаргæ дæр æй ничи бакодта, æххæстæй кæй нæ рацыд, уый. Уыцы рæстæджы карз æфхæрд баййæфтаиккам, куы нæ базыдтаиккой, уæд, – йæ мидбылты худгæйæ, дзуры газеты корректор Гаглойты Наташæ.
Республикæйы Мыхуыры хæдзар арæзт æрцыд 40 азы размæ, байгом æй кодтой апрелы. Æрбынатон дзы сты республикон газеттæ æмæ журналты редакцитæ. Удæнцойдзинадæн полиграфион комплекс дæр рахастой ардæм. Йæ саразын бабар кодтой полиграфийы дæсны, Тельманы уынджы чиныгуадзæн типографийы сæргълæу-уæг Куыдзиаты Муратæн. Куыстыл иузæрдион адæймаг æмæ иттæг хорз организатор уыд Мурат. Абон дæр ма йæ хорзæн æрымысынц, йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ æнæвгъауæй кæмæн æргом кодта, уыдон. Йемæ æрбакодта, разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы кусджыты, скодта сын фадæттæ цæрынæн æмæ кусынæн.
– Ардыгæй не ‘ппæт дæр райстам фатертæ, уымæй размæ куыстон Наукон-иртасæн институты. Ардæм куы æрбацыдтæн, уæд мæ ныфс уыд, хæдзар мын кæй ратдзысты, уымæй. Фæйнæ цыппоргай азтæ дзы кусæм Зассеты Светæ, Хуыбиаты Валя æмæ Тая Доронинаимæ, – зæгъы куыстуаты инженер, химик Гуыриаты Татьянæ.
– Тынг уарзæм нæ куыст, æндæр дзы уый бæрц рæстæг нæ фæллой кæниккам. Нæ куыст баст у газеттæ «Рæстдзинад», «Северная Осетия», «Слово» æмæ «Стыр Ныхас»-имæ. Уымæй уæлдай, мыхуыр кæнæм республикæйы фондз районы газеттæ. Цехы хицау Сергей Петросян 25 азы кусы типографийы, мыхуыргæнджытæ Куыдзиаты Сослан йæ фырт Аланимæ, Владимир Беляев, Цхуырбаты Алан дыууæ хуызы машинæйыл кусынц: иуыл уадзынц стыр форматон республикон газеттæ, иннæуыл – «районкæтæ». Разы стæм сæ иудадзыг сæрæн архайдæй, – зæгъы куыстуаты сæргълæууæ-джы хæдивæг Хуыбиаты Валентинæ.
Цадæггай парахат кодтой куыстуаты авналæнтæ. Йæ сæргълæууæг Козаты Виталийы ‘рбацыдимæ хъуыддæгтæ зынгæ фæ-хуыздæр сты, типографи-йæн самал кодта ног кусæнгæрзтæ, уый фадат радта фылдæр заказгæнджыты ‘ргом сæхирдæм раздахынæн, стæй рауагъд продукцийы хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн. Йæ фæрцы фадат фæцис чингуытæ уадзынæн дæр. Заказтæ сæм цæуы ра-уагъдад «Ир»-æй, джиппы уадзынц афишæтæ, рек-ламон уартытæ, билеттæ æмæ этикеткæтæ. Æргъты уæлæмæцыдмæ гæсгæ хынцгæйæ, арха-
йынц заказгæнджыты дзыппы уавæр хынцын. Дыууын цыппар азмæ – уый бæрц рæстæг куыстуатæн разамынд дæтты Козаты Витали, цы хорзæрдæм ивддзинæдтæ ‘рцыд полиграфион комплексы уыцы æмгъуыдмæ, уыдонæн сæ сæйрагдæр – йæ æнгом коллектив. Никæйы дзы ис æндæр кусæгæй баивæн.
– Зæгъæм, хъæбæрцъаргæнæг фæтæргай æмæ загъта, мæ куыст уадзын, зæгъгæ, уæд нæ архайд æрллæудзæн, уымæн æмæ нæ куыст кæрæдзиуыл баст у. Ног адæймагæй дæсны специалист рауайын кæнынæн рæстæг хъæуы, куысты цыд та уæд хъуамæ бауромай. Уый æруадзæн нæй, – йæ хъуыдытæ нын райхæлдта сæргъæлæу-уæг.
Кортиаты Валери у æхсæзæм разряды мы-хуыргæнæг, йе ‘ххуысгæнæг Шелковин Олегимæ сæ куысты офсетон мыхуыры тыххæй зонынц æппæт дæр. Хуыбиаты Радик – кæрдæг, фальцовкæгæнджытæ Зæнджиаты Оксанæ, Хуыбежты Лаурæ, Цорæты Эдуард æмæ цехы хицау Дыгъуызты Валери, типографийы кусы 40 азы – иууылдæр сты иу къухы æнгуылдзтау. Сæ куысты сæ алчидæр æнкъары, ахсджиаг бынаты лæуд кæй у, æмæ йæ хæстæ ‘ххæст кæнынмæ бæрнон цæстæй кæсы. Æппæт куыст дæр цæуы компьютерон цехыл, йæ сæргъы – Гæззаты Зæлинæ, афтæмæй. Дзанæгаты Зæринæ æмæ Дзуццаты Камилæ кæнынц æнæзæрдæхудт фæллой. Куыст нывыл уагыл сæвæрдта типографийы сæйраг бухгалтер Елойты Анжелæ бухгалтертæ Мæхъиты Фатимæ, Тая Доронина æмæ Къубалты Бэлæимæ.
Фидæнмæ дзаг цæстæй кæсгæйæ, полиграфион комплексы разамынд архайы ацы къабазæн кусджытæ цæттæ кæныны хъуыддаджы ‘ххуыс кæныныл. Дзæуджыхъæуы фыццæгæм Полиграфион колледжы студенттæ сæ зонындзинæдтæ практикон æгъдауæй ам фидар кæнынц. Бафыст бадзырд-мæ гæсгæ ам æрвылаз уалдзæджы сæ студенттæ вæййынц практикон ахуыр-
ты, ацы аз дæр та сæм æнхъæлмæ кæсынц апрелы кæрон.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here