«Номарæн дыргъдон» – Дыгуры районы

0
107

Куыд иннæ уæрæсейаг регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр дарддæр æххæстгонд цæуынц дзыллон акци «Номарæн дыргъдон»-ы мадзæлттæ. Ацы хатт акцийы архайдтой Дыгуры районы цæрджытæ.

Нысангонд рæстæгмæ Урсдонмæ æрбамбырд сты хъæдгуыстгæнджытæ æмæ иннæ бархионтæ (се ‘хсæн уыдысты районы мидхъуыддæгты хайады службæгæнджытæ дæр). Зиууæттæ бынæттон хъæды хæдзарады зæххытыл ныссагътой кæрз æмæ тæгæр бæлæсты 10 мин талайы.
«Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бонты советон адæм цы æгæрон хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад равдыстой, уый зæрдыл даргæйæ, ацы проекты архайджыты нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны. «Номарæн дыргъдон» æнгомдæр кæны алы фæлтæрты минæвæртты, цæстуынгæ цыртдзæвæн у, хъæбатырты нæмттæ не ‘мбæстæгтæн табуйаг кæй сты, уымæн», – фæстæдæр фæбæрæг кодта Дыгуры хъæды хæдзарады хицау Созайты Кермен.
Цæгат Ирыстоны Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, акци «Номарæн дыргъдон»-ы фæлгæты ацы азы дæргъы нæ республикæйы алы районты ныссадздзысты 50 мин талайы бæрц.
Зындгонд куыд у, афтæмæй уæрæх экологон-патриотон акци «Номарæн дыргъдон» ныр æххæстгонд цæуы цалдæр азы. Йæ сæйрагдæр нысан у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæс-
тæг чи фæмард, нæ уыцы 27 милуан æмбæстæгтæй алкæй номыл дæр бæлас ныссадзын.
Амынд дзыллон акцийæн фадæттæ аразынц Уæрæсейы Рухсады æмæ Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрадтæ, УФ-йы Хъæды хæдзарады агентад, æнæкоммерцион иугонд «Номарæн дыргъдон», æхсæнадон змæлд «Уæлахизы бархионтæ» æмæ æндæр федералон структурæтæ.

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here