Абонимæ йын абарæн нæй

0
98

Дзансолты Никъалайы фырт Максим райгуырд æмæ схъомыл Уæллаг Задæлесчы, кæддæр æй хуыдтой Абысалты хъæу дæр. 50-æм азты Максимы бинонтæ ралыгъдысты Горæтгæрон районы Куырттаты хъæумæ. Лæппу райста хынцæджы диплом, бирæ азты дæргъы фæкуыста йæ дæсныйадыл, фæстаг рæстæг та – 2010 азæй 2023 азмæ – уыдис Куырттаты хъæуы Ныхасы хистæр.

Цалдæр боны размæ мæм Максим телефонæй æрба-дзырдта, загъта, мадæлон æвзагыл нæм цыдæриддæр газеттæ æмæ журналтæ цæуы, уыдон зæрдиагæй кæй фæкæсы, стырзæрдæ сыл кæй никуы кодта æмæ абон дæр кæй нæ кæны, уый.
Максим акасти йæ 85 азы сæрты. Æз дзы ракуырдтон, йæ райгуырæн хъæуы раздæры цардæй цы хъуыды кæны, йæ зæрдыл дзы цы бадардта йе ’рыгон азтæй нырмæ, уый тыххæй ра-дзурын. Мæхæдæг дæр-иу гыццыл лæппуйæ Задæлесчы мæ мадырвадæлтæм арæх уыдтæн, уæлдайдæр – сæрды каникулты рæстæг. Фæлæ хистæр хистæр у, фылдæр фехъусы, фылдæр фены, уæлдайдæр – бынæттон, хъæуккаг уæвгæйæ.
– Морис, мæ мысинæгтæ райдайдзынæн ахæм дæнцæгæй. Айфыццаг уæ газеты бакастæн, дисы мæ чи бафтыдта, стæй мын хъыг дæр чи уыд, ахæм хъусынгæнинаг. Цæвиттон, Ирыстоны хъæутæй иуы скъолайы ног ахуыры азы райдайæны фыццæгæм къласмæ æрбацыд… иунæг саби! Æнæ-хъæн хъæуæй! Цалдæр боны размæ та «Рæстдзинад»-ы бакастæн, Дæргъæвсы скъолайы æрмæст 12 ахуыргæнинаджы ис, зæгъгæ, ахæм хабар. Уый дын нæ сомбоныл мæт! Æз æстæм къласы куы ахуыр кодтон Мæхческы районы Фæснæлы хъæуы, уæд нæ къласы уыдыстæм 28 адæймагæй – 8-æм «г» кълас. Иннæ æртæ æстæм кълæсты дæр – 25-27 ахуырдзауы. Уыцы азты, ныр демографион «дзыхъхъ» кæй хонынц, уымæн йæ кой дæр нæ уыдис.
Æдæппæт Дыгуры комы хъæуты уыцы азты уыдис 700 хæдзарæй фылдæр. Ахъуыды кæн, цас фæсивæд дзы уыдаид, кæд æмæ, стæмтæй фæстæмæ, алы бинонты дæр хъомыл кодтой æппынкъаддæр 4-5, хатгай – 6-8 кæнæ фылдæр сывæллоны. Абон æрыгæттæй фехъусæн ис, бирæ сывæллæттæ хъомыл кæнын зын у, алцыдæр зынаргъ у, æмæ алкæй бон нæу ныййарæджы хæстæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнын, зæгъгæ. Уæдæ мах та нæ мадæлтæ æмæ фыдæлтæ куыд хъомыл кодтой? Суг хастам хæрджытæй хохы сæрæй уынгæг тæссаг къахвæндæгтыл, дон – суадонæй, цырæгътæн æлхæдтам фæтæген дуканийы, уæлæдарæсы бызгъуырты цыдысты хистæрæй-кæстæрмæ… Дзабыртæн уæфсæгтæ та сыхы устытæ кæрæдзийæ куырдтой… Гæрзтæ æхсадтой къухæй сапоны муртимæ… Се ’ппæт уавæртыл чи дзурдзæн… Уæддæр хъомыл кодтам, рæзыдыстæм, йæ рæстæджы-иу бинонты хъуыддаг бакодтам, нæ рагфыдæлтæй нæм цы æгъдæуттæ æрхæццæ, уыдонмæ гæсгæ арæзтам нæ цард, – радзырдта Максим.
– Дæллаг æмæ Уæллаг Задæлесчы дæр уыдис дзырддзæугæ, кадджын хистæртæ, ды хистæр дæ æмæ сæ куыд нæ хъуыды кæндзынæ…
– Куыд ис уыдонæн ферохгæнæн! Се ’гъдау, сæ куырыхон зондæй уыдыс-ты кæстæртæн фæзминаг, хъæубæстæн – ныфс æмæ фæхæцæн царды фæзилæнты… Изæры Дæллаг Задæлесчы уынгты куы сцæйцыдаис, уæд дзы федтаис Ныхасы бадгæ Цакъоты Хъæрæсейы, Бæзиты Хамæзайы, Хъæлыцты Смалийы, Цагъаты Гангерийы, иннæ хистæрты. Сæ ныхасы сæр арæхдæр уыд Уæрæсейы, дунейы хабæрттæ, хъæубæсты цард. Уæллаг Задæлесчы цардысты Дзансолты Никъалайы, Хъарданты Зауыры, Хосроты Уырысханы, Дзансолты Барисы бинонтæ.
Удыхъæдæй – фидар, куыстуарзаг, фæразон адæм, кæд сæ царды уавæртæ, сæ фадæттæ бæллиццаг нæ уыдысты, уæддæр хъæддых лæууыдысты хъысмæты фæлварæнты ныхмæ, фæзминаг уыдысты сæ кæс-тæртæн. Цакъоты Хъæрæсе йæ фосæн холлаг кæм цæттæ кодта, уыцы Уæллаг Тъæпæны (афтæ хуыдтой Дыгургоммæ бацæуæны галиуæрдыгæй хъæды къох) йæхицæн мусонг сарæзта. Изæрыгæтты-иу, быдырæй хохмæ цæугæйæ, чи бафæстиат, уый-иу Хъæрæсейы мусонджы бахсæвиуат кодта, райсомæй та-иу йæ хæдзармæ афæндараст. Хъæрæсе ма посты бастдзинады хабæрттæ дæр кодта – Цыколайæ йæм газеттæ, журналтæ æмæ фыстæджытæ ластой, уый та-иу сæ дыккаг бон районмæ, Мæхческмæ бахæццæ кодта…
Хæсты рæстæг хъæубæс-тæ скуынæг нæлгоймæгтæй, фронтмæ ацыдысты, æмæ Задæлесчы чызджытæ фарастæй сарæзтой сæрмагонд бригад. Бынæттон колхозы фосæн зымæгмæ хъуыдис холлаг æрцæттæ кæнын. Цæвджытæ æмæ сын-иу æндæр кусæнгæрзтæ æрцæттæ кодтой Хъæлыцты Смали æмæ иннæ хистæртæ.
– Айразмæ мын, Максим, ракодтай Хъарданты Зауыры фырт Георгийы кой…
– Георги мæнæй цалдæр азы хистæр уыд, цардыс-тæм тынг хæларæй. Службæмæ куы ацыди, уæд иуцасдæр рæстæджы фæстæ йæ фыд Зауыры баййæфтон сæ разы тæскъ бигæйæ. Са-гъæсхуыз уыди, исдуг ницы дзырдта, стæй æнкъардæй загъта: «Георгийæ рагæй ницы хабар ис, æмæ мæт кæнæм…»
Бинонтæ ницыма зыдтой, фæлæ уæдмæ Æрæфы æфсæддон комиссарадæй Хъарданты хæстæджытæй кæмæдæр æрбацыд фыс-тæг, Георги, Камчаткæйы кæм службæ кодта, уыцы æфсæддон хайæ, командировкæйы уæвгæйæ, цалдæр лæппуйы миттымыгъы бахаудтой, æмæ сæ ничиуал аирвæзт. Хъуыддаг сбæрæг. Цы ма гæнæн уыди, бинонтæ, æрвадæлтæ зианы æгъдæуттæ скодтой.
Рацыдис рæстæг, æвæццæгæн, иу афæдзæй фылдæр, афтæмæй хъæубæстæй кæмæдæр чындз-æхсæв уыди, хуынд уыди Зауыр дæр. Ахæм рæстæг куыд вæййы, уый зоныс – цины хъуыддаг у, æмæ фæсивæд хъæлдзæг кодтой, кафыдысты, хистæртæ та-иу зарæг систой… Фæлæ Зауыр цы фынджы уæлхъус бадти, уым зарыны кой ничи кодта, зианджын ныййарæ-джы нымайгæйæ. Уæд Зауыр йæхæдæг фестад æмæ ныззарыд… Зноны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын: зары, йæ рустыл та цæссыгтæ бынмæ згъорынц, йæ бон сæ бауромын нæ баци… Нæ йæ бафæндыд, цæмæй цины хабæрттæ уый аххосæй фехæлой…
Цы ма мæ зæрдыл дарын? Фос бирæ дардтой хъæубæсты – стуртæ, фыстæ. Æмæ уыдон хъуыди хизын. Цыдыстæм радыгай хъомгæс, кæмæ цал сæры уыдис, уымæ гæсгæ. Задæлесчы алфамбылай диссаджы сойджын уыгæрдæнтæ уыдис, дон – сыгъдæг, фаг, фос æфсæстысты, урсагæй хъуаг не ’ййæфтам.
Уыдис нæм радио, алы хæдзары дæр сау тæбæгъты хуызæн, телтыл куыстой. Уæдæ республикон газеттæй уæлдай истам нæхи, Мæхческы районы газет дæр, хуындис «Колхозон», редактор ын уыд Темыраты Дорофей, æвæллайгæйæ-иу сæ æрбахæццæ кодта Мæцутæйы посты хайадæй Хъарданты Барикка.
Зæрдыл бирæ хабæрттæ лæууы уыцы дугæй, се ’ппæт нæ фæдзурдзынæ. Фæлæ сæ мысын, бæгуыдæр. Кæд бирæ цæмæйдæрты не ’ххæссыдыстæм, уæддæр кæрæдзи фылдæр уарзтам, æгъдау нæ цудыдта, нæ фæсивæды сомбонæй нæ ныфс уыдис. Уыцы рæстæгæн абонимæ абарæн нæй…

Ныхас ныффыста
Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here