Иу бæлас куы афæлдæхы, науæд куы бахус вæййы, уæлдайдæр адæймаджы ныхылды аххосæй, уæд æрдзæн цас знаггад хæссы, ууыл бирæ цæуы ныхас. Стæй канд æрдзæн нæ, фæлæ адæймагæн йæхицæн дæр, уæлдайдæр – горæты цæрæгæн.
Дзæуджыхъæуы уынгты цъæх сыфтæр ракалæг бæлæсты ‘хсæн сидзæрхуызæй лæууæнц, дæс боны размæ кæйдæр æнæрхъуыдыдзинады аххосæй горæты кæртыты цы бирæазыккон бæлæстæ бахсæстой, уыдон. Ацы нывыл цæст æрхæцы Къостайы проспекты, Леоновы уынджы, горæты иннæ рæтты бирæуæладзыгон хæ-дзæртты кæртыты.
Бæлæстæ ‘хсæдинаг кæй вæййынц, уый бамбарæн ис, фæлæ, куыд уынгæджы фесты сыгъдæг туаггуырæй уæлдæф дзаггæнæг гуырæнтæ, æрвылаз сын афонæй-æнафонæй сæ къалиутæ куы сцæгъдынц, уæд. Аууон кæй дæттынц, сатæг кæй хæссынц, уый тыххæй нал дзурдзыстæм. Бамбарæн ис, электрон телтæн дымгæйы рæстæг тас вæййы аскъуынынæй, йæ къалиутæ чи айтын-дзы, уыцы бæлас куы афæлдæхы, уæд. Зилын сæм хъæуы, фæлæ алцæмæн дæр ис афон. Цалынмæ къуыбар нæ рафтауынц, сæ дойны уадзын нæ райдайынц, уæдмæ сæ хъæуы ‘хсæдын. Уый фæстæ рынчын кæнынц, бирæтæ дзы нал рафтауынц сыфтæр. Дзурын куы зониккой, бæргæ, уæд сæ мæлæты боныл дæр æгомыгæй хъизæмаргæнгæ не ‘мбæликкой.
Кæмæдæр, чи зоны, ацы ныхæстæ, æмбисондау, адæм фæдисмæ, уый та – къæбицмæ, зæгъгæ, фæкæсой. Куыдфæндыйы цæстæй куы кæсæм нæ алыварс зианхæссæг цаутæм, уæд ма цæй адæм стæм?
Хуыбиаты Ларисæ