Бахъахъхъæнæм нæ хæзнатæ

0
101

1983 азы Историон бынæттæ æмæ цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны æппæтадæмон ассамблейы совет рахаста, культурон æмæ историон бынтæ хъахъхъæныны фарстаты фæдыл сæрмагонд бон снысан кæныны хъæппæрис. Уыцы хъæппæрисы фарс рахæцыд Юнеско . Сæ фарсмæ æрбалæууыд Уæрæсе дæр.

Бæрæгбоны нысан у, культурон бынтæ æмæ историон объектты ахсджиаг фарстатæм æхсæнады æргом раздахын æмæ сæ бахъахъхъæныныл архайын. Уæрæсе хъæздыг у, мингай азтæ кæуыл цæуы, ахæм цыртдзæвæнтæ æмæ объекттæй, фæлæ Цæгат Ирыстоны дæр сæ нымæц къаддæр нæу. Цал æмæ цы уавæры сты, уый тыххæй нын бæлвырд радзырдта РЦИ-Аланийы Культурон бынтæ æмæ историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæз.
– Нæ республикæ хъуыстгонд у йæ æвæджиауы историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæй. Цал объекты нæм ис æдæппæтæй?
– Паддзахадон реестры регистрацигонд æрцыд иумæйагæй 1963 объекты. Уыдонæй 412 сты федералон ахадындзинадимæ æмæ 280 та – регионалон. Бацархайдтам æмæ уал сфидар кодтам историон цыртдзæвæнты 600 объекты. Уыдонæй хъахъхъæнæн тæлмытæ æвæрд æрцыд 323 фæзы, 130 та, культурон бынтыл нымад чи цæуы, ахæмты. Хъахъхъæнæн тæлмытæ æнæмæнг мадзæлттæ сты, цæмæй хъахъхъæд æрцæуой, уымæн. Дыууæ азы размæ февралы фидаргонд æрцыд Алагиры районы Цымытийы рагон архитектурон комплексы хъахъхъæнæн тæлм. Уыцы бонæй фæстæмæ ацы бынæтты арæзтадон куыстытæ кæнæн закъоны бындурыл нæй. Бæлвырд æмæ биноныг цæстдард цæудзæн ахæм хъахъхъæнæн бынæттæм. Уымæн æмæ ног арæзтæдтæ тæссаг уавæр æвзæрын кæнынц, рагон цыртдзæвæнтæ куы ныккæлой, уымæн. 2022 азы Аланийыл саргъуыды 1100 азы бон бæрæг кодтам. Уыцы боны кадæн развæлгъау реставрацигонд æрцыдысты бирæ объекттæ, историон æмæ культурон хæзнаты ахадындзинад кæмæн уыдис, ахæмтæ. Нæ къухы бафтыд мыггæгты мæсгуытæ, фидæрттæ æмæ галуантæ сног кæнын. Се ‘хсæн – Дыгургомы Фæрæскъæтты аргъуан æмæ Заманхъулы Зылын цырт, Дзæуджыхъæуы 1815 азы арæзт Мады-Майрæмы аргъуан, Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музей, Нары – поэты хæдзар-мемориал, Донысæры – Хестанты мæсыг, Къумбултæйы аргъуан æмæ Дагомы сыгъдæг Георгийы кувæндон.
– Зындгонд куыд у, афтæмæй культурон бынты объектты къордмæ хаст цæуынц канд археологи æмæ архитектурæйы цыртдзæвæнтæ нæ, фæлæ горæты рагон арæзтæдтæ æмæ æнæхъæн хъæутæ.
– Раст у. Ныхас цæуы, экспертизæйы фæстæ историоныл кæй банымадтам, ахæм хъæутыл. Мæхческ хаст æрцыд, регионалон историон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм бынатмæ. Уыцы номхыгъды ис Нар дæр, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу. Уый ууыл дзурæг у, æмæ нырæй фæстæмæ ацы фæзуæттыл арæзтадон куыстытæ кæнæн нæй. Раздæр зест æмæ æндæр æфсæйнагæй гæрæнтæ æмæ æмбодтæй сæ зæххы гæппæлтæ куыд æхгæдтой, ахæм хъуыддæгтæн кæрон æрцыд. Ивар фиддзысты, историон объектты æддаг хуызмæ бавналынвæнд чи скæна, уыцы адæймæгтæ.
– Цавæр лыггæнинаг фарстатыл сæмбæлут уæ куысты?
– Ахсджиаг хъуыддæгтæ нæм чысыл нæй, фæлæ зæгъдзынæн, фыццаджыдæр, уый, æмæ историон объекттæ цы фæзуæтты ис, уыцы ран æнæзакъонæй арæзтæдтæ кæй райдайынц. Уыцы адæймæгтæ не ‘мбарынц, историон цыртдзæвæнтæн стыр знаггад кæй кæнынц сæ митæй, уый. Фылдæр хатт уыцы арæзтæдтæ хæххон уæлвæз рæтты вæййынц, æмæ сæм алы хатт цæстдарын нæ къухы не ‘фтыд. Базилинаг цыртдзæвæнтæ дæр нæ республикæйы бирæ ис, æмæ сын æхцайы фæрæзтæ чысыл нæ хъæуы. Фæлæ ацы фарстаты фæдыл нæ фарсмæ æрбалæууыд нæ республикæйы разамынд. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æххуысæй фервæзын кодтам æмæ Алагиры реставраци скодтам Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг-скульптор Едзиты Сослæнбеджы барельефтæй конд рагон къул. Уымæй уæлдай, нæ республикæйы Хицауады æххуысæй бакуыстам проектон-хæрдзты гæххæттытыл, Мамысонгомы федералон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы историон комплексы объекттæ бахъахъхъæныны тыххæй. Æппæты биноныгдæр цæстард цæуы Дзæуджыхъæуы культурон цыртдзæвæнтæм. Абоны онг реставрацигонд цæуынц историон бæстыхæйттæ, дарддæр реставрацийы куыстытæ ахæццæ кæндзыстæм Яшины æмæ Титовы уынгты рагон къулыл, «крепостная стена», кæй хонæм, уыцы объекты. Нырма нæм бирæ куыстытæ æнхъæлмæ кæсы. Архайдзыстæм сыл фæлтæргай.
– Цы зæгъдзынæ газеткæсджытæн бæрæгбоны фæдыл?
– Нæ республикæ канд ирон традицитæй хъæздыг нæу, фæлæ ма культурон æмæ историон бынтæй дæр. Нæ хæс у уыцы хъæздыгдзинæдтæ нæ фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын. Цыртдзæвæнты фæзы исчи цыдæр аразын райдыдта, кæнæ историон объектæн чидæр знаггад ракодта, уæд нын-иу æй фехъусын кæнæнт. Æрмæст иумæйаг хъарутæй нæ бон бауыдзæн нæ фыдæлты хæзнатæ бахъахъхъæнын.
Историон цыртдзæвæнтæ æмæ культурон бынтæ бахъахъхъæныны архайды егъау ахадындзинад ис музейтæн дæр. Адæймагæн фадат куы нæ амона искæцы бæстæмæ ацæуынæн, уæд, табуафси, Интернеты фæрцы абалц кæн Парижы Лувр, Бетъырбухы Эрмитаж, Мæскуыйы Кремль æмæ Сырх фæз кæнæ Стыр Новгород æмæ Суздалы рагон цыртдзæвæнтæ фенынмæ. Фæлæ нæхи Цæгат Ирыстоны чи ис, уыцы Дæргъæвсы зæппæдз-
тæ, Рекомы кувæндон, Зылын цырт, Нузалы аргъуан, Зыруджы, Тлийы аргъуантæ, Мамысонгомы историон хъæутæ æмæ иннæ объекттæ къаддæр цымыдисаг не сты, куыд фыдыбæстаг, афтæ фæсарæйнаг туристтæн дæр. Æнæ ивгъуыдæй фидæн аразæн нæй, æмæ цы бон ферох кæнæм нæ фыдæлты, уыцы бон фесæфдзысты нæ истори æмæ нæ культурæ дæр.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here